Чи рамбылдта фестивалы?

0
520

Дзæуджыхъæуы, Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы 24-25 майы цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды ахуырдзау фæсивæды VIII-æм фестивалы ерыстæ адæмон хъæзтытæ æмæ спорты хуызтæй. Фестивал рауад алывæрсыг æмæ мидисджын. Спортæй уæлдай ма фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдыстой аивады алы хуызтæй.

Фестивалы спортивон хай рауад цымыдисаг. Æппæты фыццаг сбæрæг сты уæлахиздзаутæ армспорт æмæ уæззæуттæ исынæй.

Армспортæй ерыстæ цыдысты дыууæ уæзы спортсменты ‘хсæн æмæ дыууæйы дæр уæлахиздзаутæ систы Ирыстоны минæвæрттæ. 65 кг онг уæзы 1-аг бынат бацахста Бестолаты Сослан, 2-аг æмæ 3-аг бынæттæм та рацыдысты Райбег Ахматукаев (Цæцæны Республикæ) æмæ Шамиль Узденов (Хъæрæсе-Черкесты Республикæ).

65 кг уæззаудæр уæзонты ерысы фæуæлахиз Цæрикъаты Владислав, 2-аг бынат бацахста Ахмæтхан Беков (Мæхъæлы Республикæ), 3-аг бынатмæ та рацыди Бестауты Алæмæт (РЦИ-А).

Цымыдисаг рауадысты уæззæуттæ исынæй ерыстæ дæр. Ам фæсивæд сæ хъару æвдыстой змисы дзæкъул фылдæр хæттыты сисынæй. Спортсментæн кæд сæ гуырыконд алыхуызон уыд, уæддæр ерыс кодтой иу уæзы. Æппынфæстаг 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ бацахстой, сæ уæз 69 кг кæмæн уыд, уыцы лæппутæ Ортабайты Æмзор (змисы дзæкъул систа 41 хатты) æмæ Мæхъиты Азæмæт (40 хатты). Ацы сæрæн лæппутæ сты Уæрæсейы сгуыхт тренер Дзбойты Петры хъомылгæнинæгтæ.

Дзюдойæ, уæгъдибар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй дæр ерыстæ къаддæр цымыдисаг нæ уыдысты. Иттæг хорз рахæцыдысты ирыстойнаг чызджытæ. Аст уæзы хæцгæйæ, фысымтæн бантыст æхсæз сыгъзæрин хæрзиуæджы рамбулын. Уæлахиздзаутæ систы: Елхъанаты Данæ (40 кг), Дзæгъойты Дзерассæ (48 кг), Гаглойты Элинæ (52 кг), Гаджиты Кристинæ (57 кг), Зураты Зæлинæ (63 кг) æмæ Æлборты Аланæ (+70 кг). Иннæ дыууæ уæзы фыццаг бынæттæ бацахстой Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ Эльзæ Бжаумыхова (44 кг) æмæ Миланæ Кабулова (70 кг). Уымæй уæлдай ма ирыстойнæгтæ бацахстой цыппар 2-аг æмæ æртындæс 3-аг бынаты.

Лæппутæ ерыс кодтой æртындæс уæзы. Нæ фæсивæдæн бантыст иу сыгъзæрин, æртæ 2-аг æмæ фараст 3-аг бынаты рамбулын.

Фыццаг бынат бацахсæг уыд Къæбысты Азæмæт (73 кг), дыккаг бынæттæм та рацыдысты Музаты Давид (73 кг), Джабиты Алан (90 кг) æмæ Хъæрджынты Сæрмæт (+90 кг).

Хорз рахæцыдысты нæ лæппутæ уæгъдибар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирыстойнæгтæн бантыст æппæтæй фылдæр сыгъзæрин майдантæ рамбулын.

Æртындæс уæзы хæцгæйæ нæ лæппутæ фæуæлахиз сты фондз хатты, иу хатт бацахстой дыккаг бынат, аст хатты та рамбылдтой бронзæ майдантæ. Фыццаг бынæттæм рацыдысты: Зассеты Давид (42 кг), Гыбызты Алим (50 кг), Тыджыты Зауыр (63 кг), Хетъеты Сослан (85 кг) æмæ Плиты Ацæмæз (96 кг). Æвзист майданæй хорзæхджынгонд ссис Мыстулаты Давид (76 кг).

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй нæ богæлттæ рамбылдтой дыууын иу хæрзиуæджы. Уыдонæй цыппар сты сыгъзæрин, авд æвзист æмæ дæс бронзæ майданы.

Уæлахиздзаутæ систы: Беслехъоты Зауыр (42 кг), Теблойты Давид (46 кг), Теблойты Даниэль (50 кг) æмæ Булацаты Роберт (120 кг). Æвзист майдантæй хорзæхджынгонд систы: Абациаты Рустем (35 кг), Козаты Алыксандр (54 кг), Дойаты Альберт (63 кг), Левон Аракелян (69 кг), Магомед Гамзатов (76 кг), Плиты Азæмæт (85 кг) æмæ Æлборты Хетæг (96 кг).

Ерысты æппæт хуызтæй, æмткæй райсгæйæ, фыццаг бынат бацахстой Цæгат Ирыстоны ахуырдзаутæ, дыккаг бынатмæ рацыди Цæцæны Республикæйы командæ, æртыккаг та систы Мæхъæлы Республикæйы минæвæрттæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ерысты сбæрæг кæнынц уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджыты, фæлæ ахæм фæсивæдон фестивалы хæрд ничи фæвæййы. Уымæн æмæ йæ мидис, фыццаджыдæр, у рæзгæ фæлтæрты кæрæдзиимæ спорт æмæ аивады руаджы хæстæгдæр кæнын. Æмæ та уымæн ацы хатт дæр æвдисæн уыдысты, куыд ерысты архайджытæ, афтæ сæ иузæрдион фарсхæцджытæ дæр.

БАСКАТЫ Уырызмæг

Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here