Коцойты Арсен дзырдаивады мидæг йæ лæджы кары бацыд, Хъаныхъуаты Инал, Мамсыраты Темырболат æмæ Хетæгкаты Къостайæн сæ зæххон цард куы фæцис, æмæ се ‘нусон цард куы райдыдта, уæд. Уыцы рæстæг фыссæгæн бæрзонд схызт йæ публицистикон архайд дæр. Дзæуджыхъæуы, Калачы, Бакуйы æмæ Бетъырбухы мыхуыры дзыллон фæрæзты арæхæй-арæхдæр зынын райдыдтой йæ публицистикон уацтæ, очерктæ, фельетонтæ æмæ уацхъуыдтæ. Афтæ зæгъæн дæр ис, æмæ йæ алыварс æрбамбырд кодта ирон сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæртты.
Къостайы фæстæ Арсен дæр ирон дзыллæйæн æмбарын кодта се ‘нусон хæс Мад-Ирыстоны раз. Хуыдта сæ йæ фæдыл, ирон нацийы уидæгтæ ма цардхъомысы рухс кæцæй истой, уыцы уазнысантæм. Нæ куырыхон фыссæг адæмы бæрзонддæр æууæлтæ уыдта бæркадджын фæллойы — зæххыл дæр, фыссынады дæр, рухсады дæр. Йæ иубæстон адæмæн æвæллайгæ лæггадгæнгæйæ, уый нывæфтыд кодта ирон национ уагæвæрды æнусон хæзнатæ. Æмæ сæ баста кæрæдзимæ ирондзинады æнкъарæнтæй, иудзинады æмбарынадæй, лæгдзинады комулæфтæй. Уыцы куырыхон зондахастимæ Арсен тох кодта ирон адæмы сæрвæлтау, хурмæ хаста, Малхазау, æдзухдæр хистмæ чи тырныдта, уыдоны ныллæг удты «æцæгдзинад».

Арсен искæй ныхæстæй нæ зыдта йæ адæмы цард, æмæ уымæ гæсгæ йæ уацмысты цы базырджын хъуыдытæ æхсыстысты, уыдон рауадысты уырнинаг æмæ цардхъомыс. Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады рæстæг не ‘хсæнады цардарæзт ивд æрцыдис æртæ хатты. Фыццаг уыди æмæ Иры дзыллæ бахаудис базарадон ахæстыты. Фæлæ йыл ахуыр дæр нæма систæм, афтæ ныггуыпп кодта Æртхъирæны мæйы революци, æмæ æхсæнадон цард баппæрста арвистоны уылæнты. Цы уыдыстæм, уый æмбаргæ дæр нæма бакодтам, афтæмæй нын “Аврорæ”йы гæрах фехъусын кодта, æндæр дуджы кæй цæрæм, уый. Ралæууыд Кæфты мæйы фæфæлдæхт, æмæ та нæ иубæстон адæм бахаудысты ног фæлварæнты уацары. Ирон дзыллæйы сæрыл куырой нæ разылд, æндæр цы нæ бавзæрстой, ахæм нал баззад.

Цард æмæ мæлæты ‘хсæн уавæрты Арсен йæхи царды кой нал кодта, фæлæ йæ Ирыстоны фидæныл уыдысты йе ‘ппæт сагъæстæ дæр. Фарн, æгъдау, фæтк æмæ царды бындуртæ кæй хæлдысты, уый йын йæ уд æрдуйæ нарæгдæр скодта, фесæфта йын йе ‘хцонад æмæ йе ‘нцойад. Æнæмæнг, уый тыххæй йе сфæлдыстады дыккаг æмбисы цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны мидæг зынгæ бынат бацахстой æфсымæрдзинады æмæ æгъдауы бындурыл цардарæзты нывтæ. Уыдоны цардхъомысы Арсен уыдта фæткæвæрды уазнысанты уæлахиз. Æмæ, куыд нывгæнæг, афтæ æнæхъæнæй дæр йæ тыхтæ сарæзта йæ хъайтарты сурæттæ бындуронæй æвдисынмæ. Йæ дзырдаивады уыцы сæйраг æууæлты уыдис йæ аивадон тых. Суанг æппæрццæг фæлгонцты мидæг дæр фыссæг архайдта уырнинагæй æвдисынмæ, никуы ахызтис æцæгдзинады арæнтæй.

Лæгдзинады фидиуæг

Ирон дзырдаивады Арсены базырджын уацмыстæ ахсынц цæстуынгæ бынат. Æмæ кæд йе сфæлдыстады арæнтыл æнцон афæлгæсæн нæу, уæддæр нæ цыдæр æнахуыр тых æнæрлæугæ уырдæм разæнгард кæны. Æрдхæрæны къæсæрæй куы бахизæм, уæд фыццаг къахдзæфæй фæстæмæ бахауæм сагъæсы уацары. Арсен цардис æмтъеры дуджы. Ног цардаразджытæ ферох кодтой адæймаджы уаг, фыдæлты æгъдæуттæ баивтой æнæбындур бæллицтæй æмæ адæмы æртардтой раууаты бынатмæ. Абон цы æнæсæрфат дуджы цæрæм, уымæн дæр йæ уидæгтæ уым сты, уырдыгæй райдыдта æмбийын йæ сау билцъ. Ахæм уавæрты æнцон цæрæн, æнцон фыссæн æмæ æнцон улæфæн нæ уыдис, фæлæ уæддæр Коцойы-фырт йæ иубæстон адæмы хызта æнæбындур хъуыддæгтæй: «Адæм хæлæгæй, хæрамдзинадæй æмæ фыдæнæн кæрæдзиуыл бирæ цыдæртæ фæмысынц, æмæ уыдæттыл æууæндын æдылыдзинад у». Æууæндын сæ кодта дзыллæйы кад æмæ намысыл: «Ирон цард æфсармæй рæсугъд уыдис».

Арсен уый тыххæй канд сæрмагонд уацтæ нæ фыста, фæлæ ма сæ йæ уацмысты æвдисгæ дæр кодта. Чи зоны, уымæн хæстæг лæууынц зæрдæ æмæ зондмæ Арсены хъайтартæ, суанг йæ фæрсагон архайджытæ дæр. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма сын автор сæ фæлгонцтæ, сæ уагæвæрдтæ фысгæ нæ ныккодта, фæлæ сæ фæлмæн ахорæнтæй дæрзæг кæттагыл снывæзта, хæрдгæ хæлттæй сбыдта. Йæ дыууæтомон уацмысты æмбырдгонды ахæм дæнцæгтæ иу æмæ дыууæ нæй. Йæ иу ныстуаны фыссæг афтæ фыста: «Кæмдæриддæр уон — æз кæндзынæн мæхи æгъдау». Ацы фæдзæхсты æвдыст æрцыдис Арсены зæрдæйыуаг æнæхъæнæй дæр. Ирыстоны Коцойты коцораджын лæппуйы зыдтой æмæ зонынц ЛÆГДЗИНАДЫ ФИДИУÆГÆЙ. Уый уымæн афтæ рауад, æмæ куырыхон фыссæджы философи æнцой кодта йæ иубæстон адæмы национ уагæвæрдыл. Нæ цæугæ мæсгуытæ æмæ лæугæ хæхты фарн ирон æхсæнады буары куы ахъара, æрмæстдæр уæд фервæздзыстæм æнæсæрфаты уацарæй. Ирон адæмы минæвæрттæ ацы цъæх арвы бынмæ цæрынц цалдæр мин азы бæрц. Дызæрдыггаг нæу, уыцы миназонты нæм Арсены хуызæн куырыхон фысджытæ куы уыдаид, уæд ма Хъобайнаг культурæйы бирæ æвдисæндартæ æмæ Нарты кадджытæ баззадаиккой нæ историйы къæбицы. Фæлæ, не ‘намондæн, не ‘хсæнады аллон-биллонтæй хæххон дзиглотæ фылдæр кæй уыдис, уымæ гæсгæ, Цомахъы загъдау, «æнкъард у Ирыстоны астæуккаг æнусты истори». Æнкъард уымæн у, æмæ Анахарсис, Токсарид æмæ æндæрты фæллад стджытæ æбæрæг рæтты хъæрзынц, æнцой нæ арынц. Фæлæ махмæ сæ тухи нæ хъуысы…

Нæ разагъды лæгтæй бирæты аивадон сфæлдыстад æнусты тары фесæфт æмæ не ‘рхæццæ абоны дугмæ. Уымæ гæсгæ нын лæгдзинады фидиуæг Арсены хуызæн фысджыты сфæлдыстад хъуамæ уа цалдæр мин хатты зынаргъдæр. Уымæн æмæ нæ æрмæстдæр ахæм адæймæгты фарны уарт бахъахъхъæндзæнис æдзæлгъæды культурæйы тæвагæй. Фыссæджы дунембарынад, йæ куырыхон дуне зæрондæй-зæронддæр нæ кæнынц, фæлæ æрыгонæй-æрыгондæр, бæрзондæй-бæрзонддæр, æнусонæй-æнусондæр.

Æмтъеры дуг куы ралæууы, уæд дзы ферох вæййы адæймаг. Ахæм æцæгдзинады мидæг цардис Арсен дæр, фæлæ уæддæр «дыкъахыг» дæлимонты амæттаг нæ баци. Йæ бон бацис сыгъдæг цæсгомимæ йæ дуджы æнæсæрфат уаджы æмвæзадæй бæрзонддæр схизын. Æмæ цæй фæрцы, зæгъгæ, куы ахъуыды кæнæм, уæд æрцæуæм æрмæстдæр иунæг хатдзæгмæ: йæ развæлгъау зонды фæрцы. О, фыссæджы зонды къуыбар уыдис парахат æмæ нæрæмон. Уый схуыста туджы цыд, рæмыгъта удварны æнцойдзинад, абухта зæрдæйы уидаг. Æмæ уыцы ныббырстæн уыдис тынг зын бауромæн, уымæн æмæ адæймаджы хъомысæн уый хаста уидæгты фарн æмæ стъалыты рухс. Коцойы-фырт бирæ адæмтæ æмæ бæстæтæ федта æмæ дзы хорзæй цыдæриддæр федта, уыдон бафтыдта йæ адæмы фарныл. Арсен Арсен нæ уыдаид, афтæ куы нæ бакодтаид, уæд. Лæгдзинады фидиуæг уыдис цытджын æмæ намысджын адæймаг. Æмæ суанг мæйы уæлцъарыл иунæгæй куы цардаид, уæддæр йæ лæгдзинад нæ фæцудыдтаид. Лæгдзинады пехуымпартæ — Иуане, Аксо, Къоста, Елбыздыхъо, Нигер æмæ Æрнигон — бирæ хæрзты бацыдысты нæ Ирыстонæн. Æмæ уыцы алæмæттаг арвæрдыны хуызтæй иу уыдис

Ирондзинады пехуымпар
Коцойты Бибыцы фырт Арсен. Ирондзинады пехуымпар Арсены ирондзинад… куырыхон фыссæджы чи зоны, йæ уацмыстæ йын чи кæсы, йæ бæллицтæ йын чи æнкъары, йæ фæдзæхстытæм ын чи хъусы, уыдон бамбардзысты ацы рæнхъытæн сæ расайæг æууæлтæ. Фæлæ сын æз рагацау зæгъынмæ хъавын мæ сусæг хъуыдытæй иу: æвæццæгæн, уыцы æрдхæрæны зарæджы минмырон æмæ минзæлон комулæфт раиртасын къухы нæ бафтдзæн. Æмæ ахæм хæс нæ размæ æвæринаг дæр не стæм. Нæ ныхасы сæр йæ ирондзинадыл у. Уæдæ цæй мидæг ис нæ аив дзырды зæрингуырдæн йæ ИРОНДЗИНАД? Цавæрфæнды адæмыхатты номмæ дæр бафтау «дзинад», æмæ кæд уыцы ног дзырд удæгас æнкъарæнтæй байдзаг вæййы, уæд уый свæййы дзыллæйы монон дунейы астæумагъз æмæ нацийы сæрыстырдзинад. Афтæ мæм кæсы, цыма абон Иры дзыхъæн йæ къуындæг арæнтæ стонынмæ куы хъавынц не знæгтæ, тугмондаг стигъджытæй адæм сæ хъуырмæ куы систы, æхсины æмæ тæрхоны лæгтæй фæллойгæнæг йæ удхæссæг куы федта, уæд та нæ цытджын фыссæгæн йæ ирондзинады ахадындзинад зынгæ фæбæрзонддæр.

Нæ ирон профессион прозæйы бындурæвæрæджы куырыхон сфæлдыстадыл нæ цæстæнгас бæлвырдæй куы ахæссæм, уæд бамбарæм, фыссæг дзыллæйы национ ном бахъахъхъæныны зондыл цæмæн ныллæууыд, уый. Уымæй уæлдай ма дзы ссарæм, абон нæ тынг чи тыхсын кæны, уыцы риссаг фæрстытæн дзуаппытæ. Ссарæм, о, фæлæ куыд зын вæййы уыдоныл иннæты дæр баууæндын кæнын. Уыцы фæрстытæн се ‘ргом цæсгом бирæ уæз кæны, æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау уæхскуæзæй кусынвæнд чи не скæна, уымæн йæ бон никуы бауыдзæнис Арсены куырыхон сфæлдыстадмæ æрбахæстæг уæвын. Фыссæг ма иу афæдз куы фæцардаид, уæд йæхи цæстытæй федтаид Уæлахизы зæлтæ. Æмæ йыл кæд дыууадæс æмæ æртиссæдз азы цыдис (ирон классиктæй уыцы кармæ ничи фæцард), уæддæр йæ зæрдæмæ бирæ ног æнкъарæнтæ бахызтаид, уæлахиздзаутимæ цингæнгæ æмæ æдзард удтыл сидзæртимæ хъыггæнгæйæ. Æгæрон уарзтæй уарзта уый йæ ирон адæмы. Цæмæй мах Арсены хуыздæр базонæм, уый тыххæй мах дæр хъæуы, бирæ цæмæйдæрты иронæй-ирондæр чи уыдис, уый хуызæнмæ тырнын. Хъуылаты Созырыхъомæ ис ахæм ныхæстæ: «Сæрæй къæхтæм ирон лæг!». Афтæ мæм кæсы, цыма уыдон загъд сты Коцойы-фырты хуызæн сагсур нæртон удты тыххæй. Нæ цытджын фыдæлтæн денджызæй денджызмæ арæнтыл сæ бон гуыдыр æвæрын уымæн нæ баци, æмæ сын, фыццаджы-фыццаг, нæ фаг кодта иудзинад. Сæ национ уды тæваг-иу кæд æндæр адæмты стыр дисы æфтыдта, уæддæр ын сæхæдæг аргъ кæнын нæ базыдтой. Чи зоны, Арсены хуызæн куырыхон фысджытæ сæм куы уыдаид, уæд, æппынкъаддæр, сæ национ удварны æнкъарæнтæ урс гæххæттыл фыст уæддæр æрцыдаиккой. Ирон аив дзырды зæрингуырд Коцойы-фырт сныв кодта æмæ равдыста, цард æмæ мæлæты æхсæн уавæрты чи цард æмæ ирондзинад чи бæрзонд кодта, ахæм сахъ лæппутæ æмæ уаз чызджыты сурæттæ. Фыссæг йæ алы рæнхъ, йæ алы фæлгонц, йæ алы уацмысæй дæр хъахъхъæдта нæ дзырдаивады сыгъдæгдзинад, иудзинад æмæ ирондзинад. Адæмы цард, фыдызæххы зард, дзыллæйы цин æмæ къонайы рис Арсены хъустыл уадысты. Къостайы загъдау, хæларæй, уарзонæй, рæстæй… Уыцы æртæ цæджындзыл æнцой кодта йæ удварн, йæ удыконд æмæ йæ удыхъæд. Рæстæг, дуг æмæ адæймаг ын йæ дзырд æрхæццæ кодтой XXI æнусы райдайæнмæ. Арсены ирондзинад фидæны дуаргæрон æрлæууыдис сæрыстырæй, сæрибарæй, зæрингуырдæй. Фыссæджы минмырон æмæ минзæлон уацмыстæ ирон адæймагæн (ирондзинад йæ уд æмæ йæ зонды кæмæн ис) систы уазнысан æмæ фарнхæссæг.

Уæлтæмæнады уазнысан

Коцойты Арсен йæ адæмы фарн, йæ дзыллæйы кад, йæ зæххы намыс систа Иры дзыхъхъæй — Арвы дзыхъмæ æмæ сыл, арвæрдынау, узæлыд. Ирон адæмы монон комулæфты зæлтæ Арсены хъустыл уадысты хæларæй, уарзонæй, рæстæй… Дзырдаивады зæрингуырдæн йæ удварн, йæ лæджыхъæд, йæ удысконд фестадысты зырнæджытæ æмæ нæ дзырдаивады гæнахыл æрбадтысты сæрибарæй, сæрыстырæй. Арсен иуæрдыгæй уыдис нывгæнæг, лæгдзинад æмæ намысы зæрæггæнæг, иннæрдыгæй — сыгъдæг æмæ адæмæн уарзон адæймаг. Нæртон лæгау, фыссæг йæ чингуытæм æмбырд кодта арвы цин, дунейы фарн æмæ зæххы сой. Уымæ гæсгæ сæ куыддæр байгом кæнæм, афтæ нæ цæстытыл ауайы сæ мидис, нæ хъустыл сæмбæлы сæ уæздан, куырыхон æмæ базырджын ныхас. Уый фæстæ нæ размæ рацæуынц йæ хъайтартæ, æмæ бахæлар вæййæм æнустæм: сабитæ — Чермен æмæ Габоимæ, фæсивæд — Хосдзау æмæ Хъæвдынимæ, Хъуыдинæ æмæ Мæдинæимæ, хистæртæ — Тедо æмæ Симонимæ. Æнусты фарн мады æхсырау æнхъæвзы нæ буары, æнхъæвзы нæ тугдадзинты æмæ нæ ахоны уæлтæмæнады фæндагыл.

Уыцы балцы мидæг лæмæгъ чи разыны, уый фæстæмæ раздæхы, иннæтæ та сæ уд снывонд кæнынц дзыллæйæн лæггад кæнынмæ. Арсены аивадон дунейы минмырон æмæ минзæлон хъæлæс та сын свæййы фæндагамонæг стъалыйы хуызæн. Ирондзинад йæ уд, йæ зонды кæмæн ис, уыцы аллон-биллонтæн Арсены ныхасыуаг у мыггагмæ фæзминаг æмæ нымаинаг. Бынтон табу кæнинаг та у йæ дзырды фарн. Дзырдаивады зæрингуырдæн йæ базырджын ныхасы дун-дуне кæны æмызмæлд. Уырдыгæй, Нарты Уырызмæгау, нæ размæ рахизы æмæ райдайы йæ базырджын ныхас — таурæгъон хъайтар Арсен: «Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд алы фос, алы сырд, алы маргъ — къæйттæ-къæйттæ уыдысты. Æрмæст ма фыццаг лæгæн нæ уыди къай. Æнкъардæй рацу-бацу кодта уый дзæнæты цæхæрадоны æмæ дис кодта: «Ай алы сырд æмæ маргъ иууылдæр къæйттæ-къæйттæ куы сты, уæд мæнæн цæуылнæ ис къай? Хуыцау ын бамбæрста йæ зæрдæйы хъуыдытæ æмæ йын æркодта ус». Куырыхон фыссæджы развæлгъау ныхасмæ хъусгæйæ, баиу вæййæм æрдзы уынæримæ, аныгъуылæм сагъæсты фурды æмæ барвæндонæй æрцæрæм Арсены базырджын дунейы. Аргъауæццаг бæстæйы мах базонæм, «Гигойы куадзæн»-ы хабæрттæ, «Фыдбылыз»-ы аххосæгтæ, «Царды зилдухæнты» хус къæбæртæ чи хæры æмæ «Æхцайы чырынтæй» чи хъазы, «Цыппар туаллагæй» растдæр чи у, «Дадолты мæт» цæуыл у, «Декрет»-ы цы фыст ис, «Дыууæ фембæлды» цæуыл ахицæн сты, «Фыццаг лæг æмæ ус» куыд баиу сты, Хуыцау «Хур æмæ мæй» куыд сфæлдыста æмæ «Мæлæтæй тыхджындæр» цæмæн ницы ис, уый. Цард æмæ уæвынады астæуккаг цæджындз — мадæлон æвзагмæ дæр Арсен кастис зæрингуырды цæстæнгасæй: æвзагыл дзургæ, ауæрдгæ æмæ аудгæ куы нæ кæнай, уæд дæм йе ‘ргом никуы раздахдзæнис. Нывгæнæгмæ та мадæлон æвзаг йе ‘ргом куы нæ раздаха, уæд хуымæтæджы нымæрдары æмвæзадæй бæрзонддæр никуы схиздзæнис. Ирон æвзагыл дзурынмæ, ирон æвзагыл ауæрдынмæ, ирон æвзагыл аудынмæ та Арсен уыдис дзырдаивады зæрингуырд. Дзырд «зæрингуырд» арæзт у дыууæ хайæ, æрмæст дзы сæйрагдæр «зæрин» нæу, фæлæ «гуырд». Ирыстонæн ма Хуыцау Арсены хуызæн гуырдтæ бирæ куы раттид.

***

Ныр та мæ дыууæ ныхасы зæгъын фæнды, Арсены уацмыстæ ирон æхсæнадæн иумæйагæй цы ахъаз фесты, уый тыххæй. Фыццаджыдæр, нæ разагъды фыссæг тырныдта Иуане, Аксо æмæ Къоста цытджынæй цы аивадон-хъомыладон хæс æххæст кодтой, уый адарддæр кæнынмæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Йæ аивадон уацмысты ирон æхсæнадæн радта уæрæх нывтæ, сбæрзонд кодта ирон лæджы уагæвæрд, бахъахъхъæдта йын йæ ном æмæ йæ намыс. Фæлæ уый уыдис хъуыддагæн йе ‘мбис. Бæрзонд уазнысантыл æнцойгæнгæйæ, Арсен Малхаз, Къутæрджыны устыты, Никъо æмæ Маро, Сауджын æмæ диакъоны хъазгæмхасæн фæлгонцты хурмæ ракалдта, ирон лæджы ном чи худинаг кодта, уыцы æууæлтæ. Коцойы-фырты радзырдтæ махæн зынаргъ сты канд сæ историон рæстдзинадæй нæ, фæлæ дзы цардæн цы идейон-эстетикон аргъ лæвæрд цæуы, уымæй дæр. Йæ мидныхасы тыгъдадыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы уырнинагæй банкъарæм, фыссæджы аивадон хъуыды йæ хъайтарты миддунейы куыд арф ныххызти, уый. Уыцы психологион агурæнты ис йæ уацмысты бæрзонддæр ахадындзинад. Фæлæ Арсены радзырдты сæйрагдæр хъайтартæ, фыццаджыдæр, сты ирон цард æмæ национ æцæгдзинады уагæвæрдтæ. Æмæ йын цас арфдæр бамбарæм йе сфæлдыстадон агурæнты ратæдзæн, уыйбæрц нæм æвзæрын кæны фылдæр цымыдис. Хъыгагæн, Арсенæн нæ уыдис, комкоммæ йын йе сфæлдыстадон хахх чи адарддæр кодтаид, ахæм монон фæдонтæ. Фæлæ бирæ курдиатджын фысджытæ æнæ банкъаргæ нæ фесты йе сфæлдыстадон тæваг. Уыдоны номхыгъды сты: Фæрнион, Созырыхъо, Гино, Куыдзæг, Дæбе æмæ иннæтæ. Алы ирон фыссæг дæр ын йæ фæлтæрддзинадæй иста, вазыгджын æм дзы цы касти, уый. Æмæ-иу æй йæхирдыгонау дарддæр кодта йæ идейон-аивадон агурæнты. Ардыгæй, махмæ гæсгæ, райдайынц, Арсены уацмыстæн аргъ кæныны хъуыддаджы цы бирæ фæзилæнтæ ис, уыдон. Уыцы бирæвæрсыг цæстæнгасы алдымбыдыл лæмбынæг куы асагъæс кæнæм, уæд нæ бон бауыдзæн сбæрæг кæнын, йе ‘цæг фæдонтæ чи сты, уый. Æмæ уымæн ис йæхи æмбарынад. Фыссæг-иу царды астæумагъз куы бамбæрста, æрмæстдæр-иу уый фæстæ бацæуын кодта архайды мидæг йæ хъайтартæ æмæ архайджыты. Сæвæрдта-иу сæ ‘вазыгджын уавæрты, ныууагъта-иу сæ уым хатдзæгтæ кæнынмæ, æмæ-иу сæм æрмæстдæр уый фæстæ бадардта æххуысы къух. Уыцы æппæт хъуыддæгтæ Арсен арæзта, куыд нывгæнæг, афтæ. Гъе уымæн, фыссæджы радзырдтæ кæсгæйæ, фыццаджыдæр, нæ цæстытыл ауайынц реалон царды нывтæ. Уый фæстæ æцæгдзинады нывтæ æрдзон хуызы æрцæрынц нæ миддунейы.

ХОЗИТЫ Барис, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here