Республикæйы Парламент равдыста замманай хъæппæрис – депутаттæ сарæзтой поэтикон изæр Национ библиотекæйы æмæ йæм фæхуыдтой, поэзи, аивад чи уарзы, ирон дзырды фарнæн табу чи кæны, ахæм уазджыты, стæй, кæй фæндыд, уыдоны се ‘ппæты дæр – Хицауад æмæ горæт Дзæуджыхъæуы администрацийы, æхсæнадон организациты минæвæртты, фæсивæдон раздзогты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, сфæлдыстадон æмæ наукон интеллигенцийы минæвæртты. Уый уыд фыццаг ахæм хъæппæрис, æмæ куыд цымыдисæй, рæсугъд æмæ æхсызгонæй ацыд, уымæ гæсгæ зæрдæ дарæн ис, фæстаг хатт кæй нæ уыдзæн, ууыл.
Поэтикон изæр саразыны хъуыды равзæрд Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег æмæ Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Асланмæ. Хорз хъæппæрисы фарс рахæцыд Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз дæр. Йæхæдæг æрыгонæй фæстæмæ бирæ бауарзта чингуытæ кæсын, æмæ абон дæр, гыццылдæр ын уæгъд рæстæг куы фæвæййы, уæд йæ къухмæ чиныг райсы.
«Парламент: закъон æмæ сфæлдыстад» – ахæм ном раттой йæ саразджытæ поэтикон изæрæн. Æмæ йæ райдайæны Тускъаты Таймураз арфæ ракодта ахæм рæсугъд бæрæгбон саразджытæн æмæ загъта, литературæ, аив дзырд алы адæймагæн дæр кæй сты йæ сыгъдæг удварны бындур.
Нæ депутатты фылдæр хатт уынæм бæрнон адæймæгтæй, трибунæйæ ныхас кæнгæйæ. Ацы хатт та сæхи равдыстой хуымæтæгæй, алкæмæн дæр йæхи миддуне, йæхи æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ, уды хъуырдухæнтæ кæй ис, ахæм адæймæгтæй.
Закъон амоны, растдæр куыд у æмæ цы у, уый. Поэзи та цæры æнкъарæнтæй. Ацы бонты бæрæг кодтам нæ æрдхæрæны Хетæджы-фырты райгуырæн боны 167 азы. Æмæ Тускъаты Таймураз бакаст Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан». Æмдзæвгæ аивæй кæсыны цалдæр конкурсы лаурет Гæлæбаты Мурат та бакаст Къостайы «Мæ хæлар, мæ уарзон…».
Ирон æвзаг историон тæгтæй ирайнаг æвзæгтимæ æнгом баст кæй у, уый уæлдай хатт бахахх кодтой поэтикон изæры архайджытæ – Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенткæ Тотойты Эллинæ Къостайы «Додой» бакаст фарси æвзагыл.
Къостайы сфæлдыстад у адæмты иугæнæг, уыимæ, канд нæ бæстæйы адæмы нæ, фæлæ фæсарæйнаг бæстæты адæмты дæр. Республикæ Конгойæ нæм ссæуæг Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы студенткæтæ Аффранши Грас Монго æмæ Буконбу Руд Принсия уырыссагау бакастысты скъуыддзаг Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йæ æмæ æмдзæвгæ «Я смерти не боюсь».
Ацы аз ма нæ зындгонд поэт, дыгурон литературæйы бæндурæвæрæг, классик æмæ публицист Малиты Геуæргийы райгуырдыл сæххæст 140 азы. Кæддæр Геуæргийы сфæлдыстады тыххæй Абайты Васо загъта: «Раньше, чем доходит до сознания их смысл, они уже покоряют своим чарующим ритмом и звучанием». Изæры уазджытæн Тускъаты Таймураз радзырдта, хъæууонхæдзарадон институты студент уæвгæйæ, фыццаг хатт Геуæргийы сфæлдыстадимæ куыд базонгæ, уый. «Геуæргийы æмдзæвгæты фæрцы хуыздæр банкъардтон мæ райгуырæн зæххы алæмæты рæсугъддзинад, нæ хистæрты куырыхон зондахаст», – загъта Парламенты Сæрдар æмæ аивæй радзырдта Малиты Геуæргийы æмдзæвгæ «Федог».
Поэтикон изæры сæрмагонд ныхас рацыд ирон æвзаджы хъысмæтыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы бонты Парламенты каст цæуы «РЦИ-Аланийы паддзахадон æвзæгты тыххæй» закъоны проект-мæ. Ацы документ фидар кæны хицаудзинады оргæнты, ахуырады, наукæйы, культурæ æмæ царды æппæт къабæзты дæр уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæй пайда кæныны барадон бындуртæ. Æвзаг – æрмæст ныхас кæныны фæрæз нæу. Æвзаг у национ хиæмбарынады бындур, уымæ гæсгæ закъон, æппæты фыццаг, хъуамæ уа адæмы иугæнæг. Ацы хъуыды ноджыдæр ма иу хатт фæбæлвырд кодта, поэтикон изæр куыд арæзт уыд, уый: Къоста æмæ Малиты Геуæргийы æмдзæвгæтæ хъуысыдысты уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Дзæрæхохты Зауырбеджы æмдзæвгæ «Ирон æвзаг» бакаст депутат Саулохты Сæрмæт, иннæ депутат Андрей Попов та иронау бакаст Айларты Михалы æмдзæвгæ «Иронау дзур». Уый фæстæ микрофонмæ ногæй рацыд Гæлæбаты Мурат æмæ бакаст Борæханы монолог Джыккайты Шамилы поэмæ «Хъодыгонд зæд»-æй.
2026 аз, нæ бæстæйы Президенты уынаффæйæ, у Адæмты иудзинады аз. Уый нымайгæйæ, Парламент амæйразмæ сарæзта Кæсæг-Балхъары парламентаритимæ иумæйаг егъау форум. Хæстæгдæр рæстæг ахæм фембæлдтытæ сараздзысты Хъæрæсе-Черкесты республикæйы, Дагестан æмæ Абхазы парламентты депутаттимæ.
Фæлæ канд формалон арæнтæ адæмы нæ иу кæнынц, уымæй уæлдай ма ис æндæр иудзинад дæр – удварны иудзинад. Уымæ гæсгæ, сценæйы уыцы изæр хъуысыдысты, нæ сыхаг республикæтæ сæрыстыр кæмæй сты, уыцы зындгонд адæймæгты поэтикон рæнхъытæ: Расул Гамзатовы æмдзæвгæ бакаст Парламенты депутат, Хъамбердиаты Мысосты литературон премийы лауреат Дудайты Чермен, Кайсын Кулиевы æмдзæвгæ каст Гутнаты Аслæнбег, депутат Кокойты Тамарæ бакаст Роберт Рождественскийы æмдзæвгæ «Человеку надо мало», депутат Дзгойты Иринæ бакаст Ольга Берггольцы æмдзæвгæ, Гуырдзыбегты Иринæйы æмдзæвгæ каст депутат Мецъаты Зæринæ. Лескены скъолайы ахуырдзау Бетанты Виктория та дыгуронау бакаст Чингиз Айтматовы повесть «Материнское поле»-йæ скъуыддзаг.
Проэтикон изæр сæ аивадæй срæсугъд кодтой Гергиты Валерийы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты скъолайы скрипкæйыл цæгъдæг къорд, уыдон ацагътой Хаханты Дудар æмæ Дмитрий Шостаковичы музыкалон уацмыстæ, заргæ та кодтой ансамбль «Фидæн», Хъæбæлоты Руслан æмæ Дауыраты Эдуард.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ,
къамтæ систа Татьяна ШЕХОДАНОВА














