Ныхас «Фатимæ»-йыл

0
879

Къостайы райгуырæн 157 азы боны кадæн æмæ Кинойы азы фæдыл нæ Республикæйы национ наукон библиотекæйы бæстæзонæн хайад бацæттæ кодта æхсызгон фембæлд РЦИ-Аланийы адæмон артист, нæ республикæйы радио æмæ телеуынынады фыццаг диктор МАМСЫРАТЫ Тасолтан æмæ киноныв «Фатимæ»-йы чысыл Ибрагимы ролы архайæг Анатолий ЛЕОНТЬЕВИМÆ. Стæй æмбырды архайджытæн æвдыст æрцыдис киноныв «Фатимæ». Фембæлдмæ фæхуыдтой ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студентты, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджыты.

Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-йы бындурыл киноныв фыццаг ирон режиссер-документалист Уалыты Владимир киноныв куы систа, уыцы бонæй абонмæ рацыд 58 азы. Киноныв канд Уæрæсейы нæ, фæлæ Европæйы бирæ бæстæты федтой милуангай адæймæгтæ дæр. Кинонывыл куыст куыд цыдис, уый тыххæй бæлвырд радзырдтой Мамсыраты Тасолтан æмæ Анатолий Леонтьев. Мамсыры-фырт куыд загъта, афтæмæй Уалыты Владимир стыр фыдæбон бакодта, стæй уæвгæ Владимир куы нæ уыдаид, уæд киноныв боны рухс дæр нæ федтаид. Тасолтан загъта: — Къоста не ‘хсæн кæд нæй, уæддæр хъæр мæрдтæм дæр хъуысы. Скъоладзау ма уыдтæн, афтæмæй мæ театрмæ айстой. Хъуыды кæнын, спектакль «Фатимæ» ирон сценæйы æвæрд куы цыдис, уæд дзы чи архайдта, уыцы курдиатджын актерты: Туменаты Еленæ, Таугазты Гаврил æмæ Цæрукъаты Алыксандры. Сæ аивад, сæ архайд, тынг хызтис зæрдæйы, æмæ мæм афтæ кастис, цыма актертæ не сты, фæлæ мæ æнустæ уыцы замантæм ахастой. Спектаклы кæрон нæм æртæ лæджы æрбацыд. Сæ иу уыдис Уалыты Владимир, иннæ Сико Долидзе, æртыккаг та — оператор, йæ ном æмæ йын йæ мыггаг, хъыгагæн, нал хъуыды кæнын. Владимир бамбарын кодта Ирон театры уæды разамындæн, уацмысы фæдыл киноныв кæй исы æмæ йæ ирон артисттæ рольты архайынмæ кæй хъæуы, уыцы фæнд. Рæстæг æмæ бонтæ цыдысты, фæлæ Тæбæхсæуты Балойæ дарддæр кинонывы архайынмæ Ирон театры артисттæй ничи ацыд. Уый тынг хъыг уыдис Владимирæн æмæ, рæстæг бирæ кæй нал уыд, уымæ гæсгæ рольтæ гуырдзиаг артисттыл байуæрстой. Киноныв ист цыдис «Грузияфильм»-ы студийы. Уыцы заман алы цæдисон республикæмæ дæр уыдис йæхи киностуди, æмæ Владимир «Грузия-фильм»-ы директор Сико Долидзейæн балæвар кодта, йæхæдæг кæуыл бафыдæбон кодта, уыцы сценари — «Фатимæ», цæмæй Долидзе бар раттаид сæхи киностудийы ирон киноныв сисынæн. Раст зæгъын хъæуы, Долидзе киноныв йæхи нæ «бакодта», фæлæ титры ныффыста йæхи, куыд сценари æвæрæг, афтæ. Отар Мегвинетухцеси киноаивады тыхджын æмæ стыр курдиатджын актер уыд, æмæ киноуацмысы ацы артисты архайд алкæмæндæр æхсызгон уыд. Киноныв ист цыдис Тырсыгомы. Æз та архайдтон дубляжы. Массовкæтæм ирон адæм хуынд æрцыдысты, фæлæ цæмæндæр ленты фыстытæ уый фæстæ фесæфтысты. Уалыты Владимиры æз базыдтон, ирон адæмы цард æмæ æгъдæуттæ бæлвырд, арф чи зыдта, ахæм адæймагæй. Уый нын цы бирæ диссæгтæ радзырдта, уыдонмæ хъусгæйæ-иу дисы бацыд адæймаг. Фæлæ хъыг у, абоны онг дæр нын «Грузия-фильм», ацы киноныв æмæ Владимиры сфæлдыстадон бынтæ кæй нæ радта, уый. Ацы хъуыддаг аразгæ у дыууæ республикæйы разамындæй. Махæн ахсджиаг сты Уалыйыфырты куыстытæ. Уыдон нæ хæзнатæ сты, нæ киноаивады истори, æмæ сæ искæмæн цæмæн хъуамæ ныууадзæм». Владимир кинонывы архайынмæ æрбакодта йæ чысыл хæрæфырт Анатолийы дæр. Анатолий абон дæр нæ рох кæны уыцы рæстæг. Йæ мады æфсымæр Уалыты Владимиры цард æмæ сфæлдыстадыл мыхуырмæ бацæттæ кодта чиныг, фæлæ æхцайы фæрæзтæй кæй не ‘ххæссы, уый тыххæй къуылымпы кæны. — Киноныв Владимир систа Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны юбилеймæ. Фембæлды рæстæг студенттæ, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ фæрстытæ лæвæрдтой Мамсыраты Тасолтан æмæ Анатолий Леонтьевмæ. Уый фæстæ зæрдиагæй бакастысты киноныв «Фатимæ»-мæ.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here