Хæстæгдæр æмæ дарддæр фидæны нысантæ

0
421

«Тынг ахсджиаг куыст бакодта Финансты министрад, бузныг йæ коллективæн, уыдон сбæрæг кодтой, сæ бафидыны æмгъуыдтæ кæмæн ахицæн сты, уыцы æфстæуттæ, равзæрстой æппæт аххосæгтæ, суанг æфстæуттæ цавæр нысантæн ист æрцыдысты, уыдæттæ. Иу хъуыддаг — уавæр сбæлвырд кæнын, фæлæ ма бавнæлдтой æвæстиат мадзæлтты фæрцы æфстæутты бæрц фæкъаддæр кæнынмæ. Афтæмæй уыцы æфстæутты бæрц 10-15 проценты къаддæр фæцис. Бацархайын нæ хъæуы, цæмæй æппындæр мауал дарæм, цы республикон, цы — муниципалон æмвæзады», — знон Хицауады æмбырды Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз йæ хъуыдытæ загъта, республикæ цы æфстæуттæ дары, уыдоны бæрц фæкъаддæр кæныны куысты тыххæй.

Æфстæутты бæрц фæкъаддæр

Ацы ахсджиаг фарстайы тыххæй æмбырды раныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Алан. Уый бæстон радзырдта, ведомство, æппæт æмвæзады æххæстгæнæг хицаудзинадимæ куыд бацархайдтой, сæ бафидыны æмгъуыдтæ кæмæн ахицæн сты, уыцы æфстæутты бæрц сбæрæг кæныныл. Иумæйаг хыгъд сын сарæзтой, дарддæр ахъаззаг мадзæлтты фæрцы бавнæлдтой æфстæуттæ фидынмæ. Фарон уыцы æфстæутты бæрц фæкъаддæр, уæдæ дзы 2018 азы 5 мæймæ дæр 83 милуан сомы ахауд.

Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ æмхуызонæй æргом аздахой паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны фæткмæ. «Куыд рабæрæг, афтæмæй-иу уыцы æлхæнинæгтæ кæнгæйæ кæцыдæр æргътæ уыдысты æгæр бæрзонд, базарады æргътимæ абаргæйæ. Уыцы уагыл кæй кодтой æлхæнинæгтæ, уымæ гæсгæ-иу сæ бахъуыд æфстæуттæ райсын, куы сбирæ сты, уæд та сæ бафидыныл нал æххæссыдысты. Сæ бафидыны æмгъуыдтæ ахицæн сты, уыцы уавæрæн быхсæн нæй, уымæн æмæ нæ ацы хæстæ нæ уадзынц размæ. Финансты министрад дарддæр дæр æппæт мадзæлттæ кæндзæн, цæмæй æфстæутты бæрц фæкъаддæр уа, нæ нысан та у бынтондæр сæ сæхгæнын. Фæлæ ардыгæй фæстæмæ цыдæриддæр бюджеты кусæндæттæн товартæ æмæ лæггæдтæ æлхæнын хъæудзæн, уыдоны æргътæм хъуамæ кæсæм бæрнонæй æмæ хæдзардзинæй», — ахæм уыд Хицауады Сæрдары хатдзæг.

Фæцæрыны бæрц

Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игорь æмбырдмæ рахаста цалдæр фарстайы. Ахсджи- агыл банымайгæ у, республикæйы цæрджыты сæйраг социалон демографион къордтæн æмæ иу удæн фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрц 2018 азы 1 кварталæн сфидар кæныны фарста. Иу адæймагæн хъуамæ уа 8881 сомы; куыстхъом цæрджытæн — 9324 сомы; пенсиисджытæн — 7370 сомы; сывæллæттæн — 9120 сомы. Хъесайы- фырт дарддæр æрныхас кодта, нæ республикæйы пенсиисджытæн 2019 азæн фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрцы тыххæй, цæмæй пенсимæ уæлæмхасæн æхца æфтыд æрцæуа, уый фæдыл. Цæмæй ахæм социалон уæлæмхасæн æхца пенсимæ æфтыд æрцæуа, уый тыххæй 2019 азмæ пенсиисæгæн фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрц фидаргонд æрцыд 8455 сомы.

Финансон зонындзинæдтæ

Ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимо- вайы раныхас баст уыдис республикæйы скъолаты æмæ скъолайы агъоммæ кусæндæтты финансон зонындзинæдтæ дæттынимæ. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй уыцы ахсджиаг хæс æвæрд цæуы æппæт бæстæйы дæр, хъæппæрис æвдисы Уæрæсейы «Центробанк». Ныр хъуамæ нæ республикæ йемæ бафысса разыйы гæххæтт æмæ уымæй Цæгат Ирыстоны аразын райдайой фадæттæ финансон ахуырад дæттынæн. Суанг рæвдауæндæттæй райдай æмæ скъолаты дæр сывæллæтты зонгæ кæндзысты ацы ахсджиаг наукæимæ. Министры ныхасмæ гæсгæ, ныхас цæуы ахуыргæнæн чингуытыл, æндæр æмбарынгæнæн æрмæджытæ æмæ фæрæзтыл.

Ацы предмет хицæнæй нæ дæтдзысты скъолаты, уыдзæн æхсæнадзонынад æмæ экономикæйы предметы иу хай, фæлæ йæм здæхт æрцæудзæн стыр æргом. Ахъуыды кæнын хъæуы ахуыргæнджыты, хъомылгæнджыты цæттæдзинадыл дæр. Ныридæгæн æппæт уыцы хъуыддæгтæ нымад æрцыдысты программæйы. Иринæ Азимовайы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ нæ республикæйы уа сæрмагонд æххæстбарджын, цæмæй «Центробанк»-имæ разыйы гæххæтт бафысса, æмæ цыдæриддæр финансон ахуырад дæттынæн чингуытæ æмæ фæрæзтæ хъæуы, уыдон парахат кæна. Афтæмæй уыцы бартæ лæвæрд æрцыдысты Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн.

Социалон- экономикон рæзты стратеги

Экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег æмбырды æрныхас кодта, Цæгат Ирыстон 2030 азмæ цавæр нысантæ æмæ хъуыддæгтыл кусдзæн, уыдоны тыххæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй республикæйы Социалон-экономикон рæзты стратеги саразыныл азы дæргъы куыстой Леонтьевы центры специалисттæ. Ныридæгæн документ у цæттæ, ахуыргæндтæ, специалисттæ, æхсæнады минæвæрттæ сæ хъуыдытæ, сæ хатдзæгтæ, сæ фиппаинæгтæ загътой, министрад æппæт уыцы хъуыдытæй спайда кодта. Ивддзинæдтæ бахаста стратегийы проектмæ. Томайы-фырт цыбырæй куыд бамбарын кодта, афтæмæй республикæйы экономикæйы рæзтæн сæйрагдæр æргом аздæхтой логистикæ, туризм, промышленность, агропромышленнон комплекс, ахуырад, медицинæ, тыгъдадон æмæ инфраструктурон рæзт, культурæ, сфæлдыстад æмæ ма æндæр ахсджиаг къабæзтæм. Архайд цæудзæнис аст сæрмагонд программæйыл, ныридæгæн бæрæг, нымад сты æппæт рахæцæнтæ, фæрæзтæ, гæнæнтæ. Фæлæ министры ныхасмæ гæсгæ, нæ республикæйы экономикæ фидар баст у Уæрæсейы экономикæимæ. Ныртæккæ дунейы мидæг дæр, æмæ Уæрæсейы дæр уавæр нывыл æмæ æнæнкъуыст схонæн нæй, уымæ гæсгæ нымад цæудзысты æппæт экономикон ивддзинæдтæ дæр. Стратеги æххæстгонд цæудзæн 13 азы дæргъы, дихгонд у æртæ æмгъуыдыл, уыимæ дзы алы æмгъуыдæн дæр ис хицæн нысантæ æмæ домæнтæ.

Ацы стыр документы тыххæй ныхас иу æмæ дыууæ хатты нæ цыдис æмбырдты, уæдæ дзы æххæстгæнæг хицаудзинады уæнгтæ сæхæдæг дæр уыдысты архайджытæ. Уымæ гæсгæ Тускъаты Таймураз раарфæ кодта алы æмвæзады хицаудзинадæн. «Стратегийыл иумæ бацархайдтам Леонтьевы центры специалисттимæ, ацы ран сæйрагдæр уыдис æххæст, æнæсайд информаци сæмбырд кæнын, цыдæриддæр фæрæзтæ, гæнæнтæ, исбоны хицау стæм, уыдæттæ, куыд сты, афтæмæй равдисын. Уыцы куыст тынг зæрдиагæй æмæ рæстагæй бакодтой иууылдæр, æмæ сын стыр бузныг. Стратеги царды рауадзын æнцон хъуыддаг нæу, æмæ ууыл дæр хъуамæ афтæ зæрдиагæй иумæ бацархайæм. Æнæмæнг, хъуамæ бакусæм нæ закъонæвæрынадон бындуртыл, сбæрæг кæнæм, цавæр хъалонты удæнцойдзинæдтæ нæм ис, стратегийы аккаг сты æви нæ, æппынæдзух нæ хъус дарæм базарады ивддзинæдтæм, цыдæриддæр дзы хъуыддæгтæ цæуы, уыдæттæм. Уæдæ дунейы æмвæзады экономикæ бынтон нывыл схонæн кæй нæй, уый дæр хъуамæ рох ма кæнæм», — загъта Тускъаты Таймураз.

Хицауады æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой граждæнты алы категоритæн, сæрмагондæй — сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны, республикæйы цæрджытæй барвæндонæй хæцæнгарз паддзахадмæ чи радта, уыдонæн æхца бафидыны æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here