Ног чингуытæ — Ирыстоны историйы тыххæй

0
617

Знон Цæгат Ирыстоны Социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты æмбырдтæгæнæн залы уыд цæлхæмбырд. Йæ темæ: «Ирыстон-2017: абоны уавæр æмæ фидæны нысантæ». Æмбырды æрныхас кодтой Ирыстон, Цæгат Кавказ æмæ æгас Уæрæсейы æхсæнады размæ абоны алыхуызон æртхъирæнтæ æмæ фыдбылызты уавæры национ æдасдзинадыл куыд архайын хъæуы, сæйрагдæр хæстæ куыд æмæ цæй æххуысæй æххæст кæнын хъæуы, уыцы мадзæлттыл. Уыцы хъуыдыты фæлгæты æмбырды архайджытæ бæлвырд æрдзырдтой Кавказы геополитикон клубы секретарь-координатор Янæ АМЕЛИНА æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг Сæрдар ДЗУГАТЫ Къостайы чингуытыл.

Æмбырд амыдта Цæгат Ирыстон-Аланийы пысылмæтты удварны управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстон-Аланийы историктæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ ахуыргæндтæ. Æмбырды архайдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Янæ Амелинайы чиныг «Не едина и неделима. Осетия после Беслана и «августовской войны» арæзт у æхсæз хайæ. Æвдыст дзы цæуынц Ирыстоны царды цаутæ 2004-2016 азы онг. Автор бæлвырд æмæ бæстонæй æвдисы Гуырдзы Хуссар Ирыстонмæ ныббырсынмæ йæхи куыд цæттæ кодта, 2008 азы августы хæстон архайды цаутæ куыд цыдысты, Хуссар Ирыстоны моралонпсихологион фæстиуджытæ фæсхæст æмæ 2011-2012 азты æвзæрстыты тыххæй, стæй Цæгат Ирыстоны Беслæны фыдбæллæхы æрхæндæг куыд ныддæргъвæтин, уыдæтты тыххæй. Янæ Амелинайы чиныджы тыххæй бæстонæй раныхас кодтой Дзугаты Къоста, Цыбырты Людвиг, Бзарты Руслан, Дзидзойты Валери æмæ Къесаты Станислав. Раныхасгæнджытæ се ‘ппæт дæр зæрдæбын арфæтæ ракодтой Янæ Амелинайæн, дыууадæс азы дæргъы ахæм биноныг, бындурон куыст кæй бакодта æмæ Ирыстоны историон наукæмæ аккаг бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй. Дзугаты Къостайы чиныг «На пути к воссоединению Осетии» бæлвырд æмæ бæстон ныхас ракодта Янæ Амелина. Чингуытыл дзургæйæ, æмбырды архайджытæ æнæ бафиппайгæ нæ фесты Хуссар Ирыстоны абоны уавæртæ, арфæйы ныхæстæй æрымысыдысты, кæддæр Хуссар Ирыстоны фидæныл зæрдиагæй чи архайдта, уый — Таболты Сергейы. Зæрдыл æрлæууын кодтой, Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ баиуæн кæцы азты æмæ цал фæлтæрæны скодта, уыдон. Æрныхас кодтой, уыцы хъуыддаг абон цы уавæры ис æмæ дарддæр куыд хуыздæр архайгæ у, уыцы фарстатыл дæр.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here