Хъæбатырты ном ссарынæн

0
72

Алагирæй рацæуджытæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны ном ссарынæн Алагиры ныссагътой  «Кады аллей». Æппæтуæрæсеон акци «Хъæд бахъахъхъæнын» æмæ национ проект «Экологон æнæниздзинад»-ы фæлгæты горæты ныссагътой дæс нæзы бæласы.

Бæлæстæ æрзайын кодтой хъæды хъомылгæнæндоны. Мысæн акцийы архайдтой РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзты æмæ экологийы министрады кусджытæ, Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы æмæ Фыййагдоны поселочы бынæттон администрацийы минæвæрттæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны бинонтæ.

– Уый у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг. Нæ хъæды чи схъомыл, уыцы талатæ рæздзысты, аллейæ та бирæ азты дæргъы лæггад кæндзæн нæ адæмæн æмæ сын сæ зæрдыл лæууын кæндзæн не ‘мзæххонты хъæбатырдзинад. Нæ фарсмæ нæ намысджын æфсæддонты бинонтæ кæй архайдтой, уый у уæлдай кад ацы цауæн. Уадз æмæ ацы бæлæстæ рæзæнт æмæ нæ адæмæн æхсызгондзинад хæссæнт, – загъта æрдзон фæрæзты æмæ экологийы мирнистры хæдивæг министр Булкъонты Алан.

Амынд акци канд территори банывыл кæныны тыххæй нæу, фæлæ ма нæ зæрдыл лæууын кæны не ‘мзæххонты хъæбатырдзинад. Алы бæлас дæр у кад æмæ бузныджы нысан, йæ Райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдонæн.

Нæ  уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here