Хъуыддаг уымæ цæуы, æмæ ацы æнусы фæндзайæм азты Зæххы къорийы цæрджыты 70 проценты цæрдзысты горæтты. Уый домы егъау æмæ вазыгджын ивддзинæдтæ, рагагъоммæйы цæттæгæнæн куыстытæ. Бамбарæн ис, зæгъæм, иу километрыл зынгæ фылдæр адæймæгтæ кæй цæрдзæн, уыдæттæ фылдæр хъомыс кæй домдзысты, æдасдзинады фарстатæ ноджы ахсджиагдæр кæй суыдзысты, алфамбылаймæ фылдæр уæз хауын кæй райдайдзæн, экологийы хъуыддæгтæ ноджы вазыгджындæр кæй фæуыдзысты, уыдæттæ. Ацы ахсджиаг фарстайыл ныридæгæн архайын кæй райдыдтой, уый дзурæг у, нæ бæстæйы разамынд уавæр раст кæй æмбары, ууыл.
Æртæ боны дæргъы Дзæуджыхъæуы йæ куыст кодта проект «Умный город» царды хуыздæр æмæ растдæр саразыны фæдыл æмбырд. Цæмæй фарста хуыздæр æмбæрстгонд уа, уый охыл Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты проекты автортæ, бæрнон ыл чи у, уыцы адæймæгтæ. Хицауады хæдзары фыццаг бон цы уæрæхгонд æмбырд скодтой, уым раныхас кодта «Ростелеком»-ы разамонæджы хæдивæг Артемий Прокопенко. Уый бæстон æрдзырдта, проект «Умный город» цæй тыххæй фæзынд, йæ нысантæ куыд æвæрд æрцыдысты, уыдæттыл. Нæ бæстæйы раз цы бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ æвæрд ис, уыдонæй иу у нымæцон экономикæйы райрæзт. Уыцы программæмæ хаст æрцыдысты нымæцон экономикæйыл æнцайæг проекттæ. Сæ иу — «Умный город» фæахъаз уыдзæн горæттæн ахадгæ хуызы разамынд дæттынæн, цæмæй йе ‘ппæт къабæзтæ дæр æмхуызонæй рæзой, уымæн.
Хъуамæ проект æххæсса экономикæ, зæххы æмæ исбонады ахастдзинæдтыл, горæттæаразынадыл, æдасдзинад, фæндæгтæ æмæ транспорт, энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, экологи æмæ фидар æппарæццæгтæ æфснайын, ахуырад æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынад, культурæ, фæлладуагъд, туризм, физкультурæ æмæ спортыл. «Умный город»-мæ ахæсгæ у, техникон уынаффæтæ, æндæр ахсджиаг размæцыд гæнæнты фæрцы фæрæзтæй раст пайда кæм кæнынц, цæрджытæн та æнаипп лæггæдтæ кæм дæттынц, ахæм горæт. Артемий Прокопенко куыд радзырдта, афтæмæй 2011 азæй райдайгæйæ, хицæн къабæзты пайда кæнынц размæцыддæр проекттæй, фæзынд сæм электронон хицауад, сервистæ. Зæгъæм, энергофæстауæрцгæнæн, энергоахадындзинад бæрзонддæргæнæн сервистæ.
Ногдзинæдтæ бахызтысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадмæ, уыимæ та баст сты æппæт структурæтæ, цæрджытæ. Проект «Умный горд» царды куы рантыса, уæд фæстауæрцгонд æрцæудзæн бирæ фæрæзтæ, хæрдзтæ фæкъаддæр уыдзысты, бюджетмæ æфтдзæн фылдæр æхца. Нымæцон технологиты фæрцы цæрджытæ комкоммæ архайдзысты разамынд дæттыны хъуыддæгты, адæм æмæ хицаудзинады ‘хсæн ахастдзинæдтæ фæхуыздæр уыдзысты. Ахæм егъау проекттæ царды саразыны охыл хъуамæ баиу уой финансон æппæт гуырæнтæ. Зæгъæм, нысанмæарæзт, федералон, регионалон, муниципалон, наукæйы рæзтæн лæвæрд гранттæ, суанг цæрджыты æхца дæр. Территоритæн разамынд дæттыны хъуыддагæн ногдзинæдтæм хъæуы ног цæстæнгас. Уыимæ разамынд дæттыны хъуыддаджы бындур хъуамæ конд æрцæуа территорийы цардарæзты тыххæй æххæст, бæстон информацийæ. Уый сæмбырд кæнынæн дæр хъæуы фадæттæ.
Сæйрагдæр цы у ацы проектты? Хъуыды кæнгæйæ, зонындзинæдтæй арф æмæ парахат информацийæ пайда кæнгæйæ разамынд дæттын. Инфраструктурон проекттæ æххæстгæнгæйæ цы исбон, цы коммуникациты хицау дæ, уыдонæй хæдзардзинæй спайда кæнын. Нымæцон экономикæйы программæйы фæлгæты горæттæ ног, зондджын разамынд дæттыны хуызмæ раивыны хъæппæрис хауы «Ростелеком»- мæ. Нымæцон, ахадгæ разамынд дæттыны проекттæ царды сæххæст кæнынмæ бавнæлдтой Уæрæсейы æртæ горæты, се ‘хсæн — Дзæуджыхъæу дæр. Æдæппæт курдиæттæ уыдысты 50, архайджыты æвзæрстой сæрмагонд барæнтæм гæсгæ. Зæгъæм, уæлдæр хицаудзинады хъæппæрис, «зондджын» горæт саразыны хъуыддаджы регионалон æмæ муниципалон хицаудзинады ‘хсæн æмбарындзинад æмæ цæттæдзинад, горæты инфраструктурæйы ифтонгад æмæ æндæртæ. Æргом здæхт цыдис, горæттæ алыхуызон социалон- экономикон рæзты программæты куыд архайынц, размæцыд федералон институттимæ сын цы æмгуыстад ис, уыдæттæм.
«Ростелеком»-ы минæвар бæстон радзырдта, республикæ æмæ Дзæуджыхъæуы разамындимæ цавæр рагагъоммæйы куыст бакодтой, æмгуыстады тыххæй цавæр бадзырдтæ скодтой, уый тыххæй. Дарддæр уый ныхасы бар радта Дмитрий Гуртовæн, уый у проект «Умный город»-ы куратор, проекты сарæзтмæ æппынæдзух йæ хъус дардзæн. Ныхасгæнæг æмбырды архайджытæн лæмбынæг бамбарын кодта, ведомствотæй кæмæ цы хæстæ хауы, проект æххæст кæныны рæстæг æргом цæмæ аздахын хъæуы, уыдæттæ. «Горæттæн ног хуызы разамынд дæттыны нысантæм бирæтæ аздæхтой се ‘ргом, фæлæ йæ кæрæйкæронмæ царды саразынæн хъæуы бирæ æхца. Зæгъæм, Уæрæсейы Арæзтады министрад æркаст ацы фарстамæ, сæхæдæг бацæттæ кодтой сæрмагонд нысантæ. Муниципалон скондтæ æнæ регионалон æххуысæй ахæм нысантыл нæ аххæсдзысты. Ахъуыды кæнын хъæуы инвесторты æххуысыл дæр», — загъта Дмитрий Гуртов.
Уый ма фæбæрæг кодта проекты фæрцы цавæр инновацион технологитæ хаст æрцæудзысты горæттæм, адæмы царды уавæртæ цæй фæрцы фæхуыздæр уыдзысты, цæрджытæм цы хъомыс ис, уымæй спайда кæнынæн сын цы гæнæнтæ фæзындзæнис, горæтты экономикон фидар рæзтæн цавæр уавæртæ фæзындзæн, амалхъомад йæхиуыл цæй фæрцы схæцдзæн, уыцы нысантæ. Ныхасгæнæг ма дзуаппытæ радта æмбырды архайджыты фæрстытæн.
Проект «Умный город»-ыл бæстон æрныхас кæныны, æппæт хæстæ æмæ нысантæ фæбæрæг кæныны охыл æртæ боны дæргъы Дзæуджыхъæуы цыдысты сæрмагонд æмбырдтæ, секцион фембæлдтытæ. Архайджыты суазæг кодта Хæххон-мемаллургон институты наукон центры зал.
БУТАТЫ Эльзæ














