Ивгъуыд майрæмбоны ЦИПУ-йы концертон залы уыд уæлæдарæсы æрыгон дизайнерты XII дунеон конкурс «Пульс моды — 2018» Уыцы æркаст арæзт цæуы 2007 азæй, ЦИПУ-йы технологийы æмæ хуыд уæлæдарæс æрхъуыды кæныныл архайæг кафедрæйы кусджыты хъæппæрисæй.
Конкурсы нысан у, уæлæдарæс хуыйынмæ æмæ æрхъуыды кæнынмæ чи арæхсы, уыцы æрыгон дизайнерты æмæ хуыйджыты сфæлдыстадон куыстмæ разæнгард кæнын. Ацы хатт дæр та конкурс æрбамбырд кодта, куыд фæзæгъынц, йæ къухтæй арвæй нывтæ чи исы, уыцы æрыгон чызджытæ æмæ лæппуты. Уыдонæн ЦИПУ-йы концертон залы сценæйæ зæрдиаг арфæ ракодта университеты проректор, историон наукæты доктор, профессор Туаты Бертæ. Уый йæ ныхасы загъта: «Æрыгон фæсивæд ног уæлæдарæсы хуызтæ æрхъуыды кæнынмæ кæй арæхсынц, нырыккон æхсæнады æмæ царды домæнтæм гæсгæ сæ къахдзæф кæнын кæй фæнды, уый у тынг æхсызгон æмæ хорз хъуыддаг. Махæн та, нæ бон цы уа, уый кæддæриддæр кæндзыстæм, цæмæй æрыгон фæлтæрæн фадæттæ уа се сфæлдыстадон рæзтæн». Конкурсы æдæппæт æвдыст æрцыд, 40 ног коллекцийæ фылдæр. Сæ дизайнертæ — Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Ростовы облæст, Мæскуы æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй.
Фестивалы архайджыты куыстытæн жюрийы уæнгтæ аргъ кодтой æхсæз сæрмагонд номинацимæ гæсгæ: «Дебют», «Александровский проспект», «Профи», «Этнодизайн», «Эксперимент» æмæ “Артдизайн». Сæйраг хорзæх — «Сыгъзæрин æнгуырстуан» — ацы хатт æрхауд ЦИПУ-йы студенттæ Гобеты Аланæ æмæ Бызыккаты Зæлинæмæ сæ коллекци «Альфа Центавра»-йы тыххæй.
ГАСАНТЫ Валери














