Ног проект — ног нысантæ

0
722

Нæ республикæмæ кусæг балцы ног проекты программæимæ æрцыдис УФ-йы Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын минæвар Аннæ КУЗНЕЦОВА. Уыдис ын фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславимæ, уый фæстæ та проекты ирыстойнаг кусæг къордимæ. Æмбырды архайдтой: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, йæ хæдивæг ДЗАНАЙТЫ Барис, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын КОКАЙТЫ Артур, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова, РЦИ-Аланийы нациты хъуыддæгты фæдыл министр ЦУЦИТЫ Аслан, Уæрæсейы скъоладзауты змæлды Цæгат Ирыстон-Аланийы регионалон хайады координатор МÆРГЪИТЫ Жаннæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.

Æмбырды архайджытæ ныхас кодтой проекты программæйы нысантыл, бæлвырддæр та — æнгом бинонты удварны хæзнатыл. Нырыккон бинонты царды цы бирæ ахсджиаг æмæ лыггæнинаг фарстатæ сæвзæрд, уыдон канд социалон-экономикон хъуыддæгтæ не сты, фæлæ, рæсугъд æгъдау æмæ уды миниуджытæ сæфтмæ кæй цæуынц, æнæгъдаудзинад уæлахиз кæй кæны, уыцы фарстатæ дæр. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй, æнæмæнг хъуыддаг у, Аннæ Кузнецова цы проект «Семьеведение»-йыл бакуыста, уый скъолайы ахуырадон программæмæ бахæссын дæр .

— Алы регионы, алы адæмыхатмæ дæр ис йæхи менталитет, йæхи дин æмæ уды хæзнатæ. Махмæ дæр фыдæй-фыртмæ цыдысты, кæстæрты фæлтæры хъомылады кæмæй пайда кодтой, уыцы удварны хæзнатæ: чысылæй фæстæмæ сывæллоны ахуыр кодтой хистæрæн аргъ кæныныл, æгъдауыл. Æмæ уыцы хъуыддæгтæ абоны онг дæр æрхæццæ сты, фæлæ сын бынтон фыццагон «хуыз» нал ис, æмæ, программæ куы федтон, уæд бамбæрстон, ахъаз кæй фæуыдзæн амондджын бинонты иудзинадæн, — загъта Хицауады Сæрдар.

Аннæ Кузнецова бæлвырд радзырдта, проекты сæйрагдæр хæстæ кæй сты, æрыгон адæмы къайады, бинонты цардмæ бацæттæ кæнын фыдæлты национ хæзнаты бындурыл. — Проектмæ хаст цæуынц: факультативон ахуыртæ бинонты традициты тыххæй, хуыцаубоны скъолатæ, бархионты къордтæ, хæрзаудæн фондтимæ æмгуыстад, фæсивæды инвалид сывæллæттимæ кусыныл ахуыр кæнын æмæ саразын сæрмагонд совет «Совет отцов Алании». Уымæй уæлдай ма — æрыгон бинонтæн æххуыс кæныны мадзæлттæ. Æмбырды йæхи хъуыдытæ проекты фæдыл загъта Цуциты Аслан. — Иуæй-иу фарстатæ дзы бакусинаг сты, уымæн æмæ сæ чызджытæ æмæ лæппутимæ иумæ æххæстгæнæн нæй, махæн нæ менталитет æндæр у, æмæ уый хъуыдыйаг хъуамæ уа. Сывæллæтты къайады цардмæ цæттæ кæнын хъæуы наукон æмæ педагогон цæстæнгасæй, хуымæтæг хабæрттæй нæ, фæлæ. Ис ма мæм иу фиппаинаг: программæйы амынд цæуы чырыстон фæсивæды змæлд дæр, фæлæ Ирыстоны тынг бирæ адæмыхæттытæ цæры бирæ алыхуызон конфесситæй. Æмæ зæгъæм, пысылмон чызг чырыстон лæппуйы хæдзармæ æрцыд чындзы, уæд хъуамæ зона ног бинонты æгъдæуттæ, разы уа сæ диныл дæр. Ацы фарстатæ нæм хуымæтæг кæсынц, фæлæ сын æнгом цард саразынæн та егъау тых ис, — загъта Цуциты Аслан.

Кæй зæгъын æй хъæуы, канд бинонты царды фарстатæ хаст не ‘рцыдысты программæмæ, фæлæ ма сидзæр, рынчын æмæ фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæн æххуыс кæныны фарстатæ дæр. Программæйы нысантæ Уæрæсейы хуссайраг регионы æппæты фыццаг æххæст кæнынмæ хъæппæрис бавдыста Цæгат Ирыстон. Æмбырды фæстæ УФ-йы Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын минæвар Аннæ Кузнецова бабæрæг кодта сывæллæтты цалдæр социалон объекты.

САУТÆТЫ Тамилæ

Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here