Рæстдзинад

0
813

Рæстдзинад царды цæмæн нæй?!
Ныр уын æй зæгъон æргом:
— Уымæн æмæ лæгдзинад ныффынæй,
Æмæ алчидæр нæ дары рон.

Æмæ рæстдзинад дунейы куы уаид,
Уæд цардæн дæр уаид аргъ,
Æмæ лæджы ном сыгъзæрин суаид,
Æмæ йæ бонтæ уаиккой даргъ.

Æмæ рæстдзинад чи уарзы царды,
Чи йæ агуры гуырдзæй,
Уый алыхатт дæр вæййы нымады,
Хъæбатыр гуырд — уый æрдзæй.

Фæлæ рæстдзинад чи халы царды,
Чи йæ уæй кæны ‘хцайыл,
Уый нымад уыдзæни мардыл,
Уымæн æмæ адæмы сайы.

Æмæ рæстдзинад нæй ныр нæ царды,
Зын у уый иунæгæй скæнын,
Æмæ иу ран нæ хъæуы бадын,
Фæлæ хъæуы уый тыххæй змæлын.

Æмæ рæстдзинад уыдзæнис искуы,
Хуыцау нын æй ратдзæн æрдзæй.
Æмæ мæнгард адæм нал уыдзæн никуы,
Аласдзæн уыдоны зæй.

ТОМАЙТЫ Заза

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here