Йæхи æмæ иннæты æдасдзинад дæр хъахъхъæндзæн

0
544

 

Нымæцты æвзагæй адæймаг уайтагъддæр афæллайы, фæлæ хаттæй-хатт уыдоны фæрцы вæййы равдисæн цавæрдæр хъуыддаджы уавæр. Зæгъæм, фæндæгтыл цæуыны уагæвæрдтæ æппынæдзух чи халы, уыдоны аххосæй цавæр фыдбæллæхтæ æрцæуы, хъыгдард дзы цас адæм баййафы, уыдон нымæцтæй равдисгæйæ нæм тагъддæр бахъардзæн уавæры тæссагдзинад. Паддзахадон автоинспекци куыд хъусын кæны, афтæмæй, 2018 азы фондз мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ республикæйы æрцыд 277 фæндаггон-транспортон бæллæхы, уый та ивгъуыд азимæ абаргæйæ у 11 проценты фылдæр. Уыцы бæллæхты фæмард 25 адæймаджы, цæфтæ та фесты 396.

Шофырты аххосæй æрцыд 234 фæндаггон-транспортон бæллæхы, фæмард сæ 20 адæймаджы, 353 та цæфтæ баййæфтой. Иумæйаг аххосæгтæ дæр бæрæг сты: æгæр тагъд цæуынц, сæхи фæндагæй иннæмæ æнæнхъæлæджы рахизынц, кæмæн æмбæлы фæткмæ гæсгæ, уый нæ ауадзынц фæндагыл, машинæ тæрыны бартæ сæм нæ вæййы, нозтджынæй фæтæрынц машинæтæ. Фистæгæй цæуджыты аххосæй æрцыд 47 фæндаггон-транспортон бæллæхы, фæмард сæ 6 адæймаджы, 46 та хъыгдард баййæфтой. Фæндагыл цæуыны фæтк фехалгæйæ, автобусты шофыртæ скодтой 8 фыдбылызы, иу адæймаг сæ фæмард, 18 та фæцæфтæ сты. Сывæллæттæ æмæ æвзонг адæймæгты архайдимæ æрцыд 28 фыдбылызы, фæцæфтæ сты 28 адæймаджы.

Сусæггаг нæу, арæх фæндæгты æдзæллагдзинад дæр расайы фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ. Фондз мæймæ уыдысты 121, фæмард сæ 7 адæймаджы, фæцæф — 121. Ахæм цаутæ дæр уыд, æмæ аххосджынтæ фæндаггон фыдбылызы бынатæй алыгъдысты, цæфты æмæ уæззау уавæры уæвæг адæмы æнæ æххуысæй ныууадзгæйæ. Регистрацигонд æрцыд 17 ахæм цауы, уыдонæй 10 кæронмæ нæма раргом кодтой. Искæй машинæ байсыны цаутæ фæкъаддæр сты, уæдæ чи æрцыд, уыдонæн сæ 70 проценты раргом кодтой.

Фæндæгтыл цæуыны уагæвæрдтæ фехалыны тыххæй паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ скодтой 105067 административон æрмæджы. Ведомствойы хæс у транспорты техникон уавæрмæ цæст дарын æмæ йæ бæрнонæй æххæст кæнынц. Автотранспортон куыстуæтты 12 хатты скодтой бæрæггæнæн хъуыддæгтæ, цы аиппытæ ссардтой, уыдон аиуварс кæныны охыл рафыстой 115 амынддзинады, административон бæрнондзинад бадомдтой 165 разамонæгæй.

Кæд æмæ фæндæгты æдзæллаг уавæр дæр фыдбылызты аххосаг у, уæд инспекци уавæр банывыл кæныны тыххæй рафыста 391 амынддзинады, административон бæрнондзинадмæ фæсидтысты 99 адæймагмæ æмæ куыстуатмæ, 74 домæны балæвæрдтой фæндаггон фыдбылызы тыххæй.

Æмбарынгæнæн куыстæн дæр стыр ахъаз ис, уый хорз æмбарынц автоинспекцийы кусджытæ. Дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн бацæттæ кодтой 1794 алыхуызон æрмæджы, ома, газетты, телеæмæ радиоэфирты, Интернет-сайтты сæ рауагътой.

Хицæн ныхасы аккаг у, автоинспектортæ скъоладзаутимæ, суанг рæвдауæндæтты сабитимæ цы куыст кæнынц, уый. Фыдбылыз ма ‘руадзыны, фæндæгтыл цæуыны фæтк бацамоныны тыххæй сын скодтой 2028 мадзалы (лекцитæ, фембæлдтытæ, æргом уроктæ). Арæх сæ кæнынц хъазты хуызы, сывæллæттæ афтæмæй домæнтæ хуыздæр æмæ рæвдздæр бамбардзысты. Рæзгæ фæлтæримæ куыст кæддæриддæр домы фылдæр рæстæг, къæрцхъусдзинад, фæлæ сæрдыгон фæлладуагъды заман та ноджы бæрнондæрæй бавналынц сæ хæстæм фæндæгтыл æдасæй цæуыны службæйы инспектортæ. Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты, скъолаты сæрдыгон фæлладуадзæн фæзты, лагерты æмбæлынц, амонынц, ныхас кæнынц. Сывæллон йæ сабибонты уыцы домæнтæ хорз куы бамбара, райсом та фæндагмæ куыд шофыр, куыд бæлццон куы рахиза, уæд йæхи æмæ иннæты æдасдзинад хъахъхъæнгæйæ цæудзæн.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here