Скифты æмæ ирæтты иудзинады ирд æвдисæнтæ

0
821

Туг хæссы, — фæзæгъынц ирон адæм. Æмæ йæ уайтагъд иууылдæр бамбарынц, туг цы хæссы, уый. Туг фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæссы удыхъæд, фарн æмæ æгъдау. Кæд æй адæймаг йæхæдæг не ‘мбары, уæддæр æй йæ туг нæ уадзы фыдæлты удыконды сæрты ахизын: фæсайын, искæй хъыджы бацæуын, гадзрахатæй рацæуын, фыддзинад ракæнын. Цыбыр дзырдæй, йæ адæймагдзинады ныхмæ рацæуын.

Туг хæссы… Хæссы зондахаст, фарн, дунембарынад æмæ æгъдау дæр. Уый æнцон рахатæн у нæ рагфыдæлтæ скифты æмæ ирон адæмы абон кæрæдзиуыл абаргæйæ. Скифтæ ирæтты рагфыдæлтæ кæй сты, уымæн бирæ ирд æвдисæнтæ ис историйы фыд Геродоты уацмысты. Уый куыд фыссы, афтæмæй, дам, скифтæ кæмæй равзæрдысты, сæ уыцы рагфыдæл уыдис Таргитай. Ацы номæн йæ кæрон тай у рагон бердзенаг æвзаджы дзырдты кæрон, æмæ йæм æй Геродот бафтыдта Тарги у йæ ном. Уымæ ирон адæм та бафтыдтой разæфтуан Уаз (Уас), æмæ дзы рауад ном Уастарг (джи) — Уастарджи — Уастырджи. Ирон мифологийы зæдты хистæр у Уастырджи. Иудадзыг ис Стыр Хуыцауы раз æвдæм уæларвы æмæ йæ арм дары ирон адæмыл. Йæ бæрæгбæтты Ирыстонмæ йе ‘фсургъыл куы æртæхы, уæд сын йемæ æрхæссы Хуыцауы хæрзтæ. Йæ ном Уастарги — йыл зыны ирон æвзаджы тæваг: дыккаг хъæлæсон а рахызт æндæр хъæлæсон ы-мæ, æмхъæлæсон г, арæх куыд вæййы, афтæ ссис дж (Георги — Джеорджи).

Геродот куыд фыссы, афтæмæй, дам, скифты хъуыдымæ гæсгæ, Таргийæн уыдис æртæ фырты: Липоксаис, Арпоксаис æмæ Колаксаис. Сæ нæмттæ Липо амоны зæхх, Арпо — дон, Кола — хур. Нæмтты иу хай ксаис дæр у бердзенаг дзырдты кæрон. Скифтæ равзæрдысты Колайæ æмæ сæхи хуыдтой Хуры цот.

Нæ таурæгъон фыдæлтæ Нартæ дæр сты Хуры цот. Бирæ ахуыргæндтæ сæ наукон куыстыты æрцæуынц ахæм хатдзæгмæ “Три родоначальника скифов олицетворяют три феномена природы: Солнце, Воду и Землю”. Уыцы фæткы æгъдау æмæ дунембарынад ирдæй зыны ирон цардыл. Ирон цины фынгыл æртæ уæливыхы-хæбизджыны дæр амонынц Хур, Дон æмæ Зæхх. Уыдон фæрцы цæрыны фадат æмæ гæнæн ис адæймагæн. Зæххыл цæры Хур æмæ Доны (уæлдæф дæр уый дæтты) фæрцы. Куы амæлы, уæд ыл Хур аныгуылы. Баззайынц ма йын Зæхх æмæ Дон. Зианы дыууæ кæрдзынæн дæр сæ нысантæ сты Зæхх æмæ Дон. Историйы фыд Геродот (цард нæ азнымады размæ V æнусы) уыд скифтæм æмæ сæ ныхæстæм гæсгæ куыд фыссы, афтæмæй незаманты кæддæр Персы паддзах Дарий Сау денджызы цæгатварс цæрæг скифтæм æрбабырста, цæугæдон Дунайы сæрты æрбахизгæйæ. Йæ зæрды сæ уыд бафхæрын, Мидийы паддзахад кæй ныддæрæн кодтой, уый тыххæй. Дарий скифты бæстæмæ куы æрбахызт, уæд йæ размæ ничи æрлæууыд, æмæ йе ‘фсæдтимæ рæвдз-рæвдз арфдæр цыд сæ зæххыл. Скифты æфсады куы суыдта, уæд сæ фæдыл бафтыд, фæлæ йæм уыдон бонцау дæрддзæгæй æввахсдæр нæ лæууыдысты. Афтæмæй йæ хæстон балц ныддæргъвæтин. Уæд Дарий скифты паддзах Иданфирсмæ арвыста минæвар ахæм ныхæстимæ: «Диссаджы лæг дæ! Цы лидзыс мæ разæй, бар дæ куы ис дыууæйæ иу равзарын, уæд? Кæд хъаруйæ мæ ныхмæ фæлæууын дæ ныфс хæссыс, уæд æрлæуу, ныууадз дæ хæтын æмæ мемæ схæц. Кæд дæхи æгæр лæмæгъæй хатыс, уæддæр хъуамæ æрлæууай, ныууадзай дæ лидзын æмæ, æз куыд дæ æлдар, афтæ мын хъуамæ æрбахæссай лæварæн зæхх æмæ дон æмæ райдайай ды ныхæстæ». Ацы ныхæстæн скифты паддзах Иданфирс радта азæм дзуапп: «Мæ царды уавæр ахæм у, паддзах! Æз раздæр дæр никуы лыгътæн искæй тæсæй æмæ ныр дæр дæуæй нæ лидзын. Ныр дæр мæхи дарын, сабыр царды рæстæг куыд вæййы, афтæ. Уайтагъд демæ кæй не схæцыдтæн, уый дæр дын бамбарын кæндзынæн. Махмæ нæдæр сахартæ ис, нæдæр хуымгонд зæххытæ. Æмæ сын нæ тæрсæм ныппырх кæнынæй, фæгæныстонæй. Фæлæ дæ кæд тынг фæнды цыфæндыйæ дæр немæ схæцын, уæд нын ис фыдæлты ингæнтæ. Ссарут-ма сæ æмæ ма бафæлварут уыдон фехалын. Уæд базондзыстут, уыцы ингæнты тыххæй схæцдзыстæм æви нæ, уый. Ныр та, цалынмæ нæхи бафæнда, уæдмæ мах сымахимæ не схæцдзыстæм. Уый дын æз зæгъын, хæст æмæ æхсармæ цы хауы, уый. Мæхицæн æлдарыл та нымайын æрмæстдæр Стыр Хуыцауы æмæ Гестияйы (скифты сылгоймаг бардуаг). Дæуæн та лæварæн зæхх æмæ доны бæсты арвитдзынæн æндæр лæвæрттæ, дæу аккаг чи уа, ахæмтæ. Дæхи мæнæн æлдар кæй рахуыдтай, уый тыххæй та мын додой дæ сæр кæндзæн!» Иуахæмы, скифтæ куы бамбæрстой, персайнæгтæ уæгъд быдырты цоппайæ сфæлмæцыдысты, уый, уæд сын æрбарвыстой ахæм лæвæрттæ: тæхгæ цъиу, мыст, хæфс æмæ фондз фаты. Персайнæгтæ сæ нысаныл бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтой. Алыхуызон сæ æвдыстой. Уæд сын Дарийы æххуысгæнæг Гобрий ахæм хатдзæг скодта: «Кæд сымах, персайнæгтæ, мæргътау арвыл нæ атæхат, кæнæ мыстау зæххы нæ абырат, кæнæ хæфсытау цъымарамæ нæ ныггæппытæ кæнат, уæд фæстæмæ нал аздæхдзыстут, — уæ мæлæт ссардзыстут ацы фаттæй». Уыцы лæвæртты нысаниуæг раиртасыныл персайнæгтæ куыд сагъæс кодтой, афтæ скифты бæхджын æмæ фистæг æфсæдтæ хæстифтонгæй фенкъуысыдысты персы æрдæм. Скифты æфсæдтæ хæст-цомахъæй рæнхъгай куы ралæууыдысты, уæд се ‘хсæнты тæрхъус агæпп ласта. Тæрхъус ауынгæйæ, скифтæ йæ фæдыл ныййарц сты. Афтæмæй сæ хæстон рæнхъытæ схъомпал сты, æмæ сæ лæууæн бынатæй хъæрахст хъуысын райдыдта. Дарий бафарста: скифтæм уыцы хъæрахст цы амоны? Тæрхъус кæй расур-басур кæнынц, уый куы базыдта, уæд йæ æввахс адæмæн, фылдæр хатт уынаффæ кæимæ кодта, уыдонæн загъта: «Ацы адæм нæ æппын куы ницæмæ дарынц, мæн ныр бауырныдта, Горбий раст кæй райхæлдта скифты лæвæртты нысаниуæг. Ныр мæхæдæг дæр уынын, нæ хъуыддæгтæ цы уавæры сты, уый. Хъæуы нæ хорз ахъуыды кæнын, цæмæй æдасæй фæстæмæ нæхимæ ацæуæм». Æмæ скифты бæстæйæ Персы паддзах сæргой фæци. Ацы хабæрттæ мингай азты алы адæмтæн зонгæ сты. Æз уын сæ уæ зæрдыл цæмæн æрлæууын кодтон? Фыццаджыдæр, скифты хæстон тактикæйæ Уæрæсе цалдæр хатты кæй спайда кодта, уый тыххæй. Уыдонæй уæлдай зындгонддæр сты Наполеонимæ æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстыты рæстæг знаджы бæстæйы арфдæр æрбауадзын, сфæлмæцын æй кæнын, стæй йæ сæргой фæкæнын. Скифты туг уырысы уæнгты дæр цæлхъ кæны. Ноджы цымыдисагдæр та у мæ дыккаг фиппаинаг: скифтæн сæ размæ тæрхъус куы рагæпп ласта, уæд цæмæн схъомпал сты? Цæмæн æй расурбасур кодтой тугкалæн хæсты размæ? Æндæр сæ ницы æндæвта? Рагæйæрæгмæ ирон адæммæ рувас-æмбæлæг у хæрзæмбæлæг, тæрхъус-æмбæлæг та — фыдæмбæлæг. «Искæдæм цæугæйæ дыл тæрхъус фембæлд, уæд фæстæмæ раздæх — нæ фæфæндараст уыдзынæ» — ахæм уынаффæ нын баззад фыдæлтæй. Цуанæттыл-иу цуаны цæугæйæ тæрхъус хъæдрæбыны искуы фембæлд, уæд-иу сæ хæцæнгæрзтæ æристой æмæ-иу раздæхтысты. Уыцы æгъдау, æвæццæгæн, уыдис скифтæм дæр, уыдонæй нæм æрхæццæ, æмæ, персайнæгтимæ схæцынмæ сæхи куы æррæвдз кодтой, уæд сын сæ фæнд тæрхъусы фенд фехæлдта. Схæцын сæ зæрды нал уыд. Дариймæ та афтæ фæкаст, цыма йæ æппындæр ницæмæ дарынц, нæ дзы тæрсынц, æмæ йæ ныфс асаст. Скифты иу уыцы æгъдау æй басаста, æмæ лидзæг фæци. Нæ рагфыдæлтæ скифтæй абонмæ махмæ дæр уыцы æгъдау баззад. Скифтæй нæм æрхæццæ æрдхорддзинады æгъдау, Кады нуазæн сгуыхт адæймæгтæн дæттын, мæрдæгъдæуттæ æмæ суанг цæстдзыдыл арфæтæ кæнын, донхæрисы къалиутæй дæсны фæрсыны æгъдау дæр. “Осетинские знахари и знахарки гадали при помощи палочек и холста, по способу, описанному Геродотом в кн. IV у скифов”, — фыста зындгонд ахуыргонд Б.Г. Пчелина. Скилуры зондамынд йæ фырттæн та сси дунейы æппæт адæмтæн иумæйаг зондзонæн. Скилур уыд скифты паддзах, цард 2400 азы размæ. Уыдис ын 80 фырты. Йæ адзал куы æрхæццæ, уæд се ‘ппæтмæ дæр фæдзырдта. Алкæмæй дæр дзы иу фат райста, æнгом куырисбаст сæ бакодта. Загъта сын: «Исчи ма уæ сæ афтæмæй асæттæд». Фырттæ иугай афæлвæрдтой сæ тыхтæ куырисбаст фæттыл, фæлæ дзы фыды ныхас сæххæст кæнын никæй бон сси. Уæд Скилур фæттæ райста æмæ сæ иугай ныссаста. “Гъе, афтæ, мæ хуртæ”, — загъта сын, иумæ æнгом, æмзондæй куы цæрат, уæд уыл никæд ничи фæуæлахиз уыдзæн. Хицæнтæ куы уат æмæ кæрæдзи куы нæ æмбарат, хылтæ куы кæнат, уæд та уыл алчидæр уæлахиз кæндзæн. Скилуры зондамынд абон ирæттæн бæргæ зонды хос куы фæуид, уæд æнгомæй, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ цæриккам, æмæ нæ алы хъуыддаг дæр æнцондæрæй нæ къухы æфтид, иу нысанмæ — нæ хуыздæр фæндмæ тырниккам æмæ нын фесæфынæй тæссаг нал уаид.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here