Республикæйы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз ацы бонты бабæрæг кодта горæты агдонтæ, федта, цы уавæры сты, зымæгмæ сæ куыд цæттæ кæнынц, уыдæттæ. Кусæг балцы йемæ уыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр СОХЪУЫРТЫ Альберт, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг ÆЛБЕГАТЫ Барис, йæ хæдивæг ТАМАТЫ Майрæн, «Дзæуджыхъæуы хъармгæнæн хызты» æххæстгæнæг директор ТХОСТАТЫ Алексей.
Фыццагдæр уал бацыдысты, Кырджалийаг уынджы цы хъармдæттæн ис, уырдæм. Мæйы размæ ацы агдонмæ газ кæй фæцыдис, уый аххосæй бæстыхай фехæлд, специалисттæ куыд банымадтой, афтæмæй йæ цалцæг кæнын зынаргъдæр рауайдзæн. Уымæ гæсгæ ма бæстыхайæ цы баззад, уый фехалдзысты æмæ йын йæ фарсмæ сараздзысты ног агдон. Ныридæгæн дзы куыстытæ цæуы, агдон хъармæй æфсаддзæн 34-æм микрорайоны 27 объекты. Хъармдæттæн хызты арæзтадыл схардз кæндзысты 3 милуан сомы. Доваторы проспекты цы агдон ис, уый 34-æм æмæ 35-æм микрорайонтæм дæтты хъарм. Æвæрд дзы ис æртæ хъомысджын хъармдæттæны, уыдоны фæрцы 5 мин фатеры цæрджытæ зымæджы зындзинæдтæ нæ февзарынц. Фарон дзы бындуронæй рацарæзтой донхъармгæнæн аг, æрæджы ма сцалцæг кодтой ноджыдæр иу. Дарддæр чиновниктæ федтой, Хъесайы-фырты уынджы цы хъармдæттæн ис, уый. Ам фылдæр куыстытæ хъæуы бакæнын, дыууæ аджы цалцæггонд цæуынц, æртыккаджы ивынц ахсджиаг механизм. Иунæг хъармдæттæн кусы, æмæ уал уый 18,5 мин адæймагмæ тæвд дон хæццæ кæны. «Абон мах æвзарæм, хъармдæттæнтæ зымæгмæ куыд цæттæ сты, уый. Зæгъæн ис, æмæ цы федтам, уыдонæй разыйæ баззадтæн: агдонтæ зымæгмæ цæттæ сты. Кырджалийаг уынджы цы станцæ арæзт цæуы, уый сентябры сцæттæ уыдзæн. Цалцæггæнæн куыстытæ кæм кæнынц, уым дæр сыл рæвдз архайынц. Тынг ахсджиаг у, цæмæй нæм зымæгмæ уа фæстауæрцгонд фæрæзтæ», — бафиппайдта Тускъаты Таймураз. Тхостаты Алексей куыд радзырдта, афтæмæй сæм ис вазыгджын фарстатæ дæр. Дзусы-фырты уынджы цы хъармдæттæн хæтæлтæ ис, уым æнæмæнг саразын хъæуы сæрмагонд æхгæнæн æмæ уый фæрцы, 11æм микрорайонмæ газ дæтгæйæ, æнæхъуаджы хæрдзтæ нал уыдзæн. Ныртæккæ «Дзæуджыхъæуы хъармдæттæн хызтæ» сты гаффутты уавæры, фæзынд дзы фæрсаг разамынддæттæг æмæ уый та цæттæ нæу уыцы арæзтадæн бирæ милуантæ радих кæнынмæ. Уый аххосæй азы райдайæны агдоны куыст баурæдтой, æмæ 11-æм микрорайонмæ тæвд дон цæуы æндæруылты. Республикæйы Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй æрныхас кæнын хъæуы газдæттæг компаниимæ, фæрсаг разамынддæттæгимæ æмæ афтæмæй, арæзтадæн æхца чи радих кæндзæн, уый сбæрæг кæнын. Куыстытæ та хъуамæ дыууæ мæймæ конд æрцæуой, цæмæй адæм тыхстдзинæдтæ ма бавзарой. Æцæгдзинад ахæм у, æмæ фæрæзтæдæттæг куыстуæтты экономикон уавæр бæллиццаг нæу, уымæ гæсгæ агурын хъæуы мадзæлттæ. Ацы аз апрелы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав хæс сæвæрдта, цæмæй хъармдæттæн хызтæн скæной гидравликон æвзарæнтæ. Дзæуджыхъæуы агдонтæ афæдзы дæргъы кусынц æнæрынцойæ, æдæппæтæй сты 115. Уыдонæй 7 вæййынц фæстауæрцгонд бахъуаджы рæстæгмæ. Таматы Майрæн зæрдæ куыд бавæрдта, афтæмæй коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ уыдзысты цæттæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ














