0
776

 

Фыдæлты уæзæгыл — æнувыд

 

Тъæнджы мæйы 23 боны газет «Рæстдзинад»-ы зæрдиагæй бакастæн Уаниты Оксанæйы уацхъуыд «Нæ кувæндæттæ бахъахъхъæнæм»-ы куырттатаг хъæппæрисджын æрыгон лæппу Бызыккаты Таймуразы тыххæй. Фæлæ, дам, донæн йæ былыл чи цæры, йæ ивылæн дæр ын уый зоны. Фæнды мæ газеткæсджыты бæлвырддæр базонгæ кæнын Бызыккаты Таймуразы цардвæндагимæ.

Таймураз райгуырд Сыбыры, фæлæ схъомыл Куырттаты комы бæрзонддæр хъæу Цымытийы. Ам арвыста йæ сабидуг. Лæмбынæг-иу хъуыста, йæ куырыхон нана йын цы аргъæуттæ, таурæгътæ, зондамонæн æмæ æмбисонды хабæрттæ кодта, уыдонмæ, æмæ сæ абон дæр нæ рох кæны. Æхсæз азы йыл куы сæххæст, уæд ахуыр кæнын райдыдта бынæттон скъолайы. Уыцы чысылæй дæр йе ‘мгæртты ‘хсæн бæрæг дардта зонындзинæдтæм тырнындзинадæй, йæ нысан сæххæст кæнынæй. Бирæ уарзта бæрæгбæтты хистæртимæ кувæндонмæ цæуын. Афтæ, йæ гыццылæй фæстæмæ йæ бæллиц ссис, Куырттаты комы цы кувæндæттæ æмæ историон цыртдзæвæнтæ ис, уыдонмæ базилын.

Таймураз у, йæ дадзинты ирон туг кæмæн зилдух кæны, фыдæлты æгъдæуттыл фидар чи хæцы æмæ сæ цæсты гагуыйау чи хъахъхъæны, мадæлон æвзаджы цæрайæ чи цæры, ахæм æцæг ирон нæртон гуырд. Уæздан, æгъдауджын, æфсармджын, æмгарджын лæппуйыл 22 азы йеддæмæ нæма цæуы, фæлæ ас куырыхон лæгау сты бæстон æмæ бæлвырд йæ хъуыдытæ. Æртæ азы размæ Уæллаг Фыййагдоны астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд, фыццаджыдæр, йе стырдæр хæсыл банымадта йæ граждайнаг хæс ахицæн кæнын. Бирæ хæттыты райстой Таймуразы ныййарджытæ æфсæддон хайы разамындæй арфæйы фыстæджытæ.

Службæйы фæстæ Таймураз йæ сæрмæ не ‘рхаста æнцад бадын, æнæсæрфат рацу-бацу кæнын æмæ æрлæууыд фæллойы фæндагыл. Уæлдæр ахуырад райсынмæ дæр æм рагæй уыд тырнындзинад, æмæ фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд ЦИПУ-йы разамынды факультетмæ.

Кæд чысыл амалхъомады фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ кæны, уæддæр ныридæгæн бæрæг у, йæ фидæн бæркадджын кæй уыдзæн, уый. Уымæн æмæ у æнæзивæг, алы куыстмæ дæр у цæттæ æмæ арæхсгæ хорз кæны. Йæ ахуыры фæндагыл дæр цæуы æнæкъуылымпыйæ. Уæдæ, скъоладзау ма уыд, уæдæй фæстæмæ, комбæсты циндзинад уа, æмæ дзы Таймураз ма балæггад кæна, йæ аив кафтæй йæ ма барæсугъд кæна, уымæн уæвæн дæр нæй. Зиан уа, æмæ дзы фыдæбонгæнæг ма уа, афтæ никуы вæййы. Æнæзивæг, зæрдæхæлар лæппуйы фæнды алкæмæн дæр исты хæрзты бацæуын.

Æхсæнадон цардмæ куыдфæндыйы цæстæй никуы кæсы Таймураз, фæлæ, бæрнондзинад æнкъаргæйæ, тыхсы, комбæсты цы бирæ лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоныл. Хорз арæхсы фæсивæды æрбамбырд æмæ сæ хорз хъуыддæгтæм сразæнгард кæнынмæ. Йе ‘мгæртты ‘хсæн йæ ныхасы кæддæриддæр ис уæз, сты йын аргъгæнæг. Цыбыр дзырдæй, æнæхин, сыгъдæг удвæллойæ, цæстуарзондзинадæй амайы йæ ном, йæ царды мæсыг. Ивгъуыд аз фæззæджы комбæсты адæм Таймуразыл баууæндыдысты æмæ йæ æмвæндæй равзæрстой бынæттон хиуынаффæйады æмбырдмæ депутатæй.

Таймураз æгæрон уарзтæй уарзы мадæлон æвзаг, сагъæс ын кæны йæ хъысмæтыл. Цы бирæ таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ зоны, уыдон аив, хъæздыг æмæ зæрдылæмбæлгæ сыгъдæг иронау куы фæдзуры, уæд æм адæймаг хъусынæй нал фефсæды. Никуы дзы фехъусдзынæ хæццæ-мæццæ ныхас. Æмæ цас таурæгътæ зоны, уый та! Хъус æмæ йæм хъус! Æнувыд у фыдæлты уæзæгыл. Мæнæ куыд зæгъы Таймураз йæхæдæг: «Куыд зынаргъ дæ, æвæдза, фыдыуæзæг! Цас æхцондзинад банкъарын, мæ чысыл райгуырæн хъæумæ куы ссæуын æмæ мæ риуыдзаг куы сулæфын, мæ фыдæлтæ цы уæлдæфæй улæфыдысты, уымæй, уæд! Куыд æхсызгон мын вæй- йы, мæ райгуырæн къæсы хæлддзаг, бур згæ хъуына кæуыл ныббадтис, уыцы дуртæн сæ фенд дæр! Цавæрдæр хъармдзинад банкъарын. Уæлмонц æнкъарæнтæй айдзаг вæййы мæ зæрдæ. Уымæн у Цымыти мæ удæн æппæтæй адджындæр, æрвон хурау мын у зынаргъ. Ам сты мæ уидæгтæ, ам ис мæ мыггаджы, мæ хæдзарвæндаджы бындур, ам ис мæ фыдæлтæн се ‘нусон бæстæ, се ‘ртхутæг. Мæ рагфыдæлтæ æнусты дæргъы бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой, бирæ хæттыты-иу бахаудысты тæссаг æмæ сæфты уавæрты, фæлæ уæддæр æнæфæцудгæйæ, ныфсхастæй, æхсарджынæй æмæ фæллойуарзагæй фæцыдысты царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл, ныууагътой намысджын фæд, рæсугъд фарн. Уыцы фарн бахъахъхъæнын æмæ йæ кæстæр фæлтæрмæ адæттын нымайын мæ хæсыл. Уый у мæ царды фыццаг нысан.

Мæ фыдæлтæ сыгъдæгзæрдæйæ цыдысты кувæндæттæм, зæдтæ æмæ дауджытыл сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхстой. Хъахъхъæдтой сæ, зылдысты сæм. Зылдысты æмæ хъахъхъæдтой, фыдбонтæ æмæ сæ фыдтымыгътæй цы мæсгуытæ бахызтой, уыдоны дæр. Фæлæ сын абон адæм аккаг аргъ кæй нал кæнынц, уый мæ сагъæсы æфтауы. Хатгай афтæ рауайы, æмæ сæм чи æрбацæуы, уыдонæн вæййынц хиирхæфсæн æмæ улæфæн бынæттæ, æдзæлгъæд сæ кæнынц.

Нæ кувæндæтты æмæ мæсгуыты уыцы уавæр мæхицæн нæ хатыр кæнын. Тынг мæ фæнды комбæсты кувæндæттæ æмæ мæсгуытæм базилын, бабæлвырд сæ кæнын. Мæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, агурдзынæн алы мадзæлттæ, никуы саккаг кæндзынæн мæхицæн æнцойбон, цалынмæ мæ бæллицтæ сæххæст уой, уæдмæ. Æрмæст уæд хондзынæн мæхи æппæтæй амондджындæр».

Мæ ахуырдзау ахæм æмбаргæ зондахастæй хайджын кæй у, уый мын дæтты стыр æхсызгондзинад, хæссы мын циндзинад. Æмæ мæ циндзинад дих кæнын газеткæсджытимæ.

Таймураз, Лæгты дзуары фæдзæхст у! Сæххæст уæнт дæ рæсугъд фæндтæ!

 

ФÆРНИАТЫ Рая, педагогон фæллойы ветеран


 

Фæлмæн ныхас зæрдæмæ хъары

Радзырд

Ирон хъæу. Цард дзы цæджджинагау æхсиды. Уæрæх быдырты фосы алы мыггæгтæ хизынц. Хъæуы уынгты сывæллæттæ цингæнгæ згъорынц, зарынц. Ранæй-рæтты сæ кулдуæртты раз бадынц ацæргæ зæронд лæгтæ. Райсомæй хъæуы цæрджытæ уыциу рæстæг ратæрынц сæ хъомвос. Се ‘ппæт дæр вæййынц иухуызон сыгъдæг æмæ сабыр. Æрмæст, хъæуы кæрон цы хæдзар ис, уырдыгæй рацæуæг хъугæн алы райсом дæр йæ уынд вæййы тарст. Куыддæр ын йæ хицау-сылгоймаг скъæты дуар фегом кæны, афтæ тарст хæйрæгау размæ атырны. Уый та уымæн, æмæ, хъуг йæхи дуцын куы нæ фæуадзы, уæд æй йæ хицау уисойы хъæдæй æрхойы, æрсабыр уа, зæгъгæ. Афтæмæй хъуг цас быхсыдта, чи зоны, фæлæ иу афон, нæмгæ-иу æй чи кодта, уыцы сылгоймаг æрбарынчын. Сæ мад фæрынчын, уый йæ чызджытæ куы базыдтой, уæд дæлæ, уæлæ нал фæкодтой æмæ сæ мады рынчындоны схуыссын кодтой. Уым цалынмæ сылгоймаг йæхи дзæбæх кодта, уæдмæ йæ чызджытæй иу горæтæй хъæумæ ацыд, цæмæй, хъуг чи дуца, уый дæр уа, æмæ сæ фыд дæр иунæг ма уа.

Чызг-иу хъуг дуцынмæ куы бацыд, уæд-иу æй цалынмæ дыгъта, уæдмæ змæлгæ дæр нæ кодта. Чызджы йæ мады ныхæстæ, хъуг фыдуаг у, зæгъгæ, уырнгæ дæр нæ кодтой. Афтæмæй хъуг æрсабыр, нал тарст йæ дуцæгæй. Райсомæй-иу уыцы уæздан цыд ракодта, изæрæй та-иу кулдуарæй бауасыд, бауадзут мæ, зæгъгæ.

Афтæмæй иу бон куы уыд, уæд дын чызг хъуджы райсомæй хизынмæ аскъæрдта, йæхæдæг рынчындонмæ ацыд, цæмæй йæ мады æрласа. Мад сæнæниз, фæрæвдз, æмæ йæ рынчындонæй рафыстой. Хæдзармæ куы æрцыдысты, уæд сыл уайтагъд сыхæгтæ амбырд сты, сæ уарзон сыхаг куыд у, зæгъгæ. Афтæмæй бон уайтагъд атахт. Изæрæй мад йæ хъæууон дзаумæттæ скодта æмæ хæдзары куыстытæ кодта.

Уалынмæ дын кулдуарæй сæ хъуджы уасын æрбайхъуыст. Ус хъуджы уасын- мæ йæ хъус не ‘рдардта, уымæн æмæ ныронг сæ хъуджы хæдзармæ тыхтард кæнын хъуыд. Æнхъæлдта, æмæ уый сæ хъуг нæу. Афтæмæй хъуг иу цасдæр куы фæуасыд, уæд йæ уасынмæ чызг уатæй рахызт æмæ йæ мадæн, цæуылнæ æрбауадзыс хъуджы, зæгъгæ, фæкодта. Мад йæ сæрыл схæцыд æмæ йæ чызгмæ сдзырдта:

— Уый мах хъуг нæу!

Мах у, зæгъгæ, йын бакодта чызг. Уыцы ныхæсты фæстæ чызг æмæ мад æддаг кæртмæ ахызтысты, цæмæй хъуджы мидæмæ æрбауадзой.

Мад разæй фæцæуы, чызг — чысыл фæстæдæр. Хъуг куыддæр къæхтыхъæр айхъуыста, афтæ ноджы зæрдиагдæрæй ныууасыд. Æнхъæлдта, æмæ та йын дуар чызг бакæндзæн.

Уалынмæ дын мад дуар райтыгъта. Хъуг ма йæ цинæй иу уаст ныккæнинаг уыд, фæлæ, усы куы ауыдта, уæд йæ цæстытæ хæфсы цæстытау ныхъхъоппæг сты, йæ улæфт баурæдта, фыртæссæй фæстæмæ иу-цыппар метры бæрц ацыд æмæ йæ хуыз аивта. Уайтагъд та йæ цæстытыл ауад уисой, над, фыддзард. Фæлæ нæ, хъуг йæхимидæг куыд хъуыды кодта, афтæ нæ уыд. Ус цалынмæ рынчындоны уыд, уæдмæ йæ хъугыл тынг æрæнкъард æмæ йыл бацин кодта, йæ раздарæны дзыппæй йын систа дзулы къæбæртæ, авæрдта йын сæ, æрлæгъзытæ йæ кодта. Уæзданæй йæм сдзырдта, æмæ йыл хъуг дæр уыцы уысм æрæууæндыд.

Уæдæй фæстæмæ хæдзары æфсин йæ хъуджы никуыуал фæнадта. Хъуг та-иу алы изæр дæр иннæты разæй згъордта хæдзармæ, уымæн æмæ-иу æм кулдуары раз æнхъæлмæ каст йæ уарзон хицау, йæ фæччийы дзулы къæбæртæ, афтæмæй.

Касаты Аслæнбег


                    Рувас æмæ уызын

Рувас æмæ уызын иумæ цæрынвæнд скодтой. Сарæзтой сæхицæн хæдзар. Райсомæй-иу уызын хъæдмæ ацыд. Бон-изæрмæ йæхицæн зымæгмæ хæринаг амал кодта. Рувас та йыл худæгæй мардис.

— Æдылы къоппа, улæфгæ дæр-иу акæн,— дзырдта рувас, — цард дыууæ боны у, мæнæ мæнмæ нæ кæсыс. Бонизæрмæ хъæды мæхи тæрхъустимæ æмæ хъæддаг бабызтимæ фæирхæфсын. Сæ фæстæ ралидз-балидз сисын, кæй æрцахсын, уый бахæрын æмæ мæхи æфсæстæй цъæх нæууыл аппарын æмæ зарджытæ фæкæнын. Уый дын цард, æндæр ды дæр цæрыс! Райсомæй-изæрмæ цыдæртæ уидзыс æмæ сæ уæрмы æвæрыс, афтæмæй кæдмæ цæрынмæ хъавыс?

Уызын ын уыцы ныхæстæн ахæм дзуапп радта:

— Æнæ куыстæй ницы ис, мæ хур! Сæрд тагъд ацæудзæн, æмæ зымæг ралæудзæн. Зымæгон та уæрмы куы ницы уа, уæд æххормагæй амæлдзынæ. Афтæмæй сыл хъызт зымæг скодта. Рувас цы бахæрa, уый нæ зоны. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ сæрдыгон бонтæ, хъуыдыты аныгъуылд æмæ бафынæй. Дыккаг бон йæ сынтæгæй куы сыстад, уæд йæ сæр разылд æххормагæй. Ай хорз хабар нæу, исты æрымысын хъæуы, зæгъгæ, хъуыдытæ кодта. Бирæ фæрахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ уызыны асайыны фæнд скодта. Зарын æмæ кафын райдыдта уæрмы раз, йæ къахфындзтыл æрзилы, иу къуымæй иннæмæ симы. Уызын ын афтæ:

— Исты циндзинад дыл æрцыд, æвæццæгæн.

— Абон ахæм хабар фехъуыстон, æмæ мын æнæ кафгæ дæр нæй. Нæ уæрмы бын ахæм хæзнадур ныгæд ис, æмæ, кæй къухы бафта, уый ницы хъуаг уыдзæн ацы царды. Фæлæ уæрм æнæхъæн сæрд алцæмæй байдзаг кодтай, æмæ сæ тагъддæр куы бахæриккам, уæд къахын райдаиккам.

Уызын уайтагъд хæринæгтæ хæссын райдыдта. Хинæйдзаг рувасæн та йæ хал схауд. Уызын сæрд-сæрды дæргъы бирæ цыдæртæ фæхаста уæрммæ, æмæ сæ цалынмæ хордтой, уæдмæ зымæг дæр фæцис. Уæрм къахын рай- дыдта уызын, фæлæ никуы æмæ ницы. Бамбæрста, рувас ыл хинæй кæй рацыд, йæ къух ауыгъта æмæ та кусыныл балæууыд.

 

Тæппуд мыст

Иу хъæды цардис иу гыццыл мыст, уый алцæ- мæйдæр тынг тарст. Сыфтæрты сыбар-сыбурæй дæр-иу йæхи хуыккомы амбæхста. Иннæ сырдтæ йыл худæгæй мардысты:

— Ахæм тæппуд ма дзы искæм райгуырд, цымæ, дымгæйы къуыззиттæй дæр тæрсгæ кæны! Уæд мыст смæсты ис: “Сырдтæ мыл кæдмæ хъуамæ худой?” Æмæ сфæнд кодта Мыст иннæ сырдты ‘хсæн йæхи хъæбатырæй равдисын. Ныфсджынæй хъæды паддзах — стайы лæгæты ‘рдæм йæ ных сарæзта. Сырдтæ йыл дисæй амардысты æмæ йæм сусæгæй кæсынц.

Уыцы рæстæг стай æфсæстæй фынæй кодта. Мыст ын йæ къæдзилыл сбырыд æмæ йын йæ синыл сбадт. Стай уайтагъд фехъал, йæхи бацагъта, æмæ мыст зæхмæ рахауд. Стай мæсты уаст ныккодта, ныууынæргъыдта:

— Мæ синтыл цы куыстай, мæнæ гыццыл мыст?!

— Ма мæ бахæр, æз хъæды æппæты тæппуд æмæ хæлиудзых дæн, мæ aууонæй дæр тæрсгæ кæнын, — ныллæгъстæ йын кодта мыст, — бафæлладтæн уымæй, нал мæ фæнды тæрсын алцæмæйдæр. Ды æппæты тыхджындæр дæ ацы хъæды æмæ мын баххуыс кæн.

Стай йыл хъæрæй ныххудти.

— Цæмæй дын цымæ хъуамæ баххуыс кæнон?

— Баххуыс мын кæн, нæ фæфæсмон кæндзынæ. Æз дæр дын искуы баххуыс кæндзынæн.

Уыцы ныхæстыл стай рамæсты. — Дæу хуызæн гыццыл мыст мын цæмæй баххуыс кæн- дзæн? — Тынг ныхъхъырныдта, фæлæ мысты зырзыргæнгæ куы федта, уæд ын афтæ:

— Хуыцауæн кув, æфсæст кæй дæн, уый тыххæй. Ныр та цæугæ мæ разæй, тæппуд чи дæ! Мыст дæр æнкъардæй йæ хæдзармæ ацыд. Рацыд иу цасдæр рæстæг, стай сæххормаг æмæ цуан кæнынмæ рацыд. Цуанæтты къæппæг нæ федта æмæ дзы бахауди. Архайы йæхи суæгъд кæныныл, фæлæ йын не ‘нтысы. Уыцы рæстæг мыст кæцæйдæр рацæйцыд. Уый стайы бæлaсыл ауыгъдæй куы ауыдта, уæд ын фæтæригъæд кодта, йæ къæдзилыл ын сбырыд æмæ æхсынын райдыдта бæттæнтæ.

— Алидзут! Цуанæттæ æрбацæуынц! — Хъæр кодтой сырдтæ.

Мыст цалынмæ стайы не суæгъд кодта, уæдмæ нæ алыгъд. Стай мысты йе ‘ккойы абaдын кодта æмæ йæ тых йæ бонæй азгъордта. Йæ лæгæтмæ куыд балыгъдысты, уый дæр нæ бамбæрста.

— Бузныг дын, мыст, кæй мын баххуыс кодтай, уый тыххæй. Абонæй фæстæмæ мах хæлæрттæ уыдзыстæм, мацæмæйуал тæрс, ничиуал дæ хъыгдардзæн.

Уыцы бонæй фæстæмæ мысты тæппуд ничиуал схуыдта.


 

***

О, Гимерот, мæ зæрдæйы Хуыцау!

Уæлмонц уарзты æнæивгæ æрмдарæг,

Фæзындтæ мæм, зæххон мондæгтæ уарæг!

Фæзындтæ мæм, æрвон зæдты хуындзау!

 

Æрвылбоны цард фестын кæн фынау,

Æнæрынцайгæ узæлгæ, æнкъарæг.

О, Гимерот, æнусмæ уæд дæ зарæг!

Мæ ризгæ уд æнæвгъауæй рæвдау.

 

Ныппар-иу мæ сæрзилæн монцы арфмæ,

Уæлмонцы базыртыл мæ схæсс уæларвмæ,

Æрмæст дæуæн мæ цард нывонд кæнын.

 

Уадз æмæ зæрдæ хсидгæ уарзты судза,

Мæ уды къултæ нкъарæнтæй рæмудза,

Цыма фæстаг бон а зæххыл цæрын.

 

Куывд

Нæ вæййы цард æдзухæй дæр æнæмæт,

Нæу алкæмæ дæр хорзæхтæй рæдау.

Дæ къухты ис, дæ бары ис нæ хъысмæт,

Фæдзæхсын дыл мæ кæстæры, Хуыцау!

 

Йæ цардвæндагыл бирæтыл æмбæлдзæн,

Кæйдæр зæрдæ дзы разындзæни сау,

Кæмæдæр дзы æфсармдзинад нæ уыдзæн,

Фыдæнхъæлæй мын æй бахизæд Хуыцау!

 

Фылдæртæ сты кæрæф зондæй æнгæстæ,

Кæнынц фылдæртæ хорздзинад æфстау.

Æмрæнхъ сæ фарсмæ ма ‘рлæууæд мæ кæстæр.

Зæрдæхудтæй йæ бахъахъхъæн, Хуыцау!

 

Мыййаг, куы нал уа царды йыл фæхæцæг,

Йæ хъысмæт дæр куы разына уæззау,

Йæ зæрдæмæ куы ныххиза æрхæндæг,

Æнæ ныфсæй йæ ма ныууадз, Хуыцау!

 

Æвиппайды куы асæттой йæ тыхтæ,

Куы фæдзæгъæл уа а зæххыл куырмау,

Мыййаг, куы слæууа ‘ппæт дуне йæ ныхмæ,

Мæ кæстæрæй-иу ма аздæх, Хуыцау!

 

Зындзинæдтæй куы фемæхса йæ цæссыг,

Куы сæвæра æппæт зæхх-бæстыл фау,

Куы дыл фæуа æнæзондæй дызæрдыг,

Ныббар ын-иу мæ кæстæрæн, Хуыцау…

 

Нау

Æрвон тыгъдады стъалытæм хуындзау

Фæленк кæны хæмпус æврæгътæй нау.

Йæ рухсдзыд пæлæз — хуры тынтæй быд,

Æмвæндагон пыхс дымгæйæ рæвдыд.

 

Кæны фæндараст дард балцмæ йæ хох,

Цъæх цæстытæй кæсы йæ фæстæ къох,

Хæл-хæл кæнгæ йæ фæдыл уайы дон,

Хъæдын хидæй — тæнæг астæуыл рон.

 

Тыгъд быдыры ыскодтой мæргътæ хъазт,

Сæ зарджытæ зæлынц уæларвмæ раст.

Ныуулæфыд бæркадджын зæхх: «Хуыцау,

Фыдбылызæй нын бахъахъхъæн нæ нау!»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here