Кучиты Эльбрусы номарæн къæй

0
792

Ирон адæммæ ис æмбисонд, зæххыл иу бæлас чи ныссагъта, уыцы адæймаг дæр дзæгъæлы нæ фæцард. Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт дохтыр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады раздæры министр Кучиты Эльбрус йæ царды хорзы бирæ адæмæн бацыд. Цы бæрнон бынæтты куыста, уым кæддæриддæр фæллой кодта бæрнонæй æмæ сыгъдæгзæрдæйæ, зæрдиагæй кодта æхсæнадон, хъомыладон куыст.

Эльбрус цалдæр азы размæ фæхъуыд не ‘хсæнæй, фæлæ йæ рухс ном рох нæу адæмæй. Бирæ азты Дзæуджыхъæуы Тамайы-фырты уынджы 19-æм хæдзары цард. Уый къулыл знон кадджын уавæры байгом кодтой номарæн къæй. Йæ автор — æрыгон курдиатджын скульптор Хайты Ибрагим. Ацы цауы фæдыл цы номарæн æмбырд арæзт æрцыд, уым архайдтой Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæрнон кусджытæ, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы разамынд, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ахуыргæндтæ, Кучиты мыггаджы минæвæрттæ, зындгонд дохтыры бинонтæ, хæстæджытæ, хæлæрттæ, зонгæтæ.

Номарæн къæй байгом кæныны кадджын бар лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы кадджын ветеран Сабеты Викторæн, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ректоры хæдивæг, медицинон наукæты доктор Бутаты Таймуразæн, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гозымты Раманæн.

Уый фæстæ зындгонд дохтыры, Дзæуджыхъæуы кадджын гражданин Кучиты Эльбрусы тыххæй сæ зæрдæбын мысинæгтæ, хъуыдытæ радзырдтой Ветеранты республикон советы сæрдары фыццаг хæдивæг Бедойты Руслан, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гозымты Раман, РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр, композитор Тедеты Шаликъо. Уыдон сæ раныхæсты Кучиты Эльбрусы равдыстой дæсны дохтырæй, принципиалон æмæ бæрнон разамонæгæй, хъæбатыр хæстонæй, цæстуарзон æмæ зæрдæхæлар дзырддзæугæ хистæрæй. Æмбырды уæвджытæн мыггаджы номæй арфæ ракодта раздæры партион æмæ æхсæнадон кусæг Кучиты Агуыбе. Уый фæстæ номарæн æмбырды архайджытæ Кучиты Эльбрусы номарæн къæй саив кодтой дидинджытæй. ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here