Форум «Машук-2016» йæ куыст райдыдта

0
1264

Сабаты, 6 августы, горæт Пятигорскы йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы федералон зылды фæсивæдон форум «Машук». Форумы куыст арæзт у дыууæ хайæ æмæ ахæсдзæн 5 августæй 19 августмæ. Дыууæ къуырийы дæргъы нæ республикæйы фæсивæды минæвæрттæ цы проекттæ бацæттæ кодтой, уыдон хъахъхъæндзысты. Алкæмæн дæр сæ лæвæрд уыдзæн нысангонд рæстæг æмæ хъуамæ йæ куыст афтæ равдиса, цæмæй йыл къамисы уæнгтæ баууæндой, ома, йæ проект хъæугæ у. Цæмæй йын дарддæр лæвæрд æрцæуа æхца проект царды саразынæн. Афтæмæй ацы аз нæ республикæйæ ацы форуммæ ацæудзæн 250 адæймаджы. Уыдонæй 125 — фыццаг къорды, иннæтæ та — дыккаг…

Æрвылаз дæр ацы форум кадджын уавæры байгом кæнынц Уæрæсейы Федерацийы Хицауады минæвæртты æмæ Цæгат Кавказы регионты сæргълæуджыты. Афтæмæй дзы ацы аз архайдтой Уæрæсейы Федерацийы Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Михаил Ведерников, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Ольгæ Казакова, Фæсивæды хъуыддæгты федералон агентады разамонæг Сергей Поспелов, Национ хъуыддæгты федералон агентады разамонæг Игорь Баринов, нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав, УФ-йы Федерацийы Советы уæнгтæ Тотоонты Алыксандр æмæ Людмилæ Бокова, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, нæ республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты разамонæг Цæлыккаты Барис æмæ иннæ республикæты разамонджытæ æмæ минæвæрттæ. Форум байгом кæныны рæстæг Уæрæсейы Федерацийы Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвар Олег Белавенцевы номæй арфæйы ныхас бакаст йæ хæдивæг Михаил Ведерников: «Форум «Машук» ныридæгæн йæхи равдыста куыд ахуырадон æмæ хъомыладон разæнгардгæнæн тыгъдад. Цы æрыгон фæсивæд дзы архайы, уыдон тагъд рæстæджы суыдзысты Уæрæсейы ахуырадон, политикон æмæ экономикон сæрхъызойтæ. Дарддæр хæццæ кæндзысты нæ бæстæйы райрæзты хъуыддæгтæ, архайдзысты иудзинадыл. Фидарæй мæ бон у уый зæгъын, æмæ «Машук-2016″ уыдзæн иннæ азтæй ахадгæдæр». Форум байгом кæныны сæйраг хай куы фæцис, уæд регионты сæргълæуджытæ, развæлгъау арæзт бынæтты, фембæлдысты сæ минæвæрттимæ. Афтæмæй нæ фæсивæд Битарты Вячеславыл сæмбæлдысты нæртон кафт æмæ зардимæ. Уый фæстæ фæсивæдæй алкæмæн дæр фадат уыд радзурын йæ проекты тыххæй æмæ Битары-фыртмæ раттын фæрстытæ. Пагæты Георги радзырдта йæ проект «Pencils box»-ы тыххæй. Уый у ахæм ифтонггарз æмæ дзы ис фыссæнтæ райсæн. Зæгъæм, алчидæр зоны, рынчындонты бахизæны ис бахилæты аппарат, фондз сомы дзы ныппар æмæ дын радæтдзæн бахилæтæ. Ацы аппарат дæр уымæ гæсгæ кусы. Фæлæ кæд бахилæтæдæттæн хъæуы æрмæстдæр рынчындоны, уæд Пагæйы-фырты аппарат та хъæуы алы ахуырадон кусæндоны дæр. Уæлдайдæр та — скъолаты. Ныртæккæ сывæллæттæй бирæтæ сæ фырзивæгæй семæ скъоламæ фыссæнтæ нæ хæссынц. Фæлæ æнæ фыссæнæй та урочы бадæн нæй, стæй дæ уæд ахуыргæнæг дæр нæ бауадздзæн. Æмæ цæмæй сывæллон фыссæн æлхæнынмæ уынгты, фæндæгты сæрты ма згъора, уый тыххæй скъолайы фыссæнты аппарат куы лæууа, уæд æй уым йæ бон бауыдзæн фондз сомæй райсын. Уый та, фыццаджыдæр, сывæллоны хъахъхъæны фæндаггон фыдбылызæй. Ацы, æмæ ма ноджыдæр æндæр проектты тыххæй радзырдтой Битарты Вячеслав æмæ иннæ æрбацæуæг уазджытæн. Битары-фырт алкæмæн дæр дзуапп радта. Загъта сын: «Тынг æхсызгон мын у, ахæм курдиатджын æмæ ирд фæсивæд нæм кæй хъомыл кæны, уый. Уый та у æппæты ахсджиагдæр. Дарддæр дæр, цы фæндагыл лæуд стут, ууыл фидар къахдзæфтæ кæнут. Мах та уын, нæ бон куыд уа, афтæ æххуыс кæндзыстæм». Битарты Вячеслав ма фæсивæды зæрдыл æрлæууын кодта уый дæр, æмæ адæймаджы царды æппæты ахсджиагдæр йæ фыдыуæзæг кæй у. — Ирыстон æгас дунейæн дæр балæвар кодта тынг бирæ хъуыстгонд адæймæгты, се ‘хсæн — ахуыргæндтæ, музыканттæ, богæлттæ. Се ‘ппæтæй дæр мах стæм сæрыстыр. Æмæ уымæ гæсгæ, сымах дæр кæм фæнды куы уат, цавæрфæнды куыстыл хæст куы уат, уæддæр ма рох кæнут, цы республикæйæ рацыдыстут, уый. Уымæн æмæ сымах стут нæ фидæн, нæ цæсгом, — загъта йæ ныхасы кæрон Битарты Вячеслав. Кæронбæттæны Битарыфырт æрыгæттæн раарфæ кодта, загъта сын, цæмæй уой æнтыстджын, сæ хъуыддæгтæ рæстмæ рауайой. Фæсивæды номæй Битарты Вячеслав æмæ йемæ æрцæуæг адæмæн раарфæ кодта адæмон зарæггæнджыты ансамбль «Уацамонгæ»-йы уæнг Хъуысаты Сослан. Æмæ сын балæвар кодтой зæрдæмæдзæугæ ирон зарæг. Æмæ ма иу фиппаинаг: форуммæ цы æрыгон фæсивæд ацыд, уыдонæй иуæй-иуты уырдæм хæстæгдæр уадзын нæ хъуыд. Уым уыдысты иннæ республикæты минæвæрттæ дæр, æмæ хъуамæ сæ уæлæдарæс куыд фидыдта, ууыл ахъуыды кодтаиккой. Адон та сæ сæрмæ бахастой тезгъо кæнæн цыбыркъах хæлæфтæ. Уый та бынтон рæсугъд нæу. Иугæр ирон дæн, æгъдауджын дæн, зæгъыс, уæд хъуамæ дæ ныхæстæн дзуапп дæттын дæр зонай. Кæрийы мидæг иунæг æмбыд картоф куы бахауы, уæд иннæтæ дæр уайтагъд амбийынц. Ирон лæг та фидауы æгъдау, ныхас æмæ уæлæдарæсæй, уымæ гæсгæ хъуамæ уа йæ алы къахдзæф дæр. Ацы æрмæг та кæд нæ республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты разамындæй исчи бакæса, уæд хорз уаид æмæ фидæн ацафонмæ куы бакусиккой æрыгон фæсивæдæй æндæр республикæтæм кæй æрвитынц, уыдоны уæлæдарæсы æмæ уаджы домæнтыл. Цæмæй сыхаг республикæты фæсивæдæй цауддæр æмæ æнаивдæр ма уой!

КАСАТЫ Аламир

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here