Газет “Рæстдзинад”-ы кæстæр фæлтæры ныхас йæ фыццаг редактор Гæдиаты Цомахъмæ

0
964

Фарн дæм бадзурæд æмæ уыцы бæсты рухс уæд дæ бынат, Цомахъ!ÆÆ

Фыссынц дæм газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы уацхæсджыты кæстæр фæлтæр! 1923 азы 14 мартъийы газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыры рацыд стыр цин æрхаста нæ дзыллæйæн, батавта сын сæ зæрдæтæ уалдзыгон хуры хъарм тынтау. Сси сын стыр цинхæссæг, сæ сагъæстæ сурæг, хъаймæты бон ныфсдæттæг, царды хуыздæр афонтыл ныфсдарæг æууæнчы мæсыг, зæдæмсæр хæзна. Дæ иузæрдион æмхъуыдыгæнджытимæ бындур цы газетæн æрæвæрдтат, уыцы газет «Рæстдзинад» Иры дзыллæйæн Цæгатæй Хуссармæ басгуыхт сæ царды ныфсы хос æмæ фарны тырыса хæссæг, нæ дзыллæйы иугæнæг фидар зæрин рæхыс.
Ирон газет уадзыны хъуыддаджы де ‘мхъуыдыгæнджытæ æмæ хæлæрттæ нæ интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ — Брытъиаты Цæра, Къосыраты Сæрмæт, Барахъты Гино, Малиты Георги, Æмбалты Цоцко, Цомайты Харлампи, Гулуты Андрей æмæ иннæтæ газет «Рæстдзинад»-ы мæсыг цы фарны æгъдæуттыл самадтой, уый рухсæй хъомысджын æмæ цæрæццаг уыдысты æмæ сты газеты редакторты, уацхæсджыты алы фæлтæртæ хистæрæйкæстæрмæ. Уыдон кæддæриддæр ирон адæмон газеты фæрстыл фыстой æмæ фыссынц Ирыстоны дзыллæйæн се ‘нтыстыты тыххæй хъæууон хæдзарады, промышленносты, экономикæйы, политикæйы, ахуырад æмæ наукæйы, спорты, культурæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстаты фæдыл. Сæ ныхас вæййы рæстаг æмæ циндзинады æнкъарæнтæй дзаг. Хуыцау бахизæд, фæлæ нæ уæзæгыл уæззау бонтæ куы скæны, уæд нæ фарны артдзæст — газет «Рæстдзинад»-ы уацхæсджытæ се ‘рмæджыты нæ адæммæ раст æмæ бæлвырд хъуыдытæ ма хæссой, ныфсдæттæг, фидæны хуыздæр цардыл сæ ма баууæндын кæной, уый никуы вæййы! Нæ республикæйы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны æхсæн газет «Рæстдзинад» у фарн æмæ хæлардзинад тауæг фидиуæг.
Нæ æхсæнад цы фыдбылызы æмæ æнæраст хъуыддæгтæй хъæрзы, уыдон газеты редакцийы кусæг æмæ æхсæнадон уацхæсджытæ хæссынц хурмæ, дзурынц сыл уæндонæй æмæ рæстагæй. Адæм редакцимæ цы хъæстытимæ æмæ курдиæттимæ æрбацæуынц, уыдон газет «Рæстдзинад» ма равзара лæмбынæг, стæй, куы бахъæуа, уæд бæрнон бынæтты бадæг хицæуттæй бæлвырд дзуапп ма бадома, уый никуы вæййы. Афтæ уыд дæ рæстæджы, Цомахъ, афтæ у ныр дæр æмæ уыдзæн фидæны дæр. Уымæн æмæ газеты алы кусæг дæр, фыццаджыдæр, фæхъуыды кæны, йæхи цард хорз сараза, ууыл нæ, фæлæ газеткæсджыты, иумæйагæй нæ дзыллæйы царды амондыл. Уымæн æмæ йæ æмбары, дæ разы, Цомахъ, стæй нæ адæмы раз ныл цы бæрнон æмæ вазыгджын хæс æвæрд ис, уый. Уымæй нæ алчидæр у фæрнджын æмæ амондджын. Уыцы арфæйаг хъомыс нын ныууагътат сымах — ды æмæ де ‘мхъуыдыгæнджытæ. Дæ фæстæ дзы цы фæлтæртæ куыста, уыдон æй рæсугъдæй алæвæрдтой махмæ. Æмæ йæ мах æххæст кæныныл архайæм ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй. Нæ зæрдæ дарæм, газет «Рæстдзинад»-ы мах фæстæ чи куса, уыдон дæр ын йæ фарны тырыса дæлæмæ кæй не ‘руадздзысты, фæлæ йæ рæсугъдæй кæй хæсдзысты дарддæр.

Æндæр хуызы кусын æмæ нæ размæ æвæрд хæстæм уæлæнгай цæстæй кæсын нын дæ Уаз æмæ Рухс номы фарн бар нæ дæтты! Цард ивы, ивынц йæ политикон æмæ æхсæнадон уавæртæ дæр. Фæлæ газет «Рæстдзинад» нæ дзыллæйы амонды сæрыл йæ тохы фæндаг нæ ивы. Алы ирон хæдзармæ дæр хаста æмæ хæссы ирондзинады, ахуырад æмæ фидæны хуыздæр цардыл æууæнчы уаз æмæ табуйаг рухс.
Ды, Цомахъ, дзыллæйы дзуарау кæуыл бафæдзæхстай, уыцы газеты алы фæлтæрты редакторты æмæ уацхæсджыты арфæйаг куыстæн алы азты æрцыд аккаг аргъгонд. 1973 азы — орден «Кады нысанæй» æмæ 2000 азы та нæ республикæйы уæлдæр æмæ кадджындæр хорзæх — Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийæ. Уыцы хорзæхтæ газеты кусджытыл, уацхæсджытыл хиуыл фервæссыны «гакк» нæ сæвæрдтой æмæ не ‘вæрынц. Фæлæ сæ разæнгард кодтой æмæ кæнынц Иры дзыллæйы амондыл, сæ хорз цардыл архайыны æмæ аудыны фæндагыл ноджы æнувыддæр куыстмæ.
Цомахъ, бар нын ратт æмæ æрхъуыды кæнæм, фæстаг цалдæр азы газет «Рæстдзинад»-ы редакцийæ цы æнувыд зиууæттæ фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ. Уыдон сты Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусджытæ Æлборты Хетæг, Тепсыхъоты Зоя, газеты сæрмагонд уацхæссæг Хуссар Ирыстоны Хуриты Гиви, газеты раздæры сæйраг редактор Хъесаты Валодя, нывгæнæг Зыгъуытаты Руслан, бæрнон редактор Малиты Хасан, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Цомайты Ростислав. Уыдон сæ цыбыр царды, адæмы æмæ газет «Рæстдзинад»-ы хъæздыг азфысты ныууагътой рæсугъд фæд. Æмæ кæддæриддæр сæ нæмттæ уыдзысты арфæйагæн мысинаг фæлтæртæн. Никуы сæ ферох кæндзыстæм…
Алы мыхуыры фæрæзæн, газет уа, журнал уа, йæ ахсджиагдæр фарста баст у тиражимæ. Уымæн æмæ Интернет бааууон кодта газетты æмæ журналты дæр. Кæд ирон къонайы хъармыл, йæ фарныл дзурæм, уæд нæ зæгъын фæнды, махæн нæ куысты стыр æххуыс чи кæны, газет «Рæстдзинад»-ы цардхъомысыл чи ауды, уыцы фæрнджын адæймæгты тыххæй. Мах бузныг стæм Парламенты депутаттæ Дзебысаты Майрæм æмæ Уататы Зелимæй, куыстуат «Кавдоломит»-ы генералон директор Æгъуызарты Русланæй, Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Аланæй, Горæтгæрон районы раздæры сæргълæууæг Джиоты Георгийæ, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутат Битарты Аликкæй, куыстуат «Севосетинэнерго»-йы сæргълæууæг Хъæдохты Аркадийæ, Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицау Беккуызарты Хасанбегæй æмæ иннæтæй. Ацы арфæйаг лæгтæ се ‘мкусджытæн, се ‘взарджытæн кæддæриддæр рафыссынц ирон газет. Уый тыххæй нæм вæййы арфæйы фыстæджытæ дæр.
Тæхуды, æмæ ацы арфæйаг адæймæгты Ирыстоны иннæ хицæуттæ æмæ амалхъомтæ дæр куы бафæзмиккой. Æмæ-иу æвæрæз бинонтæм æмæ пенсиисджытæм нæ иунæг æрвылбонон адæмон газет «Рæстдзинад» рафыссынмæ æхцайæ куы фæкæсиккой. Тæхуды, æмæ нæ дзыллæйæн табутæ æмæ лæгъстæ кæнын куы нал хъæуид, газет «Рæстдзинад» рафыссут, зæгъгæ. Чи зоны, æмæ ацы фыстæг чи кæса, уыдонæй исчи зæгъа, ныртæккæ цард экономикон æгъдауæй тынг уæззау кæй у. Фæлæ, Цомахъ, ды ирон газеты сæргъы куы ‘рлæууыдтæ, уыцы заман адæм ныртæккæйæ дзæвгар мæгуырдæр цардысты, фæлæ уæддæр сæ иунæг, мадæлон æвзагыл цæуæг газетыл уыдысты, зæгъæн куыд нæй, афтæ æнувыд. Ныртæккæ та, цы йæ æмбæхсæм, нæ ирон адæмæй бирæтæ адзæгъæл сты мулчы æмæ æндæр хæзнатæ бакусыны сайд фæндагыл. Фæлæ, Хуыцауæн табу, се ‘ппæт ахæмтæ не сты! Уыдон зæрдыл куы æрлæууынц, уæд нæ зонд æмæ уд бахауы цавæрдæр æхсызгон æнкъарæнты уацары. Æмæ сæ газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ бузныг уыдзысты кæддæриддæр.
Цомахъ, ды махæй хуыздæр зоныс, газет «Рæстдзинад»-ы фарныл æфтауæг кæй уыдысты æмæ сты æхсæнадон уацхæсджытæ. Семæ æнувыдæй æмгуыст кæныныл архайы абон дæр редакци. Уыдон æртывæр хай æфтауынц газеты хъомысыл, зæрдæйæ йыл сты æнувыд. Цæрынц газеты æнтыстыты цинæй, сты нæ иумæйаг риссаг фарстатыл сагъæсгæнæг. Уыдон сты Кцойты Астемыр, уæлдæр къæпхæны ахуыргæнджытæ Битарты Рая æмæ Базраты Фатимæ, зындгонд скульптор Дзбойты Михал, Хъахъхъæнынадон куыстуат «Юстас»-ы президент Насхъидаты Васили, дохтыртæ Джерапты Иринæ æмæ Церекаты Алан, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъолайы директор, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Сæлбиты Иринæ, фæллойы ветерантæ Æрчъегкаты Зарæ, Фæрниаты Райæ, Зассеты Мисурæт, Томайты Шамил, Сокаты Азæ, зындгонд ахуыргæндтæ — историон наукæты доктор, профессор, ЦИПУ-йы президент Мæхæмæтты Ахуырбег, Уæрæсейы Федерацийы наукæты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры сæрдар, физикон-математикон наукæты доктор, профессор Къусраты Анатоли, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты хайады сæргълæууæг, историон наукæты доктор, профессор Цыбырты Людвиг, ацы институты хистæр наукон кусæг Сатцаты Эльбрус, географион наукæты доктор, профессор Беруаты Барис, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан, филологон наукæты кандидат Хозиты Барис, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Тлаттаты Бексолтан, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусджытæ Гадзиаты-Бæлæуты Фузæ æмæ Дзугаты-Мурасты Риммæ, фысджытæ Хуыгаты Сергей, Ходы Камал, Дауыраты Дамир, Дзасохты Музафер, Хъауыраты Дауыр, Дауыраты Зоя, Соттиты Риммæ, æхсæнадон уацхæсджытæ Мамсыраты Ислам, Дзанæгаты-Цгъойты Булкæ, Гуылæрты Барис, мæскуыйаг Ходы Тамерлан, Уæлыгæсты Саркис æмæ иннæтæ. Стыр бузныг се ‘ппæтæн дæр!
Цомахъ, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæй бирæтæ атындзыдтой тохы цæхæрмæ, чи дзы нал сыздæхт, уыдонæн фæстæдæр редакцийы байгом кодтой номарæн къæй. Сæ рухс нæмттæ рох не сты редакцийы кусæг абоны фæлтæрæй. Не ‘ппæт дæр сæ мысæм сæрыстырæй. Ныртæккæ газет «Рæстдзинад» лæууы йæ 95 азы юбилейы къæсæрыл. Йæ редакцийы сæргъы æрлæууыд, газетæн йæ куыстхъом журналисттимæ зæрдиаг лæггад бакæнынмæ йæ уд чи хъары — йæ сæйраг редактор, филологон наукæты кандидат Битарты Маринæ. Хорз æмбары, нæ дзыллæйы, стæй газеты бындурæвæрджыты раз ыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый. Æмæ йæ бирæ бæллицтæ газет «Рæстдзинад»-ы хорзæхæн æртывæр фарнимæ сæххæст уæнт! Мах та йын фидар æнцой уыдзыстæм кæддæриддæр. Нæ кадджын, буц хистæр Цомахъ, кæстæр бирæ нæ фæдзуры, æмæ нын хатыргæнæг у нæ дæргъвæтин ныхасы тыххæй. Рухсаг у… Газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кæстæр фæлтæры номæй ГАСАНТЫ Валери, ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ, КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here