Уæндон къахдзæфтæ акодта поэзийы фæндагыл

0
1211

Фыссæгæн дæр æмæ поэтæн дæр курдиат æрдзæй лæвæрд куы нæ уа, уæд йæ фыдæбæттæ цыфæнды рæсугъд куы уой, фæлæ йын сæ апп куы нæ уа, уæд сæ æппындæр ницы пайда ис, нæдæр йæхицæн, нæдæр адæмæн, нæдæр литературæйы рæзтæн.  Уыдзысты хуымæтæг, кæрæдзиуыл рæсугъд амад рæнхъыты къорд. Фæлæ дæ иугæр æрдз курдиатæй куы фæхайджын кæна, йæ мидбылты дæм фæлмæн куы бахуда, уæд йæ зон, уый хуымæтæджы фæзынд кæй нæ у. Зон æй, а дунейы дæ равзæрд хуымæтæджы  кæй нæу. Уый дæ, æвæццæгæн, Хуыцау рантысын кодта цавæрдæр зæххон нысан сæххæст кæныны тыххæй. Æмæ уæлдай нæу, Адæмон поэты кæнæ фыссæджы ном дын  лæвæрд ис, æви  нæй. Дунейыл хъуыстгонд кавказаг поэт Расул Гамзатов кæддæр афтæ загъта: «Разве бывают поэты не народные!». Æмæ уый æцæгдæр афтæ у, фыссæн сис йæ къухмæ чи райсы, уымæн йе ‘сфæлдыстадон уацмыстæ арæзт  вæййынц æхсæнадмæ, адæммæ. Æмæ кæд аивадон æгъдауæй бынтон хорз нæ вæййынц, уæддæр сын разыны сæхи кæсджытæ, йæ зæрдæйы сын бынат чи скæны, ахæмтæ.  Иугæр хорз куы басгуыхай, уæд та æнусты баззайдзысты адæмты зæрдæты. Сæ авторы ном та сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзæнис, зæгъæм, Хетæгкаты Къоста,  Гамзат Цадасайы, Расул Гамзатов,  Кайсын Кулиев æмæ ма бирæ æндæр поэттæ æмæ фысджыты æмрæнхъ. Фæлæ уый тыххæй иу æмæ дыууæ боны нæ хъæуы фыдæбон кæнын. Хъæуы хиуыл кусын цæрæнбонты дæр. Хъуамæ дæ уд æмæ дæ цард снывонд кæнай адæмæн. Сæ цины дæр æмæ сæ хъыджы дæр уай сæ фарсмæ. Дæ уынд сын уа æхцон, дæ дзырд — зæды дзырд. Æрмæст ацы миниуджытæм  тырнын хъæуы…

Тырнынц сæм бирæтæ, уæлдайдæр фæсивæдæй, сæ удæй арт дзæнгæрджытау фæцæгъдынц. Сæ уацмыстæ фæзынынц хицæн чингуыты, æндæр мыхуырон фæрæзты,  бакæсæн сæ  вæййы Интернеты тыгъдады дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, иутæ дзы ссарынц сæ кæсæджы, иннæтæ та  афтæ рохуаты баззайынц. Æрдз поэзийы курдиат кæмæн радта, уыдонæй иу у, уæлладжыраг Пагæты Аслæнбег.  Ныридæгæн ссардта йæ бынат æхсæнады, бирæтæн сси уарзон. Йемæ фембæлд нæ газеты уацхæссæг æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

— Зæгъ-ма, цавæр дзуапп раттис, чи у Пагæты Аслæнбег, зæгъгæ, дæ куы бафæрсиккой, уæд?

Ирон лæппу дæн. Райгуырдтæн Алагиры, ахуыр кодтон 2-æм астæуккаг скъолайы. Уæды рæстæг ацы скъола дæнцæгон уыд, фæзминагыл нымад. Цыфæнды хорз-иу куы сахуыр кодтаис дæ хæслæвæрд, уæддæр–иу дын «цыппар» сæвæрдтаиккой. Ома, дæ бон у хуыздæр ахуыр кæнын, зæгъгæ. Уарзтон патриотон кинонывтæм кæсын æмæ æстæм къласмæ куы схæццæ дæн, уæд сфæнд кодтон суворовон училищемæ бацæуын. Фæлæ мæ дохтыртæ нæ ауагътой. Уæд мæ ныййарджыты нæ бафæрсгæйæ араст дæн Уæллаг Зджыдмæ, уым æртæ мæйы дæргъы бакуыстон шахтæйы. Загътон, зæгъын мæ цард снывонд кæнон Стыр хъуыддагæн. Фæлæмыл милицæ куыддæр фæхæст сты, афтæ мæ балæууын кодтой мæ фыды хæдзары æмæ та дарддæр ахуыр кодтон скъолайы.

Дæс къласы куы фæдæн, уæд та ногæй бафæлвæрдтон æфсæддон суæвыныл.  Мæ гæххæттытæ Хъазаны хæдтæхджыты училищемæ балæвæрдтон. Ам дæр та дохтырты  къамис нæ ацыдтæн.

Æфсады баслужбæ кæныны размæ бафæлвæрдтон бацæуын Цæгат-Кавказы хæххон-металлургон институтмæ, акуыстон Одессæйы порты, Дзæуджыхъæуы цырæгътæаразæн заводы, Алагиры радиозаводы, сырх дипломыл каст фæдæн Дзæуджыхъæуы радиотехникон училище. Æфсадæй куы сыздæхтæн, уæд къорд азы бакуыстон нæ фыдимæ арæзтады. Уый фæстæ мæхицæн сæвæрдтон хæс, дохтыр суæвын. Сабыргай æмбырд кодтон медицинон зонындзинæдтæ. Сахуыр кодтон физиотерапевтыл æмæ 1992 азæй фæстæмæ адæмæн, мæ бон куыд у, афтæ æххуыс кæнын. Мæ дæсныйадыл бакуыстон Мæскуыйы, Одессæйы, Нантæйы, æхсæз азы та куыстон Дзæуджыхъæуы.

— Цавæр цæстæй кæсыс дæ царды ивгъуыд бонтæм? Зæгъгæ,  ногæй райдыдтай дæ цард, уæд дзы цы баивис?

Ницы æппындæр. Мæхи амондджын хонын, Советон Цæдисы кæй райгуырдтæн æмæ ирон кæй дæн, уымæй. Кæдмæ цæрон, уæдмæ мæ зæрдыл лæудзысты  мæ царды ивгъуыд бонтæ æмæ, кæй фæрцы слæг дæн, уыцы адæмтæ.

— Куыд дæм кæсы, Аслæнбег, ныййарджытæн сæ бон у сæ цоты зæрдæты аивадмæ, литературæмæ уарзондзинад сырæзын кæнын?

Кæй зæгъын æй хъæуы. Мæнæн мæ ныййарджытæ уыдысты мæ фыццаг ахуыргæнджытæ, алцæмæй дæр-дæнцæг. Кæд хуымæтæг адæм уыдысты, уæддæр. Нæ фыд Пагæты Хъазыбег уыд Советон æфсады дæлбулкъон. Каст фæци уæлдæр партион скъола. Отставкæйы куы рацыд, уæд  куыста Алагиры районы парторгæй. Фæстæдæр та уыд кинотеатр «Фæскомцæдисон»-ы, стæй районы Культурæйы галуаны директор. Тынг бирæ уарзта аивад æмæ-иу хаттæй-хат йæхæдæг дæр рацыд сценæмæ районы адæмон театры хъазгæйæ.

Нæ мад Пагæты-Акопова Валентинæ дыууисæдз азы зæрдæзæгъгæйæ балæвар кодта  Алагиры скъола-интернатæн рæзгæ фæлтæртæ хъомыл кæнгæйæ. Уыимæ ма куыста районы бæстæзонæн музейы инструкторæй. Цастæр рæстæг бакуыста Алагиры радиозаводы. Адæппæт куыстытæ кæнгæйæ ма хъомыл кодта мах дæр — цыппар сывæллоны. Не ‘ппæтæн дæр бауарзын кодтой аивад, чиныг.

— Аслæнбег, ды фыссыс æмдзæвгæтæ куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Мæн æдзух цымыдис фæкæны хъуыддагæн йæ райдайæн. Зæгъ ма, кæд райдыдтай фыссын? Цы дын лæвæрдта тых æмæ дæ цы амидин кодта ‘мдзæвгæтæ  фыссынмæ?

Уæвгæ, рæнхъытæ рифмæтæй бæттын райдыдтон, цыппар-фондз азы ма мыл куы цыд, уæд. Нæ мад-иу нын æрвылизæр каст алыхуызон аргъæуттæ. Мæ нана Фаризæтмæ та диссаджы чиныгдон уыд, мæ фыццаг чиныг дæр уымæ  бакастæн. Чиныгдонæй иу чиныг куы райстон, æмæ-иу мæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд-иу æй рафыстон. Афтæмæй базыдтон фыссын æмæ кæсын.

Æмдзæвгæтæ фыссын та куыд  райдыдтон?.. Мæ фыд уæззау низæй æруатон. Уыдтон, йæ цæстыты царды зынг куыд мынæг кæны, уый æмæ йæ, цæмæй истæмæй ирхæфсон, уый тыххæй фыссын райдыдтон æмдзæвгæтæ. Йæхæдæг дæр йæ рæстæджы уарзта фыссын æмдзæвгæтæ, тынг бирæ каст дунеон литературæйы классикты. Хатгай-иу ме ‘мдзæвгæтæм æркаст критикон цæстæнгасæй дæр. Мæ фыццаг роман «Француз» куы ныффыстон, уæддæр æй, бахастон нæ фыдмæ. Куы йæ бакаст, уæд мæм бахатыд цæмæй йæм бахæссон ног хъайтар – ирон кънйаз.  Æз дæр бавдæлдтæн æмæ мæ роман ногæй рафыстон. Æмæ абон мæ фыды фæндæй ирон кънйаз Сæрмæт цæры роман «Француз»-ы.

Стыр хъыгагæн, мæ фыды ацы курдиат уыд фæстаг. Нал  мын федта мæ чиныг.

— Аслæнбег, æз скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд мын уыд диссаджы ахуыргæнджытæ. Иу иннæмæй фæлтæрдджындæр. Фæлæ  уæддæр æппæтæй фылдæр уарзтон, уарзын æмæ уарздзынæн мæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гусаты Еленæйы. Фæстæдæр та, адæмы рæгъмæ кæй фæрцы рацыдтæн, кæй æнæмæлгæ сфæлдыстадыл ахуыр кодтон,  уый уыд нырыккон ирон литературæйы пехуымпар, дзæнæты бадинаг Джыккайты Шамил. Зæгъ-ма, дæуæн та чи уыд дæ уарзон ахуыргæнæг скъолайы, æмæ дын цавæр поэты сфæлдыстад у уарзон æмæ фæзминаг?

Афтæ куы зæгъон, æмæ сын  се ‘ппæты дæр уарзтон, уæд, æвæццæгæн, раст нæ уыдзæн. Фæлæ мæ ахуыргæнджынæн се ‘ппæтæн дæр кодтон стыр кад æмæ аргъ. Уымæн æмæ уæды рæстæджы ахуыргæнджытæ уыдысты ахуырады, наукæйы сæрхъуызойтæ. Удуæлдайæ фæллой кодтой, хуыдтой  нæ  ахуыры бæрзæндтæм. Æппæты хъармдæр ахастытæ та мын уыд мæ музыкæйы ахуыргæнæг Баскаты Зинæидæимæ. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма мæ уый фылдæр уарзта. Цавæр поэты сфæлдыстад фылдæр уарзын куы зæгъай, уæд та мæ зæрдæйæн  хæстæгдæр сты  Пушкин æмæ Къоста. Æнæуи та уарзын кæсын фантастикон уацмыстæ..

— Телеуынынадæй  дæр æмæ æнæуи дæр бирæтæй фехъусæн вæййы, æз хæсджын никæй раз дæн, зæгъгæ. Мæнмæ гæсгæ, ацы хъуыды бынтон раст нæу. Уымæн æмæ адæймагæн йæ райгуырдæй йæ амæлæты онг хорздзинад иунæг хатт дæр чи скодта, уый раз хæсджын хъуамæ уа. Дæумæ та куыд кæсы, æмæ дæхи искæй раз хæсджыныл нымайыс?

Æнæмæнг нымайын. Фыццаджыдæр, мæхи уæлдай хæсджыныл нымайын мæ ныййарджыты раз, фæлæ стыр хъыгагæн мæ бон нал бауыдзæн уыдоны хæстæ бафидын, уымæн æмæ нæ мад дæр æмæ нæ фыд дæр не ‘хсæн нал сты.

Хæсджыныл ма нымайын мæхи мæ сыхбæсты, мыггаджы, мæ бирæ зонгæты раз. Æндæр хъуыддаг у искæмæй бузныг уæвын. Ам мæ фæнды арфæйы ныхæстæ зæгъын нæ республикæйы Хицауады раздæры Сæрдар Такъоты Сергейæн. Чиныг куы барæвдз кодтон, уæд æй мыхуыры рауадзынæн хъуыд æхцайы фæрæзтæ. Мæнæн та ахæм фадат нæ уыд. Æмæ ме ‘мдзæвгæтимæ адæмы сындæггай зонгæ кодтон Интернеты тыгъдады фæрцы. Иу ахæмы мæм ныффыста нæ республикæйы Хицауады раздæры сæрдар Такъоты Сергей. Цалдæр æмдзæвгæйы тыххæй мын «хъарм» ныхæстæ загъта. Куы бафарста чиныг цæуыннæ уадзын, уæд ын мæ хабар ракодтон. Уымæй цалдæр боны рацыд, æмæ мын Такъойты Сергей æрбарвыста æхца æмæ мæ чиныг йæ фæрцы рухс федта.

— Аслæнбег, куыд балхынцъ кæнис нæ абоны ныхас?

Иры дзыллæйæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй арв сæ сæрмæ сыгъдæг уа æмæ дзы хур кæддæриддæр дзаг цæстæй куыд кæса.


МÆ  ФЫД
Мæ хъæрзын æхсæвы фæцыд,
Мæ дзыхæй райхъуыстис дæ ном.
Куыд тынг дæ уарзын, о мæ фыд!
Куыд уыдтæ зæрдæмæ æнгом.

Æдзух мæ риуыл ис дæ хæдон.
Мæ къух фæлæмæгъ, ныфс фæсæст.
Фæбады хъуыры цъити дон,
Æскæлы уæлæрвтæм мæ маст.

Мæ фынты арæх уазæг дæ.
Æнæниз, хъæлдзæг мæ æгас.
Æссудзы хурау сайд зæрдæ,
Фæцæуы хъустыл дæ ныхас.

Куыд диссаг арæзт æстæм мах!
Нæ ныййарджыты нæ фæуынæм.
Мæлæт сыл куы ‘рæвæры хахх,
Гъе уæд сæм, гобийау, тырнæм.

Цæй æзнаг ми дын бакодтам…
Къæхтыл нæ сæвæрдтай бæлвырд.
Дæ цард, дæ уд дын  бахордтам,
Нæ мæгуыр, фæлмæнзæрдæ фыд.
Мæ фынтæ йедзаг амондæй.
Дæ уд мæм дзæнæтæй æскаст.
Цæст райгом кæнын нæ уæндын.
Куы та мын айсæфай æваст.

Стæй фæвæййы фынты мыд.
Мæ цæстыты ныллæууы дон.
Фæзæгъын дын: «Хæрзбон, мæ фыд».
Гъе уымæй райдайын мæ бон.


ИРОН ÆВЗАГ
Æз уарзын се ‘ппæт æвзæгтæ.
Фæлæ дзы иумæ тынг тырнын.
Æфсады зæрдæйы къуымтæ
Ирон æвзагæн йе хъырнын.

Йæ фæлмæн сыфтæрты сыр-сыр,
Йæ уæлдæфы уылæнты ахаст.
Йæ хæхты цъуппытæй кæсын
Нæ бавсæддзæн мæ цæсты акаст.

Æз федтон алы хуызы адæм.
Æндæр зæххытыл дæр уыдтæн.
Фæлæ ирон æвзаджы адæн
Ферох-мæ хъаруйыл нæ дæн.

Мæ фынты иу мæ хаста хъæумæ,
Нæ хæхты бынмæ ‘мæ сæ цъуппмæ,
Быдырты уæлдæфмæ, цъæх нæумæ,
Зджыды сæрæй – Тæтæртупмæ.

Мæ фыдæлты уæздан æвзаг!
Нæй райдайæн дын, нæй кæрон.
Мæ зæрдæ – дæ рæвдыдæй дзаг.
Нымайын се ‘ппæт.  ‘Взарын дæу!

Дуры æмбисонд
Къæдзæхы былыл дур лæууыд.
Бæрзондæй кастис зæхмæ.
Йæхицæй-буц, хæрзконд-йæ уынд,
Йæ уæхсчытæ уæрæхмæ.

Стыр уыдис, бæрзонд, тыхджын.
Йæхи нымадта хохыл.
Хиуарзаг,хъал æмæ дзыхджын-
Йæ хъаруйыл, йæ тохыл.

Йæ бынмæ дунейы æрвад —
Лыстæг дур, хуыр, змис.
Фæлæ æрвад  нæ уыд нымад,
Æгæр лыстæг уыдис.

Сæдæгай æзтæ худтис дур:
— Æз уе ‘ппæтæй уæлдæр!
Нымайы Дымгæ, тавы Хур,
Цы ма хъæуы æндæр?

Сымах та чи ‘стут? Кæй хъæут?
Змис æмæ æлыг.
Цæй номыл сусæгæй цæрут,
Лыстæг дур æмæ рыг?

Гыццыл æрвад ыл хæцыдис,
Йæ маст йæ мидæг хаста.
Æрцыдис бон, быхсыд фæцис,
Уæск дуры бынæй айста.

Къæдзæхы былæй ратылд дур.
Йæ хъæр фæцыдис дардыл.
Йæ фæрстæ хойгæйæ ныммур.
Фæкуыдтой йын йæ мардыл.

Ныхас ныффыста Касаты Аламир

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here