Сæйрагдæр — адæмы æдасдзинад

0
807

Знон Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд РЦИ-Аланийы Антитеррористон къамисы уæнгтæ, Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады, Прокуратурæйы минæвæрттæ æмæ республикæйы районты сæргълæуджытимæ. Республикæйы цæрджыты æдасдзинад цы уагыл у, террористон фыдракæндтæй сæ бахизынæн цавæр мадзæлттæ скодтой æмæ хъæуы скæнын, æмæ ма бирæ æндæр ахсджиаг фарстатæй æрфарста республикæйы Сæргълæууæг йæ дæлбар кусджыты æмæ карзæй æрдомдта, ныронг кæронмæ цы хъуыддæгтæ конд не ‘рцыдысты, уыдон цы ног рæстæг фæнысан кодта, уæдмæ æнæкъуылымпытæй æххæстгонд куыд æрцæуой.

— Нæ фыццаг фембæлд Горæтгæрон районæй кæй райдыдта, уый хуымæтæджы нæу. Уымæн æмæ ацы районы цы террористон фыдракæндтæ æрцыд, уыдон æрхастой стыр зиан. Адæймаджы цардæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ нæ фыццаг хæс у æппæт мадзæлттæ дæр саразын нæ адæмы æдасдзинадæн, — загъта Битарты Вячеслав. Æмбырды докладтæ скодтой РЦИ-Аланийы цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Багаты Батрадз, РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дмитрий Гутыря, УФ-йы Æдасдзинады Федералон службæйы управленийы цæгатирыстойнаг хайады сæргълæууæджы хæдивæг Павел Потасов. Адæм къордтæй кæм æрæмбырд вæййынц, уыцы бынæттæ уæлдай хъахъхъæнинаг кæй сты, уымæ гæсгæ РЦИ-Аланийы прокуратурæйы хайады сæргълæууæг Иван Зуев йæ доклады фæбæрæг кодта, хицæн организацитæ уæлæнгай цæстæй кæй акастысты ацы хъуыддагмæ æмæ сын карзæй бафæдзæхста домæнтæ сæххæст кæнын. Террористон фыдракæндтæй республикæйы цæрджыты бахизыны фæдыл фæсивæдимæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты, скъолаты, сæрдыгон лагерьты цы мадзæлттæ æрцыд конд, уый тыххæй доклад скодта РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Сослан. Республикæйы Сæргълæууæг йæ дзуаппæй разыйæ нæ баззад. РЦИ-Аланийы бастдзинады æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Гахаты Даниил цы доклад скодта, сæ куысты террористон фыдракæндты профилактикон мадзæлттæ кæныны тыххæй, уымæ дæр Сæргълæууæг æрхаста фау — телеуынынад, газеттæ, радио æмæ Интернеты тыгъдады фаг кæй нæ ис терроризмæй адæмы бахизыны фæдыл профилактикон æрмæджытæ, уый тыххæй. Кæронбæттæны Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг Гаглойты Алан арфæ ракодта Битары-фыртæн æмæ æрдзырдта, районы цæрджыты æдасдзинады фæдыл куыст куыд цæуы, ууыл. Æмбырды цы уынаффæтæ рахастой, уыдоныл иууылдæр сразы сты.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here