Ныхас – артаджы базарадыл

0
26

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло кæй сарæзта, уыцы оперативон æмбырды ныхас цыд артагæй нæ регионы фæлхасгæнджытæ æмæ куыстуæттæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны фарстатыл.

Фембæлды архайдтой хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ, стæй Монополийы ныхмæ федералон службæйы регионалон управлени æмæ цæстдарæг структурæты минæвæрттæ. Æмбырд гомгæнгæйæ, Сергей Меняйло загъта:

– Ныртæккæ нæ республикæйы фаг кæй æвæрæнтæ ис, уыцы артагæй ифтонгадмæ цæст биноныг дарæм. Фæстаг цалдæр боны дæргъы бæстæйы иуæй-иу регионтæ артаг æлхæнын райдыдтой раздæрæй фылдæр (хатгай та – цалдæр хатты фылдæр). Ацы æууæлы аххосæй хæдтулгæтæ артагæвгæнæн станцæты бамбырд вæййынц. Артаджы кадавар Цæгат Ирыстоны цæмæй ма сæвзæра, уымæн ахъаз кæнæм. Артагимæ баст уавæрмæ, стæй, артаг нæ республикæмæ куыд æфты, уымæ æрвылбон цæст дарæм.

Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, быдырон куыстытæ æххæст кæныны заман хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ артагæй ифтонг кæнын æмбæлы æнæлазæй. Артаг цæгатирыстойнаг артагæвгæнæн станцæты ис æви нæй, уый тыххæй хабæрттæ фыст кæм сты, республикæйы Сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ, бацæттæ кодтой ахæм информацион онлайн табло.

Нæ республикæйы чи ис, æппæт уыцы артагæвгæнæн станцæты тыххæй хабæрттæ кæдæм бахастой, регионы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады оперативон штаб сарæзта ахæм электронон картæ. Артаг нæ республикæйы артагæвгæнæн станцæты ис æви нæй, рæхджы нæ регионы цæрæг алы адæймаг æмæ уазæгмæ дæр уыдзæн амынд картæйы фæрцы уый тыххæй хабар базоныны бар.

Хабæрттæ кæдæм æфтынц, уыцы онлайн-табло фæлварæн уагæй кусын райдыдта.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here