«Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайад

0
8

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Координацион советы æмбырды ‘рныхас кодта сывæллæттæ æмæ фæсивæды æппæтуæрæсеон  «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайады архайд æмæ рæзты фарстатыл.

Видеобастдзинады руаджы ныхасы архайдта «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон æмархайды департаменты разамонæг Ольга Негрова. Советы уæнгтæн Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй, рæзгæ фæлтæртæ хъомылгæнгæйæ, ахсджиаг у системон политикæйæ пайда кæнын, æрыгæтты æргом æхсæнадон-политикон хъуыддæгтæм здахын. «Комкоммæ – уынаффæтæ исыны, практикон æгъдауæй сæ царды уадзынмæ. Уыдонимæ сты æвзонг граждæнты бартæ, сæрибартæ, интерестæ», – загъта Сæргълæууæг.

«Фыццæгты змæлд» абон у фæсивæдон политикæ æмæ ахуырады хъуыддæгты ‘хсæн ахадгæ коммуникацион фæрæз. Ахуырад æххæссы 6 азæй 25 азы онг рæзгæ фæлтæртыл. Цæгат Ирыстоны нырмæ байгом кодтам змæлды 240 райдайæн хайады, «Фыццæгты змæлд»-ы ис 91,5 мин уæнг æмæ зондамонæджы», – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Йæ хатдзæгмæ гæсгæ, регионалон хайады бæрзонд куыст æмæ архайд дарддæр хъахъхъæд цæудзæн æмæ рæздзæн. Республикæйы разамынд цæттæ сты æххуысмæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг зондамонджытæн бафæдзæхста бæрнондæр уæвын, куыдфæндыйы цæстæй ма кæсын, змæлды алы уæнг дæр цы хъуыды кæны, цæуыл мæт кæны, уымæ къæрцхъус уæвын.

Ольга Негрова куыд радзырдта, афтæмæй хъуыддаг сæрдыгон фæлладуагъд саразынимæ баст хъуамæ ма уа. Сывæллæттимæ, ныййарджытимæ  иудадзыг кусын хъæуы. Сæ кæцыфæнды хъуыддаджы дæр архайын, сæ цуры уæвын. Уый руаджы рæзгæ фæлтæртæ фæхæстæгдæр уыдзысты фæрнджын социалон къабазмæ, зондамонджыты фæзмдзысты.

«Фыццæгты змæлд»-ы регионалон æмархайды департаменты разамонæг куыд загъта, афтæмæй бæстæ бæрæг кæны Вожатыйы бæрæгбон, æмæ хорз уаид змæлды архайд уыцы фæндагмæ раздахын. «Фыццæгты Совет» фæсивæды хъæппæристæ царды равдисыныл архайы, сæрд уымæн хорз заман у. Махæн сæйрагдæр у райдайæн хайæдтимæ æмæ зондамонджытимæ кусын. Фæсивæд кæддæриддæр кæсынц хистæртæм, фæзмынц сæ. Регионалон хайад йæ алфамбылай зынгзæрдæ адæм кæй æрæмбырд кæндзæн, уый мæ уырны», – фæбæрæг кодта Ольга Негрова.

Советы рæгъмæ рахастæуыд куысты хатдзæгтæ дæр. «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайады архайд азы фыццаг æмбисы куыд рауад, ууыл ныхас кодтой. Змæлды грантон конкурсы хатдзæгтæ дæр сбæрæг кодтой, æндæр вазыгджын хъуыддæгтыл æрдзырдтой.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here