«Уæллаг Ларс»-ы ивддзинæдтæ

0
673

Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны арæнтыл уадзæн пункт «Уæллаг Ларс» знон бабæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Тынг ахсджиаг фарста у нæ республикæйæн йæ архайд Гуырдзыстонмæ, Сомихмæ. Æрмæст ацы фæндагыл фæхæццæ уæвæн ис Уæрæсейæ Азербайджанмæ, стæй фæстæмæ дæр. Фæндаг уæгъд никуы вæййы машинæтæй, арæнхъахъхъæнджытæ, стæй таможняйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уадзæн пункт йæ гæнæнтæй цалдæр хатты фылдæр уæзимæ кусы. Зæгъæм, 170 уæзласæн машинæйы бæсты дыууæрдæм ауадзынц 465 машинæйы, рог машинæтæ боны дæргъы арæнты сæрты ауадзынц дыууæ мины бæрц. Уый, цы æмбæлы, уымæй 10 хатты фылдæр у. Уæлдай бирæ вæййынц сæрды мæйты. Битарты Вячеславæн æмæ Федералон таможняйы службæйы хицауы хæдивæг Руслан Давыдовæн фысымтæ фенын кодтой, цыбыр рæстæгмæ цы ног бæстыхай сырæзыд нæ арæнтыл, уый. Æртæуæладзыгон рæсугъд хæдзары уыдзæн æппæт хъæугæ уавæртæ фæндаггонтæн, хицæн уат радих кодтой мадæлтæн сæ сывæллæттимæ, ис дзы хинайæн, хуыссæнтæ. Медицинон пункт у алцæмæй ифтонг, фæлæ кусдзæн æрмæст боныгон, иннæ афон та тагъд æххуысы машинæ «Медицина катастроф» цæттæ у алы æххуысмæ. Ис дзы дуканитæ, хæрæндон. Йæ алфамбылай сарæзтой, 120 машинæйы кæм æрлæууа, ахæм асфальтæй æмбæрзт фæзуат, ис дзы рентгенгæнæн аппарат, æфснайæн скълæдтæ æмæ æндæртæ. «Таможенно-логистический терминал» арæзт æрцыд амалхъом адæмы æхцатæй, монтажгæнæн куыстуат «Тур»-ы фæрцы. Йæ разамонæг Санахъоты Нугзары ныхасмæ гæсгæ, тагъд рæстæджы бавналдзысты ног арæзтадмæ, йæ бæстыхай æрбынат кæндзæн Дзæуджыхъæуæй 22 километры æддæдæр. Руслан Давыдов журналистты фæрстытæн дзуапп дæтгæйæ куыд загъта, афтæмæй фæндаггонтæн бирæ фенцондæр уыдзæн, ацы уæлæмхасæн терминал йæ æппæт хъаруйæ куы скуса, уæд. Фæзындзæн дзы 50-йы бæрц куысты бынæттæ, уыдзæн дзы рæвдз æмæ æнæкъуылымпыйæ машинæтæ уадзыны фадат. Æдыхстæй алчи йæ фæндагыл цæудзæнис. — Фидæны хъуамæ фæзына ног хуызы лæггад — «Электронон рад». Интернеты тыгъдады рагагъоммæ, фехъусын кæн дæ машинæйы номыртæ, цы товар ласдзынæ, уый, стæй æндæр бæрæггæнæнтæ æмæ æмгъуыды бон æнæмæтæй ахиздзынæ арæнтыл, рады лæууын дæ бирæ рæстæг нæ бахъæудзæн, — загъта Руслан Давыдов. — Цæмæй фыццæгæм октябрмæ ацы ног терминал скуса, ууыл бацархайут, — фидарæй загъта Битарты Вячеслав. — Ирыстоны зæххыл чи æрлæууы сыхаг республикæтæм цæугæйæ, уый хъуамæ æвзæр хъуыдытимæ ма ацæуа. Рады адæм цы рæстæг фæлæууынц, уый хæрз цыбыр æмæ æнцонвадат хъуамæ уа, ууыл æрвылбон архайын хъæуы. Хорз хъуыддаг у, “Электронон рад” кæй хонынц, уыцы нырыккон мадзал дæр. Цæмæй нæм тагъд рæстæг фæзына, ууыл бакусдзыстæм.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here