«Ветерантыл аудын хъæуы иудадзыг…»

0
610

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты кадæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав цы кадджын мадзал сарæзта, уым паддзахадон хицаудзинады органтæм фæсидт, цæмæй республикæйы ветерантæн аразой аккаг æмæ нывыл цæрыны фадæттæ. Битары-фырт бахахх кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны ма цы æртæсæдæйæ чысыл фылдæр ис хæсты архайджытæ, уыдоныл аудын хъæуы иу бæрæгбонæй иннæ бæрæгбонмæ нæ, фæлæ иудадзыг.

Уæлахизы бон Дзæуджыхъæуы ресторан «Ирыстон»-ы залы æрбамбырд æртæсæдæ адæймагæй фылдæр республикæйы æппæт районтæй, се ‘хсæн — хæсты архайджытæ æмæ инвалидтæ, концлагерты чи уыдис, ахæмтæ, блокадниктæ, ветеранты змæлды активисттæ, Уæрæсейы Хъæбатыртæ, кадджын орденты кавалертæ, дингæнджытæ, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ, 58-æм æфсады командæгæнынад æмæ æфсæддон службæгæнджытæ. Намысджын ветерантæн цытджын бæрæгбоны фæдыл арфæ ракæнынмæ ссыд Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Андрей Шишкин. Залы уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, министртæ, тыхы кусæндæтты разамонджытæ. Республикæйы Сæргълæууæг гаджидау систа æмæ ракуывта ветеранты уæлахиздзау фæлтæры цæрæнбоны тыххæй. — Абон мах бæрæг кæнæм нæ бæстæйы æппæты ахсджиагдæр бæрæгбон — Уæлахизы Бон! Уыцы цытджын бæрæгбон æрхастат сымах, нæ зынаргъ ветерантæ. Мах сæрыстыр стæм сымахæй алкæмæй дæр, дис кæнæм уæ фæразондзинадыл, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадыл. Уæ хæстарыд хъысмæт фæзминаг у кæстæр фæлтæртæн, сæ цард сымахмæ — уæлахиздзау фæлтæрмæ гæсгæ чи аразы, уыдонæн. Æууæндын, афтæ уыдзæн дарддæр дæр, — загъта Битары-фырт. Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Олег Белавенцевы номæй Ирыстоны ветерантæн зæрдиаг арфæ ракодта Андрей Шишкин. Кадджын мадзал срæсугъд кодтой Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ æмæ эстрадæйы стъалытæ хæстон зарджытæй æмæ национ ритмтæй. Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here