Знон Цæгат Ирыстон-Аланийы Центрон æвзарæн къамисы разамонджытæ фембæлдысты республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ.
Фембæлд байгом кодта Центрон æвзарæн къамисы сæрдары хæдивæг Хъуыдаккаты Сослæнбег.
Уый журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз 9 сентябры Уæрæсейы Федерацийы æвзæрстыты Иумæйаг бон бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм депутаттæ æмæ хъæуты сæргълæуджытыл хъæлæс кæнынмæ рацæудзысты нæ республикæйы Æрæфы, Кировы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты цæрджытæ дæр.
Республикæйы цы 20 æвзарæн компанийы уыдзæн, уыдонæй Æрæфы районы минæвæртты æмбырдмæ, стæй Цыколайы хъæуы минæвæртты æмбырдмæ депутаттæ æвзардзысты 8 æмæ 11 æвзарæн зылдты.
Кировы районы депутаттæ æвзардзысты Елхоты минæвæртты æмбырдмæ, районы иннæ хъæуты та сæргълæуджытæ æмæ хъæуты минæвæртты æмбырдмæ депутаттæ.
Алагиры районы Дзуарыхъæуы æвзардзысты сæргълæууæг æмæ хъæуы минæвæртты æмбырдмæ депутаттæ.
Горæтгæрон районы Дæргъæвсы цæрджытæ æвзардзысты хъæуы сæргълæууæг, Куырттаты — та хъæуы минæвæртты æмбырдмæ депутаттæ.
Республикæйы 338 иудадзыгон æвзарæн къамисæй æвзæрстытæм цæттæ кæныны æмæ сæ боны архайдзæн 40 къамисы. Уыдонæй Æрæфы районы — 22 къамисы, Кировы районы — 13, Алагиры районы — 2 æмæ Горæтгæрон районы — 3 æвзарæн къамисы. Æвзæрстыты архайдзæн къамисы уæнгтæй 300 адæймаджы бæрц. Цæмæй æвзæрстытæ æргом, æнæзæрдæхудт æмæ æнæ хинæйдзаг митæй ацæуой, уый тыххæй æппæт æвзарæн участокты дæр пайдагонд цæудзæн айразмæ æвзæрстыты фæлтæрддзинады ног технологитæй, уыдоны (КОИБ-17) фæрцы арæзт цæудзысты участокты къамисты протоколтæ хъæлæсты кæронбæттæн хатдзæгты тыххæй машинæ кæй кæса ахæм кодимæ.
Журналисттимæ фембæлды ма раныхас кодта республикæйы Центрон æвзарæн къамисы секретарь Ольгæ Маркова. Уый фембæлды архайджытæн радзырдта республикæйы арæзт кæй æрцыдысты 2018-2023 азты æмгъуыдмæ участокты æвзарæн къамистæ. Уыдон арæзт цыдысты «Уæрæсейы Федерацийы граждæнты референдумы архайыны бар æмæ æвзæрстыты барты бындурты тыххæй» федералон закъоны домæнтæм гæсгæ. Участокты къамистæм цы 4423 адæймаджы бахæссыны фæнд æрбацыд, уыдонæй 2961 (67,0) проценты æрбацыдысты политикон партитæй. Республикæйы политикон партитæн цы 37 регионалон хайады ис, уыдонæй сæ минæвæртты номхыгъдтæ æвзарæн участокты къамистæм æрбалæвæрдтой фынддæс политикон партийы. Центрон æвзарæн къамисы разамонджытæ бæлвырд æмæ бæстон дзуаппытæ радтой журналистты бирæ алыхуызон фæрстытæн.
КАСАТЫ Батрадз














