Хетæджы Уастырджи — нæ адæмы иугæнæг

0
681

Дæргъвæтин уарынты фæстæ хурбонтæ куы скæны, æмæ цъæх-цъæхид арвы тыгъдады зæрватыччытæ ратæх-батæх кæнынæй куынæуал фефсæдынц, сæ цины зарджытæн кæрон куынæуал вæййы, раст афтæ мæм фæкаст, ивгъуыд хуыцаубоны, Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонмæ цы бирæ дзыллæтæ æрæмбырд, уыдоны рухс цæсгæмттæм кæсгæйæ. Уыдысты цыдæр æнахуыр хъæлдзæг æмæ райдзастхуыз. Хæхты ‘рдыгæй-иу сатæг фæлмæн дымгæ раулæн кодта, æмæ-иу Хетæджы къохы æнусон цъæхсæр бæлæстæ дæр хъазты чызджытау уыцы рогæн сæ рæсугъд къабузтæ базмæлын кодтой.

Цины, фарны бæрæгбон амондджын къах бавæрдта Хетæджы æрдхæрæны къохмæ. Иры дзыллæтæ хистæрæй кæстæрæй скодтой сæ райст-бавæрд бæрæгбоны дарæстæ, æмæ нæ бæркадкъух æфсинтæ æмæ нæ хурæнгæс чындзытæ нæ кадджындæр Зæд — Хетæджы Уастырджийы номыл цы æртæдзыхæттæ æмæ æртыгай чъиритæ скодтой, уыдоны сæ мысайнæгтимæ рухс зæрдæтимæ хастой Хетæджы къохмæ. Ардæм цы бирæ куывддзаутæ цыд, уыдонæн-иу дзуарылæгтæ сæ кувинæгтæ зæрдиагæй скуывтой, сæ бинонты, сæ бæлццæтты, сæ рынчынты сын-иу Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхстой. Куывддзаутæ дæр-иу сын зæрдиаг арфæтæ фæкодтой æмæ-иу сын кæрæдзиимæ бацайдагъ æхсызгон æмæ зæрдæбын ныхас. Ссис сихоры 12 сахаты. Мæнæ куывддзаутимæ баиу сты æмæ Ирыстоны кувæг адæмæн Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны фæдыл ацы табуйаг бынатмæ арфæ кæнынмæ æрбацыдысты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, дыууæ республикæйы разамонæг органты бæрнон кусджытæ, адæмон депутаттæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Хетæджы къохмæ цы бирæ куывддзау дзыллæтæ æрбацыд (се ‘хсæн фенæн уыд не ‘мзæххонты, Уæрæсейы бирæ горæттæй æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй æрбацæуæг уазджыты), уыдонæн дзуарылæг Уарзиаты Анатоли ирон бæгæныйы кæхц æмæ æртæ æртæдзыхонимæ фыццаг арфæйы ныхæстæ загъта æмæ сæ Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхста. Куывддзау дзыллæтæн Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны фæдыл зæрдиаг арфæ ракодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. — Фарн уæм бадзурæд, нæ кувæг адæм, æмæ нæ кадджын Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны хорзæх уæд уе ‘ппæты дæр! — загъта уый. — Царды сабырдзинадæй, хæлардзинадæй æмæ кæрæдзи æмбарынадæй хуыздæр ницы ис, æмæ уыцы хорздзинæдтæй кæддæриддæр хайджын куыд уæм, ахæм амонд нæ уæд! Ирыстоны фæрнджын зæххыл бирæ рухс кувæндæттæ ис. Уыдоны ‘хсæн уæлдай кадджындæр бынат ахсы Хетæджы къох. Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон ссис нæ ирон адæмы иугæнæг иумæйаг стыр бæрæгбон æмæ нын кæддæриддæр ахъазгæнæг уæд! Хетæджы Уастырджимæ йæ кувæн бонты, кæй зæгъын æй хъæуы, Цæгат Ирыстоны адæмæй уæлдай зæрдиагæй фæкувынц Хуссар Ирыстоны цæрæг нæ хотæ æмæ не ‘фсымæртæ, уымæй уæлдай — Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дард Сыбыры æмæ Уæрæсейы бирæ æндæр горæтты, областты, крайты æмæ фæсарæйнаг бæстæты цæрæг ирæттæ дæр. Уый фæрцы тыхджындæр æмæ æнгомдæр кæны нæ адæмы хæлардзинад, хъæздыгдæр та — нæ удварны миддуне æмæ кæрæдзи æмбарынад. Хетæджы Уастырджийы фæдзæхст уæм не ‘ппæт дæр! — Абон мах дæр, Хуссар Ирыстонæй стыр къордæй рухс зæрдæтимæ æрбацыдыстæм нæ адæмы иугæнæг — Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонмæ, кувынмæ æмæ Уастырджийæн табу кæнынмæ, — загъта куывддзаутæн зæрдиаг арфæ ракæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. — Хетæджы Уастырджи нæ ирон адæмы ЦæгатæйХуссармæ, Хурыскæсæнæй — Хурныгуылæнмæ иу кæны, фарн сыл æфтауы æмæ йын табу уæд! Нæ зæххыл сабырдзинад фидарæйфидардæр куыд кæна, нæ ирон адæм фыдохы цаутæй, фыдбылызы хабæрттæй хызт куыд уой, нæ фæсивæды тохы сæр куыд никуыуал бахъæуа, ахæм амонд нын иунæг кадджын Хуыцау æмæ Хетæджы Уастырджи балæвар кæнæнт! Хетæджы Уастырджи! Табу дын уæд æмæ дæм нæ ирон адæмы зæрдæбын куывдтытæ алкæддæр дзæбæхæй хъуысæнт! Уый фæстæ дардыл азæлыдысты ирон фæндыры зæрдæагайгæ зæлтæ æмæ Хетæджы къохы алыварс куывддзаутæ (фондз мин адæймагæй фылдæрæй) хистæрæй-кæстæрæй кæрæдзи дæлæрмттыл æрхæцыдысты æмæ тынг рæсугъд, аив кафын байдыдтой «Тымбыл Симд»

Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон куывддзауты зæрдæты цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта, цы стыр бынат ахсы нæ абоны царды, уый тыххæй дæлдæр сæ хъуыдытæ зæгъынц:

СУГКОЙТЫ Рамазан, Кæсæг-Балхъары цæрæг ирæтты «Ныхас»-ы сæрдар, КæсæгБалхъары республикæйы сгуыхт дохтыр: — Ирон адæмæй КæсæгБалхъары зæххыл цæры 15 мины бæрц. Бынæттон адæмимæ цæрæм хæларæй æмæ æнгомæй. Цæмæй нæ ирон фарны æгъдæуттæ æмæ нæ мадæлон æвзаг ма рох кæнæм, уый тыххæй сарæзтам уымы цæрæг ирæтты иумæйаг æхсæнад «Ныхас». Йæ разамонæгæй та равзæрстой мæн. Нæ «Ныхас»-ы советы ис 21 адæймаджы. Абон Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонмæ, нæ табуйаг зæдыл нæхи бафæдзæхсынмæ нæ кувинæгтимæ æмæ мысайнæгтимæ æрбацыдыстæм 60 адæймагæй. Немæ ирон адæмæй уæлдай æрбацыдысты уырыссæгтæ, сомихæгтæ, хъуымыхъхъæгтæ, кæсгæттæ, балхъайрæгтæ æмæ иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр. Иумæ рухс зæрдæтимæ скуывтам æмæ нæхи, нæ бинонты бафæдзæхстам Хетæджы Уастырджийыл. Не ‘ппæты дæр йæ хорзæх уæд!

Роберт ЦИНДЕЛИАНИ, æхсæнад «Эртоба»-йы сæрдар: — Æз Ирыстоны цæрын æртиссæдз азæй фылдæр. Хонын æй мæ дыккаг райгуырæн бæстæ. Чысылæй фæстæмæ ме уæнгты ахъардта ирон туг. Алкæддæр нæ хæдзары бинонтимæ сбæрæг кæнæм нæ ирон бæрæгбæттæ. Мæнæ та ныр дæр не ‘ртæ чъирийæ, ирон нæртон бæгæныйæ скуывтам Хетæджы Уастырджимæ, æмæ не ‘ппæтæн дæр ахъазгæнæг уæд! Зæххыл сабырдзинадæй хуыздæр ницы ис, æмæ нæ сæрмæ арв кæддæриддæр сыгъдæг куыд уа, æрвылаз дæр нæ æртыгай чъиритæй сыгъдæгзæрдæйæ Хетæджы Уастырджимæ нæ бон кувын куыд уа, ахæм амонд нæ уæд!

ЦОМАЙТЫ Тамерлан, æхсæнад «Иудзинад»-ы уæнг: — Æз, куыд æхсæнад «Иудзинад»-ы уæнг, афтæ Хетæджы Уастырджимæ фыццаджыдæр скувын уымæ, цæмæй нæ ирон адæмы ‘хсæн фидар уа иудзинад, нæ кæстæртæ уой йæ фæдзæхст æмæ хызт уой алы фыдбæллæхтæй, фыдбылызтæй. Нæ кæстæртæ абон дзаумахъуаг, æххормаг не сты. Бирæтæм дзы ис фæсарæйнаг зынаргъ хæдтулгæтæ. Уый æвзæр нæу. Фæлæ нæ мæты æфтауы иу ахæм сагъæссаг хъуыды: нæ фæсивæды иу дзæвгар хай удварнæй смæгуыр. Рох кæнынц сæ фыдæлты уидæгтæ, суæлæхох сты сæ мадæлон æвзагыл æмæ нæ ирон æгъдæуттыл. Се ‘хсæн, хъыгагæн, фылдæрæй-фылдæр кæны, карз нозтмæ æмæ наркотиктæм æмхиц чи у, уыдоны нымæц. Сæ къухты сын нал фендзынæ чиныг. Фæндаг ферох кодтой библиотекæтæм, Культурæйы хæдзæрттæм. Алыхуызон фæсарæйнаг хæлд кинонывтæм, равдыстытæм кæсынц телевизортæм, Интернетмæ æмæ афтæмæй куыд хъуамæ хъæздыгдæр кæна сæ миддуне дæр?! Уымæ гæсгæ, нæ фендджын, кадджын хистæртæм сидын, цæмæй нæ хъус тынгдæр æрдарæм нæ кæстæрты хъомыладмæ.

САУЛАТЫ Валери, Ялтæйы цæрæг ирæтты æхсæнады сæрдар: — Ялтæйы Ирыстонæй цы бирæ ирæттæ цæры, уыдон нæ рох кæнынц нæ фыдæлтæй баззайгæ ирон æгъдæуттæ æмæ нæ хъæздыг мадæлон æвзаг. Кæрæдзиимæ æрмæстдæр фæдзурæм сыгъдæг иронау. Алкæддæр рухс зæрдæтимæ сбæрæг кæнæм нæ ирон бæрæгбæттæ. Æз мæхæдæг алы хатт дæр мæ бинонты къордимæ ссæуын нæ адæмы иугæнæг — Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонмæ æмæ нæ табуйаг Зæдмæ скувын сыгъдæг зæрдæйæ. Мæнæ та ныр дæр сæмбæлдыстæм ацы табуйаг кувæндоны. Зæрдæ рухс кæны адæмы цинæйдзаг цæсгæмттæм кæсгæйæ. Се ‘ппæтыл дæр — сæ бæрæгбоны дарæс, сылгоймæгтыл — сæрбæттæнтæ баст. Уыимæ ма акæс, цас рæсугъд фæсивæд, цас рæзгæ лæппутæ æмæ чызджытæ змæлы ацы кувæндоны. Уый у царды рæсугъд змæлд. Ацы кувæндоны цы кæстæртæ бахæлар уой, уыдон, мæнмæ гæсгæ, кæрæдзийы никæдуал ферох кæндзысты. Кувæндон кæддæриддæр йæ сыгъдæгдзинадæй фидауы. Æмæ зæрдæ рухс кæны Хетæджы къохы сыгъдæгдзинадæй. Уыимæ дзы æз нæ федтон иу нозтджын лæджы дæр. Уæдæ дзы иу тамако дымæджы дæр нæ бафиппайдтон. Адæм кæрæдзиимæ дзурынц лæгъз æмæ фæлмæн æвзагæй. Уый йæхæдæг бирæйы аргъ у. Зæрдæ рухс кæны нæ фæсивæды аив кафтæй æмæ рæсугъд зардæй. Хетæджы Уастырджийы хорзæх не ‘ппæты дæр уæд! Æндæрæбон Тымбыл хъæды кувæндоны бын нæ фæрнджын хистæртæ не Скæнæг Иунæг Кадджын Хуыцауы æмæ Хетæджы Уастырджийы номыл цы зæрдæбын куывдтытæ фæкодтой, уыдон сæм дзæбæхæй фехъуысæнт, нæ фæрнджын Ирыстоныл алкæддæр куыд аудой, ахæм амонд нæ уæд! ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here