Ивгъуыд æнусы 80-æм азты ирон хъæбысхæсты скъолайы ирддæр æмæ зынгæдæр минæвæрттæй иу уыд Советон Цæдисы æмæ дунеон спорты мастер Хæтæгты Мæхæмæты фырт Тасолтан. Ацы аз 10 ноябры йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 73 азы, фæлæ уыцы бон йæ хиуæттæ, йæ бирæ ‘мгæрттæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтæн уыдзæн курдиатджын спортсмены мысæн бон. Дæс азы размæ, 2016 азы 25 октябры, йæ зæрдæ йæ куыстæй банцад уæззау низы фæстæ.
Тасолтан – чи йæ зыдта, уыдон æй фырбуцæй хуыдтой Дадо – дунейы рухсмæ фæзынд Цыколайы 1953 азы 10 ноябры Хæтæгты Мæхæмæт æмæ Баликъоон Леммæйы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн – ныййарджытæ ма хъомыл кодтой æртæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы – Светланæ, Рамазан, Людмилæ, Таймураз æмæ Таисæйы. Сабитæ рæзыдысты æууæнкджын æмæ куыстуарзаг.
Ирон æмбисонд зæгъы, гайлаг родæй бæрæг вæййы, зæгъгæ. Афтæ, Дадойы дæр æрдз хъаруйæ фæхайджын кодта, уыд фидар уæнгты хицау, фæлæ лæмæгъдæры никæд бафхæрдта. Уыд диссаджы рæдаузæрдæ, уæздан адæймаг, бахъуаджы сахат йæ фæстаг æхца раттаид уæззау уавæры бахауæг æмбалæн, зонгæйæн. Нæ быхсыд æнæрастдзинад, хæрам хъуыддаг, æмæ уыцы миниуæджы фæрцы йæхимæ ‘лвæста адæмы, стыр аргъ ын кодтой, чи йæ зыдта, уыдон. Æнæкæрон бирæ æрдхæрдтæ йын уыд Мæскуы æмæ Украинæйы, Цæцæн æмæ Дагестаны, стыр Советон Цæдисы бирæ горæтты.
Тасолтаны спортивон биографийыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы, æвдайæм азты кæрон – æстайæм азты-иу Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæстæй Ирыстонæй чемпионтæ кæй систы фæндзгай-æвдгай лæппутæ. Уыимæ-иу ацы спорты хуыз уарзджытæ уæлдай цымыдисдзинадимæ æнхъæлмæ кастысты гауызмæ Тасолтаны рацыдмæ. Цы тых, æхсар, хъомыс æмæ æфсæрст (напор) æвдыста, уыдоны руаджы сси сæ уарзондæр хъæбысæйхæцæг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы спорты хуызæй архайын райдыдта æрæджиау – 18-аздзыдæй, фæлæ 24-аздзыдæй сси Советон Цæдисы чемпион. Афæдзы фæстæ та уыцы старты самал кодта æвзист майдан – кæронбæттæны фæхæрд олимпиаг чемпион Владимир Юминæн. Уый фæстæ дыууæ азы мидæг дыууæ хатты фæуæлахиз Тбилиси æмæ Ираны дунеон турнирты, стæй дыккаг хатт сси Советон Цæдисы чемпион.
Спорты истори хорз чи зоны, уыдоны зæрдыл лæууы Мæскуыйы 1979 азы Советон Цæдисы адæмты Спартакиадæйы Хæтæгты Тасолтаны уæлахиз. Турнир тынг кадджын уыд, уырыссагау престижон кæй хонынц, ахæм. Уыцы рæстæг Дадо къорд мæйы тренировкæтæ нæ кодта, фæлæ ерысты тæккæ райдайæны, спортсментæ сæхи куыд барстой, афтæ фæзынд æмæ тренертæй ракуырдта, цæмæй йæ архайджыты номхыгъды бафыссой, фидарæй загъта: «Мæн сæвæрут хæцынмæ! Æз се ‘ппæты дæр амбулдзынæн æмæ чемпион суыдзынæн!» Уыцы азты 62 кг уæзы хæцыдысты уæгъдибар хъæбысхæсты дунейы æппæты хуыздæр спортсментæ. Тасолтан йæ дзырд нæ фæсайдта – Спартакиадæйы чемпион сси – фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл, сæйрагдæр та олимпиаг чемпион Сайпулла Абсаидовыл дæр.
Цымыдисаг та куыд нæу – уыцы азты Хæтæгты Тасолтаны сæйраг ныхмæлæуджытæ уыдысты æртæ олимпиаг чемпионы – Владимир Юмин, Магомет-Гасан Абушев æмæ Сайпулла Абсаидов. Æмæ се ‘ртæйыл дæр стыр уæлидзинадимæ (преимущество) фæуæлахиз. 1971 азæй 1980 азмæ, 52, 57 æмæ 62 кг уæзты хæцгæйæ, йе ‘ппæт æнтыстдзинæдты нымæц у ахæм: 16 хатты сси алыхуызон ерыстæ æмæ турнирты уæлахиздзау – Советон Цæдисы Гæрзифтонг Тыхты, спортивон æхсæнæдты, Уæрæсейы Федерацийы чемпионаты Улан-Удэйы (1977), Советон Цæдисы чемпионаты (1977, 1980), Советон Цæдисы адæмты Спартакиадæйы Мæскуыйы (1979), Тбилиси æмæ Ираны дунеон турнирты (1978, 1980) чемпион. Ираны сын сæ номдзыд богалыл куы фæуæлахиз, уæд сæ Дадойы хъару æмæ бæрзонд техникæ ахæм дисы бафтыдта, æмæ, пысылмон хъæуы райгуырд, уый куы базыдтой, уæд ын фырбуцæй Хъуыран балæвар кодтой, дæ ныййарджытæн æй мах номæй алас, зæгъгæ.
Хæтæгты Тасолтан дæс азы размæ ацыд æцæг дунемæ, фæлæ йæ абон дæр мысынц хъæбысхæст уарзджытæ æмæ йæ нымайынц 62 кг уæзы хуыздæр, арæхстджындæр æмæ бæрзонд техникæйы хицауыл. Кæд олимпиаг хъæзтытæ æмæ дунеон чемпион нæ уыд, уæддæр, 27-аздзыдæй спортæй кæй ацыд, уымæн уыд аххосæгтæ. Абон сыл нæ дзур-дзыстæм, фыст сыл бирæ æрмæг æрцыд…
1998 азы, цæлхдуртæ йын чи ‘вæрдта дунеон æмæ олимпиаг хъæзтытæм ацæуыны тыххæй, Уæрæсейы иугонд командæйы уыцы тренерты куы баивтой, уæд Тасолтан республикæйы Уæгъдибар хъæбысхæсты федерацийы тренерæй кусын райдыдта æмæ цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кодта дæсæй фылдæр республикæ æмæ Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.
Дадо хиуылхæцгæ, æгъдауджын адæймаг уыд, нымд кодта, Дыгургомы йæ зонд æмæ уæздандзинадæй зындгонд чи уыд, уыцы фыдыфыд Бекмæрза æмæ йæ фыд Мæхæмæтæн, фæлæ йæм бæрзонд бынаты æвæрд уыд йæ ныййарæг мад Леммæ, уымæ йæ ахастдзинад уыд диссаджы фæлмæн. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, хъысмæт ын карз тæрхон рахаста – йе ‘ртæ лæппуйы мæрдтæм йæ разæй бацыдысты! Тасолтан уыд йæ удылхæцæг, йæ зæрдæйы фæлæууæн, æмæ йæ, уый æмбаргæйæ, æрвылбон бæрæг кодта, лæмбынæг ныхæстæ-иу ын фæкодта, йæ ‘рхæндæг фæсурыныл ын архайдта…
В 1997 азы Тасолтан йæ амонд ссардта – йæ цард баиу кодта Хуасдзауты Мусайы чызг Фатимæимæ. Хъæрмудæй, кæрæдзийы нымайгæйæ цардысты, 1998 азы систы амондджын ныййарджытæ – райгуырд сæ чызг Элеонорæ. Хъыгагæн, Тасолтан нал федта йæ хъæбулы æнтыстдзинæдтæ, фæлæ йын Элеонорæ йæ фæндон сæххæст кодта – æнтыстджынæй каст фæци Медицинон академи æмæ ныртæккæ кусы дохтырæй.
Æгæр раджы ацыд не ‘хсæнæй таурæгъон спортсмен æмæ зæрдæхæлар адæймаг Хæтæгты Мæхæмæты фырт Тасолтан – дыууæ хатты йын йæ зæрдæйæн операци скодтой, æмæ, сæ фæстæ цы зындзинæдтæ сæвзæрд, уыдоны сæрты йæ бон ахизын нал баци…
Фæлæ, кæд абон курдиатджын спортсмен не ‘хсæн нал ис, уæддæр рох нæу, цæры йæ ном, Ирыстоны хъæбысхæсты скъола хорз чи зоны, уыдоны зæрдæты. Йæ райгуырæн хъæуы та арæзт æрцæуы Хæтæгты Тасолтаны номарæн турнир. Æмæ та ныр дæр Æрæфы районы сабаты, 31 октябры, арæзт æрцæудзæн республикон ерыстæ хъæбысхæстæй. Архайдзысты дзы 2012-2013 азы гуырд лæппутæ 35, 38, 41, 44, 48, 52, 57, 62, 68, 75, 85, 100 кг уæзты. Турнир аразджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæн мыггаджы номæй ратдзысты чимпионты ронтæ, майдантæ, грамотæтæ æмæ футболкæтæ.
ГАПБАТЫ Алетæ














