Автомобилон фæндаг «Дзæуджыхъæу-ЦыколаЛескен»-ы фæндагыл Дур-Дуры цæугæдоны сæрты байгом ног хид. Ног фæндаггон объект байгом кæныны фæдыл кадджын æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ТУСКЪАТЫ Таймураз, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг КЪЕСАТЫ Станислав, республикæйы Фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар СОЛИТЫ Тариель, Æрæфы æмæ Дыгуры районты разамынды, æхсæнады минæвæрттæ.
Республикæйы сæйрагдæр автомобилон фæндæгтæй иуы 56-æм километрыл цы хид уыд, уый заууатмæ æрцыд, фæндаггон змæлды архайджытæн æдас нал уыд. Фæндаджы ацы хайыл иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд фæндаггон фыдбылызтæ… Ног хид арæзт æрцыд, федералон къазна республикæйæн бюджетты ‘хсæн трансфертты хуызы цы 114 милуан сомы радих кодта, уыдонæй. Солиты Тариелы ныхасмæ гæсгæ, уыцы федералон субсидийæ Цæгат Ирыстон цыбырдæр æмгъуыдтæм спайда кодта — объект аразын райдыдтой ивгъуыд азы декабры. Арæзтадон куыстытæ бакодта æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Стройсервис». Ног хидæн йæ дæргъ у 64 метры, йæ фæйнæфарс ын цы фæндагмæ базылдысты, уый дæргъ та у 920 метры бæрц. Арæзтады рæстæг пайдагонд цыд нырыккондæр технологитæй, фæндагæн саккаг кодтой дыккаг техникон категори. Тускъаты Таймураз йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй объектæн ис стыр социалон нысаниуæг, уымæн æмæ уый æмæ Æрæфы район æнгом бæтты республикæйы иннæ территориимæ.
Нæ уацхæссæг














