Арфæ Колыты Иринæйæн

0
1199

Ацы фæззыгон, зæринхуыз æмæ райдзаст бонтæй иуы — 7 октябры газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы хæдивæг КОЛЫТЫ Иринæ йæ бирæ æмгæрттимæ, хæлæрттимæ, æмкусджытимæ, йæ уарзон бинонтимæ рухс зæрдæимæ бæрæг кæны йæ райгуырæн бон. Уый фæдыл ын, мах, газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ, кæнæм зæрдиаг арфæтæ. Нæ зæрдæ йын, фыццаджыдæр, зæгъы фидар æнæниздзинад, бинонты амонд, йæ зæрдæ кæддæриддæр куыд рухс кæна йæ бæрнон æмæ арфæйаг куыстæй. Æрыгон уæвгæйæ, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы хæдивæгæй кусгæйæ, дæуыл бæрнон хæстæ æвæрд ис, дæ уарзон ирон газеткæсæг дзыллæтæн арфæйаг лæггæдтæ кæныс, æмæ ма дын бирæ бантысæд! Иринæ, зæрдæйæ аудыс нæ мадæлон æвзаджы рæзтыл, æмæ сæумæрайсом сыгъзæрин хур цы зæдтæ æмæ дзуæрттыл скæсы хохæй-быдырмæ, уыдоны æмæ дæ дæ уарзон адæмы хорзæх уæд! Дæ царды сыгъзæрин хуры цалх дыл-иу алы хатт дæр рæсугъдæй куыд æрзила, ахæм амонд дæ уæд! Дæ зæды хай кæддæриддæр дæ разæй цæуæд! Хуыцау æмæ Мады-Майрæмы фæдзæхст у! Дæ размæ цы бирæ рæсугъд æмæ бæллиццаг хæстæ сæвæрдтай, уыдон сæххæст кæнын дæ къухы дзæбæхæй бафтæд!

Газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here