Ивгъуыд æнусы зынгæ æхсæнадон æмæ паддзахадон архайæг Байаты Гаппо йæ мысинæгты куыд фыста, афтæмæй Ирыстоны фыццаг къамисæг уыди Дзанайты Садуллæ Дзæуджыхъæуæй, дыккаг къамисæг та цард æмæ куыста
Хуымæллæджы – Туаты Гого. Мæнæ ацы къам дæр уый ист у 1926 азы, уынут дзы Бызыккаты Мæцыхъо æмæ йæ кæстæр хо Залуханы, фæстæдæр уыд беслæныхъæуккаг Хуызмиаты чындз.
Ацы Мæцыхъойæ дын, газеткæсæг, мæ бон ницы радзурын у, нал æй хъуыды кæнынц мæ хъæуы ныры хистæртæ дæр, фæлæ се ’хсæн арæх рацæуы уымæн йæ фаззон æфсымæр Цымыхъойы кой. Уый, дам, уæды рæстæг адæмы ‘хсæн æппæтæй зынгæ дæр уынд æмæ кондæй дæр бæрæг дардта се ’хсæн, иннæтæй хицæн кодта йæ цæнгты хъаруйæ.
Кодта базарады куыст, уæртæ-иу сыхаг Гуырдзыстонæй ласта къахетаг сæн ам уæй кæнынмæ. Боцкъайы-иу цыд 500 литры бæрц, цалдæр хатт, дам-иу æй уыцы дард фæндагыл аивын хъуыд йæ бæхуæрдоны цалх, фæлæ, дам-иу, никуы никæй æххуыс бацагуырдта, йæхæдæг, дам-иу, йæ фæтæн уæхсчытæй гуыффæйыл схæцыд, цалх-иу рафтыдта, иннæ цалх-иу ‘рбатылдта.
Кæцыдæр аз Тифлисы нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, дам, Курадоны был йæ дыууæ ‘мбалимæ циркмæ бацыдысты. Ам-иу программæмæ гæсгæ æппæты фæстæ хæцынмæ рацыдысты богæлгтæ. Кæронбæттæны цирчы амонæг адæмæн фехъусын кодта:
– Кæд уæ исчи йæ ныфс хæссы, мæнæ ныртæккæ се ‘ппæты дæр чи рамбылдта, уыимæ рахæцын, уæд, табуафси, сæйраг приз ын ратдзыстæм…
Цымыхъойы йе ’мбæлттæ баййардтой, ацу, бафæлвар, зæгъгæ, æмбылд йеддæмæ ма исты кæндзынæ. Раздæр сын нæ куымдта, стæй, уыдон æгæр-æгæр куы кодтой, уæд сыстади. Аренæйы хъæбысæй хæцыны сусæгдзинæдтæ кæцæй зыдта, фæлæ йын иузаман бантыст гуырдзиаджы йæ къух æмæ йæ къахæй æрцахсын. Уымæ бакæсынæй диссагдæр, дам, ницы уыд: хæрдмæ йæ систа, зыгуымы голагау, дам, æй фæрахæс-бахæс кодта, стæй йæ уæд йæ фæсонтыл уæздан æрæвæрдта. Цалдæр боны, дам уыцы стыр горæты æндæр кой нал уыд, ирон цæрдæг лæппу, дам нын нæ домбайдæр богалæй фæхъазыд. Цирчы кусджытæ, дам ын бирæ фæлæгъстæ кодтой, ам, махимæ, баззай, мах, дам дын æгас дуне фенын кæндзыстæм.
Не сразы Цымыхъо, æз, дам, мæ Хуымæллæг уæ Тифлисыл нæ ивын…
Ацы ‘рмæг нæм сæрвыста нæ газеты иузæрдион хæлар ДауЫраты Дамир














