Экзотикон дыргътæм уарзондзинад

0
24

Ссæдз азы размæ дæр ма «тагъд Ирыстоны банантæ дæр райдайдзысты садзын», зæгъгæ, хъазгæ -‘мхасæн дзырдтой кæрæдзийæн адæм. Зизифус, инжир, хурма æмæ нæм бананы плантацитæ нырма нæма фæзынд, стæй, чи зоны, хъæугæ дæр нæ кæнынц, фæлæ экзотикон дыргътæ æрзайын кæнынмæ чи тырны, ахæм адæймæгтæ республикæйы чысыл нæй.

Уыдонæй иу – Джыгкайты Аидæ, уалдзæджы йæ цæхæрадоны инжир æмæ хурмайы бæлæстæ дидинæг куы ракалдтой, сæ къабузтыл цъæх дыргътæ куы фæзынд, уыцы рæстæг фыстам бирæсывæллонджын мады уарзондзинады тыххæй ацы дыргътæм. Фæззæг – тыллæг æфснайыны рæстæг, уарзæгой зæрдæ дыргътæн сæ бæрцæй нæ, фæлæ сæ уындæй райы. Цы ма уа хуыздæр, афæдзы дæргъы сывæллонау кæмæ зылдтæ, уыдонмæ кæсгæйæ, æхцондзинад куы райсы адæймаг, уæд уымæй.

Дыууæ азы размæ хурма Хъырымы таладонæй райста, инжир та йын йæ чындзы мад ратта ныссадзынмæ. Ныр сæ кæрты инжиры бæласы дыргътыл хуры тынтæ  хъазынц. Фыццаг аз хурма рафтыдта нымадæй æртæ дидинæджы, æртæ хурмайы дзы фæззæджы æртыдтой бинонтæ. Ныр æм бакæс, уæд ыл цыма дæсгай чысыл хуртæ æрцауындзæг  йæ къалиутыл, афтæ зыны. Ахæм бæркадджын тыллæг æртæ азмæ фыццаг хатт ратта кæддæры тала бæлас.

Зизифусы райгуырæн бæстæ Китай у, 4 мин азы йæ зайын кæнынц ам. Фæткъуы  кæнæ финикы ад ын ис, Уæрæсейы та зайы Сау денджызы был æмæ Хъырымы. Аидæ йæ Беслæны балхæдта æмæ йæ цæхæрадоны ныссагъта, фæлæ уазæлттæн нæ бафæрæзта – басыд. Самал кодта бананы тала, мæры йæ нытътъыста æмæ уый дæр йæхиуыл схæцыд. Æмбары, æндæр ранмæ йæ хъæуы рахæссын, фæлæ бæлвырд нæ зоны, куыд бакæна, уый, æмæ сагъæс кæны. Исчи мын, зæгъы, фæрсырдыгæй куы бацамонид, дарддæр куыд кæнгæ у, уый, уæд дзы фæбузныг уаид. Дзæуджы-хъæуы банантæ кæмæдæр зайы, уый фехъуыста, фæлæ, кæм цæры уыцы адæймаг, уый бæлвырд нæ зоны… Хъырымæй рафыста æмæ ныссагъта кæрдойы цалдæр хуызы, æмæ сæрды райдайæнæй фæззæджы фæудмæ бинонтæ сæ дыргътæй цух не ‘ййафынц. Уæдæ сæ «Семеренко» фæткъуы æлхæнынмæ дæр базармæ нæ хъæуы цæуын.

Экзотикон дыргътæм уарзондзинад æм фæзынд, хæрзæрыгон ма куы уыд, уыцы рæстæг. Куыстмæ сæм Дзæу-джыхъæуы уæды Хъæды хæдзарадæй уæймæ æрбаластой лимоны талатæ, уæдæй абонмæ йæ æлхæнгæ нал кæнынц. Ныссагъта лавры бæлас дæр, хæринаг кæнгæйæ йæ куы бахъæуы, уæд ын йæ сыф уырдыгæй ратоны. Æхсæрдæс азæй сæм фылдæр ис хæдзары. Хъавы фæлурс инжиры бæлас, «Полонез»-ы мæнæргъы, декоративон цывзыйы къудзитæ ныссадзын дæр. Адæймаджы куы фæнда, уæд йæ къух цæмæ нæ баххæсдзæн? Гæнæн ис, æмæ фидæн хъæууонхæдзарадон азы уыдон дæр фæзындзысты æмæ, уæлдæр цы дыргъты кой ракодтам, уыдоны хуызæн сæ тыллæгæй барухс кæндзысты хæдзары ‘фсин æмæ бинонты зæрдæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here