Гафезы номарæн фæйнæг

0
5

Цхинвалы, Таболты Солтанбеджы уынджы 115-æм хæдзары къулыл, 11 сентябры кадджын уавæры зындгонд адæмон поэт, фыссæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг – Гаглойты Захары фырт (Гафез) Федыры номарæн фæйнæг æвæрд æрцыд. Уыцы бон уыд Гафезы райгуырæн бон, йæ сыгъдæг ном ссарын кæй бантысти Цæгат æмæ Хуссары адæмы бирæ минæвæрттæн, уый банымайæн ис иттæг хорз хъуыддагыл.

Цыма æрдз дæр цин кодта махимæ, ахæм райдзаст æмæ хурбон скодта къæвдаты фæстæ. Гаглойты Федыр райгуырд Бакуйы, фондз азы йыл куы сæххæст, уæд бинонтæ раздæхтысты цæрынмæ Хуссар Ирыстонмæ. Федыр раздæр каст фæци педагогон техникум, йæ хæдфæстæ – институт. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ куыста скъолайы, газет «Коммунист»-ы редакцийы.

Хæсты архайдта Хъырымаг фронты, хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, майдантæй. Уæззау цæфы фæстæ сыздæхт Ирыстонмæ. Ногæй та куыста газет «Коммунист»-ы, журнал «Фидиуæг»-ы  редакторæй. Гафез йæ амæлæты бонмæ архайдта æхсæнадон царды, бæрнон нымæдар уыд Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисæн.

Гафез канд зындгонд поэт нæ уыд, фæлæ фæлтæрдджын романист дæр. Мыхуыры йын рацыд 20 чиныджы бæрц. Адæм къухæй-къухмæ кæй истой, хуыздæр лæварæн кæй агуырдтой, уыцы роман – «Уæ бонтæ хорз, адæм» рухс федта 1966 азы æмæ йæ абон дæр æхсызгонæй  кæсынц. Уæдæ æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Фарн», «Поэмæтæ», «Цардбæллон», «Фыды артдзæст» æмæ иннæтæ дæр уыдысты æмæ абон дæр сты чиныгкæсджытæн уарзон æмæ цымыдисаг.

Йæ фæстаг бонтæм Гафез йæ куыст нæ ныууагъта, кæд æмæ йæм уæззау низ фæзынд, уæддæр йæ хъуыдыты уыд йæ литературон куыст, йæ зæрдæ та йæ фæстаг уысмæ уыд йæ уарзон адæмимæ. Æцæг адæмон поэт Гаглойты Федыр йæ цардæй ахицæн 1983 азы.

Номдзыд поэт, фыссæджы барельефыл бакуыста Хуссар Ирыстоны сгуыхт скульптор Плиты Владимир –  йæ арæхстджын къухты фæрцы конд æрцыдысты бирæ цыртдзæвæнтæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр, уыдонимæ  – Гаглойты Рутены бюст дæр. Æппæт хъуыддæгтæ конд æрцыдысты Гаглойты мыггаджы фæрцы.

Æнæмæнг ма зæгъын æмбæлы уый дæр, æмæ æхца Гафезы барельефæн æрæмбырд кодта Гаглойты мыггаг. Хæрзмæ ныл аудæд Гафезы сыгъдæг уд! Зæгъын ма бузныг Къæбулты Нодар æмæ Робертæн – барельеф бронзæйæ чи рауагъта, уыцы æфсымæртæн, Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Лолаты Жаннæйæн. Цыдæриддæр гæххæттытæ хъуыдис, уыдон цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кодта, рарвыста кусджытæ æд техникæ æмæ æнæкъуылымпыйæ номарæн фæйнæг ныффидар кодтой хæдзары къулыл.

Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Мамиты Григори æмæ йæ хæдивæг Остъаты Мæдинæ, культурæйы кусæг Харебаты Вадим – цыдæриддæр аппаратурæ хъуыди, уыдон афоныл барæвдз кодтой æмæ æмбырды архайджытæ ницæмæй фæтыхстысты. Мæ бон æппæты ранымайын нæ бауыдзæн, фæлæ сæ ахадгæ архайды фæрцы Гафезы хæдзары къулыл фæзынд номарæн фæйнæг.

Хуссар Ирыстоны телеуынынад, Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон, Хуссар Иры «Аланты Ныхас»-ы сæрдар Тыбылты Леонид, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Годжыцаты Неля, журналист Тъехты Тамерлан, фыссæг Гæбæраты Юри,  митингы амонæг – Тъехты Ингæ се ‘ххуысы хай бахастой. Гафезы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта Хъазиты Мелитон, раныхас кодтой Годжыцаты Неля, Плиты Владимир, Гаглойты Роберт, Гаглойты Лианæ, Мæргъиты Инал, Гæбæраты Юри.

Гафезы бинонты минæвæрттæ – йæ фырт Вилены дыууæ чызджы – Зæлина æмæ Дзерассæ дæр сæ фыдыфыды ном бахъахъхъæныныл архайынц. Кæронбæттæн ныхасы Гаглойты Анатоли раарфæ кодта, йæ хæсыл чи банымадта æмæ ацы хъæугæ хъуыддаджы чи бацархайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Митинджы фæстæ бабæрæг кодтам Гафезы ингæн, сæвæрдтам ыл дидинджытæ.

Фæнды ма мæ зæгъын иу хъуыды – Ирыстоны алы мыггаджы дæр  уыдис æмæ ис, ирон адæмæн кад æмæ намыс чи æрхаста æмæ хæссы, ахæмтæ. Фæлæ сæ нæмттæ рохуаты аззадысты. Иунæг ахæм ном дæр рохуаты ныууадзæн нæй… Ахъуыды кæнæм.

Гаглойты Анатоли, Дзæуджыхъæуы цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here