Афæдз размæ газет «Рæстдзинад»-ы кусджыты хæдтулгæ фыдбылызхæссæг ихуарды куы бахауд, уæд бынтон заууатмæ æрцыд. Уыцы фыдбылызæй цыбыр рæстæджы фæстæ кусынмæ нал сбæззыд йæ техникон уавæры аххосæй, æмæ газеты уацхæсджытæн сæ куыст къуылымпы кодта, уымæн æмæ сæ хъуыд цæуын районтæм, куы хъæутæм, куы æваст цауты фæдыл æвæстиатæй бынаты балæууын. Уавæрмæ йæ хъус æрдардта «Бавария»-йы компаниты къорд æмæ редакцийæн ног хæдтулгæ балхæдта.
Знон «Бавария»-йы компаниты къорды генералон директор Битарты Зелимхан газет «Рæстдзинад»-æн кадджын уавæры радта машинæйы дæгъæлтæ сæ компаниты зæрдылдарæн лæвæрттимæ æмæ загъта: — Мæнæн тынг æхсызгон у ирон æвзагыл цæуæг газет «Рæстдзинад»-æн балæггад кæнын. Райгонд дæн газеты куыстæй. Рæстæджы айдæнау æвдисы нæ дуджы азфыст, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй Ирыстоны цæрджытæн дарддæр дæр хъусын кæнат хорз хабæрттæ, хæссат сæм рæстдзинад. Цы фæндтæ уæм ис, уыдон рæсугъдæй уæ къухы бафтæнт, æмæ дзы хорз хъуыддæгты фæдыл цæут! Газет “Рæстдзинад”-ы кусджытæ Битарты Зелимханæн ракодтой зæрдиаг арфæтæ. Газет “Рæстдзинад” у ирон æвзаг, культурæ, традициты артдзæст, æмæ дæ цæстуарзон лæвар дзурæг у дæ удыхъæдыл. Адæмы хорзæх дæ уæд, сæ фарнæй хайджын у. Дæ бон Ирыстонæн абонау лæггад кæнын куыд уа, уый дын зæгъы нæ зæрдæ! Редакцийы кусджытæ тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы лæварыл.
ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ














