Лермонтовы байгом футболæй хъазæн фæзуат

0
341

Стъараполы крайы горæт Лермонтовы байгом, футболæй хъазыны Дунеон чемпионатмæ цы фондз фæзуаты хъуамæ саразой, уыдонæй цыппæрæм. Ацы фæзуат хуыйны «Бештау» æмæ хæссы Советон Цæдисы Хъæбатыр, танкист Николай Ефимы фырт Матвиенкойы ном. Ам æвæрд æрцыд йæ номыл мемориалон фæйнæг. Фыст ыл ис хъæбатыры хæстон æмæ граждайнаг царды фæндæгты тыххæй хабæрттæ.
Крайы губернатор Владимир Владимиров куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис, ацы фæзуатыл фидæны кæй схъомыл уыдзысты нæ бæстæйæн номгæнæг футболисттæ.
Фæбæрæг кæнын хъæуы уый, æмæ ацы фæзуат саразыныл кæй бахардз кодтой 152 милуан сомы. Уыдонæй 40,4 милуан сомы уыдысты крайы бынæттон бюджетæй, 107 милуан сомы та -федералон къазнайæ. Иннæ æхцатæ радтой муниципалон арæзтæдты фондтæ.
Фæзуаты ис дзаумæттæ ивæн бынат, журналисттимæ фембæлдтытæ кæнæн уат æмæ æндæр хъæугæ бынæттæ.
Футболæй хъазтмæ дзы cæ бон кæсæн уыдзæн 500 адæймагæй гыццыл фылдæрæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here