«Дзæуджыхæуы рухс сомбон нæхи къухты ис»

0
648

Артист, хореограф, Ирыстоны хуыздæр хъæбултæй иу — КОКАЙТЫ Аланы адæм йæ аив кафт æмæ хæрзудыхъæды тыххæй айдагъ Ирыстон æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ ма суанг фæсарæнты дæр зонынц. Уыимæ, цы хъуыддаджы балæууы, уым йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, дысфæлдæхтæй ратты рæсугъд æгъдау, хъуыддаг ахæццæ кæны кæронмæ. Кокайы-фырт дыууæ азы размæ нысангонд æрцыд нæ Республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы культурæйы управленийы сæргълæууæгæй. Йæ куысты йын цы хъуыддæгтæ скæнын бантыст, уый базоныны фæдыл йемæ фембæлд нæ газеты сæрмагонд уацхæссæг КАСАТЫ Аслæнбег. Се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

— Ацы бынатмæ кусынмæ куыд æрбацыдтæ æмæ дæ архайд цæмæй райдыдтай?

— Райсомæй мæ хæдзарæй рацыдтæн, сбадтæн машинæйыл æмæ æрбацыдтæн (худы). Ардæм кусынмæ æрбацыдтæн сæрмагондæй нæ горæты ныры сæргълæууæг Æлбегаты Барисы хуындмæ гæсгæ. Раст куы зæгъон, уæд æй фыццаг не ‘мбæрстон, фæнды мæ ам кусын æви нæ. Фæлæ мыл Барис баууæндыд, сразæнгард мæ кодта, мæ ныфсыл ма мын ныфс бафтыдта, æмæ кусын райдыдтон. Бæлвырд культурон объектты кой куы кæнæм, уæд сæ уавæр бынтон хорз нæ уыд. Иуæй-иу галуантæ æмæ хæдзæртты бæстыхæйттæ ахæм æдзæллаг уыдысты, æмæ сæм бацæууæн нæ, фæлæ бакæсæн дæр нæ уыд. Сæ бацалцæг кæнынæн хъуыд бирæ фæрæзтæ, фæлæ уыйбæрц æхца нæ управленийы нæ уыд. Ссардтам цавæрдæр фадæттæ æмæ сæм базылдыстæм.

— Культурон объектты цалцæг кæнынæй фæстæмæ уæ размæ цавæр хæстæ сæвæрдтат æмæ сæ ныридæгæн куыд æххæст кæнут?

— Фыццаджыдæр, не ‘ргом аздæхтам хъомыладон бæстыхæйттæм. Бирæты дзы баивтам рудзгуытæ, кæмдæрты — дуæрттæ, бацалцæг сын кодтам сæ къахæвæрæнтæ æмæ ма бирæ æндæр лыстæг хабæрттæ. Цыдæриддæр кæнæм, уый кæнæм нæ кæстæртæн, сæ фидæнæн. Уæдæ, нæ управленийы бæрны цы культурон объекттæ ис, уыдоны директортæ æмæ ахуыргæнджытæн сæ мызд дæр раппæлинаг нæу. Афтæмæй сæ домгæ та бирæ кæнынц, цæмæй аразой алыхуызон мадзæлттæ, æппынæдзух уой цæстыты размæ. Фæлæ æз мæхæдæг, куыд сфæлдыстадон адæймаг, афтæ тынг хорз зонын, алы фезмæлдæн дæр фæрæзтæ кæй хъæуы, уый. Стæй уæд сфæлдыстадон кусæджы æнæпайда тыхсын нæ хъæуы. Уый хъуамæ æмткæй дæр баст уа йæ хъомылгæнинæгтимæ. Æз та сын, уый æмбаргæйæ, мæ бон куыд у, афтæ сæ уаргъ рогдæр кæныныл архайын. Кæрæдзи хорз æмбарæм æмæ нын афтæмæй кусын дæр у æнцондæр. Дзæуджыхъæуы рухс сомбон — уый у нæ сæйраг нысан.

— Цавæр ног сфæлдыстадон проекттæ уæм ис æмæ сæ царды рауадзыныл куыд архайут?

— Горæты цыдæриддæр стыр бæрæгбæттæ вæййы, уыдоны дæр фæархайæм. Зæгъæм, фестиваль «Курдиатджын бинонтæ». Уæдæ, ивгъуыд аз ирон æвзаджы бæрæгбон куы уыди, уæд горæты администрацийы бæстыхайы цур скодтам стыр хъазтизæр. Республикæйы æмæ горæты бонмæ, стæй Ног азы бæрæгбонмæ бахастам зынгæ ивддзинæдтæ. Апрелы кæрон скодтам хуыздæр кафæджы-солисты ном райсыныл конкурс. Бацæттæ ма кодтам æрхуы музыкалон инструменттæй цæгъдджыты фестиваль. Архайдтой дзы æвзонг музыканттæ канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ Цæгат Кавказы иннæ регионтæй дæр. Фæсивæды æхсæн ахæм фестиваль арæзт æрцыд фыццаг хатт. Йæ нысан у уыцы хæдхуыз аивад кæстæрты ‘хсæн рапарахат кæнын. Нæ куысты нын стыр æххуыс кæнынц нæ горæты сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ йæ хæдивæг, нæ управленимæ цæстдарæг Гозымты Раман. Адæймаг сæм цыфæнды хъуыддаджы фæдыл дæр куы бацæуы, уæддæр ссарынц рæстæг, цæмæй дæм байхъусой æмæ дын хъæугæ уынаффæ бакæной. Управленийы цы фæсивæд кусы, уыдонæй алчидæр йæ куысты хæстæ æнæлазæй æххæст кæны, æмæ нын нæ иумæйаг куыст хæссы æхцондзинад. Къуылымпыдзинæдтæ дæр куыд нæ ис нæ куысты. Æнцон уаид, æвæццæгæн, ма сæ уын, афтæ скæн, æмæ дарддæр архай. Фæлæ цард цард у, кусæн бынæттæ дæр ивд æрцæуынц, æмæ уæд… Мæн нæ фæнды, цæмæй райсом исчи, мæ фыдæн йæ фарсмæ лæугæйæ зæгъа, дæ фырт та хорзæй цы скодта, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ архайдзынæн алы фæрæзтæй дæр, цæмæй мæ адæмæн фылдæр хæрзты бацæуон, архайдзынæн, цæмæй къуылымпыдзинæдтæ къаддæр кæной, лæггæдтæ та фылдæр.

— Бастдзинад цавæр паддзахадон æмæ æхсæнадон организацитимæ дарут?

— Стыр бæрæгбæттæ куы фæкæнæм, уæд нын бирæтæ фæарфæ кæнынц, культурæйы управлени балæггад кодта, зæгъгæ. Фæлæ раст зæгъын хъæуы, цæстуарзонæй нæ фарсмæ æрбалæууынц нæ республикæйы Национ хъуыддæгты фæдыл министрад, фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет, нæ республикæйы Спорты министрад, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы спорты æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет, æхсæнадон змæлд «Волонтеры победы», ансамбль «Уацамонгæ». Газет «Рæстдзинад»-ы фæрцы хицæн бузныджы ныхас мæ зæгъын фæнды нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрад, Æнæниздзинады министрад æмæ зынгхуыссынгæнджытæн. Горæты цавæрдæриддæр мадзæлттæ аразгæйæ, никуыма нæ сæхи атигъ кодтой, æдзухдæр архайынц немæ.

— Культурæйы управленийы хицауæй дæ куы сæвæрдтой, уымæй размæ фидар сфæлдыстадон къахдзæфтæ кодтай куыд хореограф, афтæ. Лæгæй-лæгмæ зонгæ уыдтæ кафты дæсны Махмуд Эсамбаевимæ. Дæ размæ дунейы аивад гом кодта йæ уæрæх дуæрттæ, фæлæ ды равзæрстай, абон цы бæрнон бынаты кусыс, уый. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, ам кæй кусыс, ууыл фæсмон нæ кæныс?

— Адæймаг йæ ныфс цыфæнды куыстмæ дæр куы бахæсса, уæд зын куы уа, уæддæр хъуамæ ма фæсмон кæна. Æз дæр афтæ, ацы ран кусынмæ мæ ныфс кæд бахастон, уæд ыл куыд хъуамæ фæсмон кæнон. Фæлæ мæ фæнды мæ Ирыстонæн ноджы фылдæр хæрзты бацæуын. Уый та мæ бон у скæнын æрмæстдæр кафты аивады…

 — Бузныг!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here