23 апрелы тыхджын дымгæ кæй уыд, уый расайдта бирæ фыдбылызтæ: хъыгдард баййæфтой цæрæн хæдзæрттæ æмæ социалон нысаниуæджы объекттæ, электрон тыхдæттæн линитæ, бирæ бæлæстæ афæлдæхтæуыд… Тыхдымгæ стырдæр зиантæ ракодта Дзæуджыхъæуæн, Горæтгæрон æмæ Алагиры районтæн, стæй Æрæфы районы хæххон хъæутæн.
Сæвзæргæ уавæрæн аргъ скæныны нысанимæ хуыцаубоны изæрæй оперативон æмбырд уыд РЦИАланийы Хицауады. Премьер-министр Тускъаты Таймураз сæрдариуæг кæм кодта, уыцы фембæлды архайджытæ æрдзырдтой фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс æмæ уавæр банывыл кæныны фарстатыл. УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы хицауы хæдивæг Кокайты Алан йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй тыхдымгæйы тыххæй рагагъоммæ фехъусын кодтой æххæстгæнæг хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады органтæн. Кокайы-фырт куыд загъта, афтæмæй тынгдæр хъыгдард баййæфтой Дзæуджыхъæу æмæ Горæтгæрон район. Энергетиктæ, коммуналон службæтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады дæлхайæдтæ куыстой карздæргонд фæткмæ гæсгæ. Дзæуджыхъæуы сæвзæргæ уавæры тыххæй æмбырды радзырдта горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. «Дымгæ куы ‘рынцайа, уæд горæты уынгтæ æфснайынмæ рацæудзысты сæрмагонд бригадтæ æмæ техникæйы 50 иуæджы. Ныртæккæ та уал сæрмагонд бригадтæ горæты уынгтæ сыгъдæг кæнынц фæлдæхт бæлæстæй», — загъта Æлбеджы-фырт. Фыдбылызы аххосæй Горæтгæрон районы цалдæр хъæуы баззадысты æнæ рухсæй, Алагиры районы Фыййагдоны дымгæ систа пульмонологион рынчындоны сæр, цалдæр хъæуы хъыгдард баййæфтой скъолатæ, спортивон комплекстæ, æндæр социалон объекттæ. Оперативон æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй 20 адæймаджы бахъуыд дохтыры æххуыс, фæлæ уыдонæй рынчындоны æвæрын никæй бахъуыд. Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй, æвæстиатæй фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ бавналынæй уæлдай бæстонæй саразын хъæуы, фыдбылыз бæлвырд объекттæн цы зиантæ ракодта, уый фæдыл акттæ. «Фыццаджы-фыццагдæр та æргом аздахын хъæуы адæмы æдасдзинадмæ, уыимæ, банывыл кæнын хъæуы донцъирæнты, электрон тыхдæттæн линиты куыст», — фæнысан кодта премьер-министр. Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл Дзæуджыхъæу æмæ районты цы штабтæ арæзт æрцыд, уыдон знон дарддæр сæ куыст кодтой. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хуыцаубоны изæрæй горæты уынгтæ сыгъдæг кæнын чи райдыдта, уыцы бригадтæ æмæ техникæйы нымæц къуырисæры райсомæй ноджы фæфылдæр. Цалдæр сахатмæ горæты уынгты фылдæр хай асыгъдæг кодтой фæлдæхт бæлæстæ æмæ æндæр быронæй. Тыхдымгæйы аххосæй æнæ рухсæй цы донцъирæнтæ баззадысты, уыдон знон ногæй скусын кодтой. Электрон тыхдæттæн хæтæлтæ хъыгдард кæм баййæфтой, уыцы бынæтты куыстой акционерон æхсæнад «МРСК» æмæ муниципалон куыстуат «Владгорсвет»-ы цалцæггæнæг бригадтæ. Æлбегаты Барис горæты администрацийы структурон дæлхайæдты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй боны æмгъуыдмæ æппæт куыстытæ дæр ахицæн уой. Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæныны куыстытæ цæуынц районты дæр.
Нæ уацхæссæг














