Не знаг нæхи мидæг ис

0
1536

Диссаг стæм, æвæдза, мах, ирон адæм. Нæ ныхас, нæ зонд кæрæдзиуыл куыд нæ бады. Иу нæ «О» куы фæзæгъы, уæд иннæ хъуамæ «Нæ!» зæгъа. Афтæ та рауад, нæ фыдæлтæ, аланты фæдыл æрæджы Цæгат Ирыстоны цы ныхæстæ, æмбырдтæ арæзт æрцыд, уыдоны. Алы хъуыдытæ, хатдзæгтæ кодтой. Æмæ сын газет «Рæстдзинад»-ы историон наукæты доктор Бзарты Руслан йæ уац «Нæ райгуырæн бæстæ уыцы-иу рæстæг у Алани æмæ Ирыстон»-ы бæлвырд дзуаппытæ радта. Уый уым фыссы: «…европæйаг æмæ уæрæсейаг наукæйы ирæтты рагæй-æрæгмæ нымайынц, алайнаг æвзаг, этнокультурон æмæ социалонполитикон традици чи хæссы, дунейы уыцы иунæг адæмыл. Зындгонд аланиртасджытæ сты Юлиус Клапрот, Андерс Шегрен, Всеволод Миллер, Юлиан Кулаковский, Георгий Вернадский, Гарольд Бэйли, Жорж Дюмезиль, Скотт Литтлтон, Ладислав Згуста, Герардо Ньоли, Владимир Кузнецов, Верæ Ковалевская, Фридрик Тордарсон, Агусти Алемань, Александр Лубоцский æмæ æндæр стыр ахуыргæндтæ». Уæддæр æнцад нæ бадынц цыракæнонтæ. Хъуамæ урсæй зæгъой сау. Уый фыдæй ма, мах алантæм ницы бар дарæм, ахæм хъуыды дæр адæмы æхсæн тауыс кæнынц. Æмæ, чи зоны, уыдон сæхи тыххæй дзурынц: аланты паддзахады æндæр знæмтæ дæр цардис, æндæр æвзæгтыл дзырдтой, фæлæ дзы чидæртæ ирон æвзагыл сдзырдтой, сæхион та рох фæкодтой. Æмæ кæд абон, нæ фыдæлтæ алантæ нæ уыдысты, зæгъгæ, чи дзуры, уыдон уыдоны байзæддаг сты. О, фæлæ сæ хъуыды æппæт ирон адæмæн цæмæн хъарынц, уымæ чи бæллы æмæ йыл чи архайы, уыцы адæмты куыроймæ дон цæмæн уадзынц?! Мах не ‘мбарæм, ирон уæвгæйæ иронау фыссын, кæсын, дзурын нæ, фæлæ цалдæр ныхасы зæгъын дæр чи нæ зоны, ирон ныхас чи не ‘мбары, уыдон та цы алан, алан кæнынц, нæ ирон ном ирон, Ирыстоны ныхмæ цы систы, алантæм цы бар дарынц?! Гадзрахатæй куы рацыдысты сæ фыдæлтыл, уæд ма сын сæ номæй цы кæнынц? Цы сын кæны нæ ног ном осетины, Осетия? Æвæццæгæн, æцæг ирæттæ кæй не сты, уый сын сæ цæсты сындз фестын кодта нæ ирон нæмттæ: ирон æмæ Ирыстон. Æмæ архайынц дæлдзинæг сæ кæныныл. Сæхи ивазынц алантæм. Ном ницы давы, йæ аккаг хъуамæ уай. Къоста нын алцæмæй дæр у фæзминаг æмæ нын афтæ ныффæдзæхста: «Дæ фыдæлтæ — рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!» Цæмæй аланты аккаг уай, нæ абоны Ирыстоны цæргæйæ «уæрæседзау» ма уай, уый тыххæй уал сын се ‘взаг сахуыр кæн, базон! Нæ алыварс цæрæг æндæр адæмтæй нæ фыдæлтæ алантæй йæхи чи буц кæны, уыдонæн та бузныг зæгъын хъæуы, сæ зæххытыл цæргæйæ сын сæ ном кæй нæ рох кæнынц, сæ номыл егъау кулдуæрттæ æмæ æндæр номарæнтæ кæй аразынц, уый тыххæй. Нæ фыдæлтæ аланты нын ничи байсдзæн, цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг уа, уæдмæ! Мах кæрæдзи фаугæ æмæ æфхæргæйæ, нæ фыдæлтæ — алантæн кад кæнынæн дæр нал стæм. Дзæуджыхъæумæ Беслæны ‘рдыгæй æрбахизæны нын кæддæруæддæр бантыст Нарты кадджытæй Ацырухсы егъау фæлгонц згъæр тæгтæй сæвæрын. Хæрдмæ бæрзонд фæцыд, дардæй дæр æй цæст ацахсы. Йæ сæрмæ йæ къухты дары Хуры фæлгонц. Нæ таурæгъон фыдæлтæ Нартæн Хуримæ дæр уыд хæстæгдзинад. Сосланы цардæмбал Ацырухс уыд Хуры чызг. Сæ фарн бирæ уæд, ацы фæлгонц скæнын æмæ йæ ам сæвæрын кæй хъуыдыйы æрцыд, уыдонæн. Фæлæ та йыл уæд цыдæр сæрхъипп «Фатимæ» ном авæрдта. Æмæ ма йæ абон дæр чидæртæ афтæ хонынц. Афтæмæй ацы номмæ ницы бар дары. Уый дæр та дзурæг у, нæхи кæй нæ зонæм, ууыл!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here