Олег БЕЛАВЕНЦЕВ: «Истори рох кæнын нæ хъæуы, кæсын хъæуы размæ, хъæуы размæ цæуын, раздæры фæлтæртæ нын цы хорз бынтæ ныууагътой, уыдоныл æнцой кæнгæйæ».

0
390

Æфсæддон бинонтæй рацæуæг, Олег Белавенцевæн, йæхи æфсæддон фæндаг дæр рауад даргъ æмæ цымыдисаг. Йæхи ныхасмæ гæсгæ, йæ куысты фæндæгтæ йæ Пятигорскмæ кæй æркодтой, уый йæхицæн дæр уыд æнæнхъæлæджы. 2014 азы июны нысангонд æрцыд Хъырымы федералон зылды разамонæгæй. Фæлæ фæстæдæр УФ-йы Президенты Указæй Хъырым æмæ Севастополь бацыдысты Хуссайраг федералон зылды скондмæ, Хъырымы федералон зылд та баззад историйы.
Хæрзцыбыр рæстæгмæ Олег Белавенцев базонгæ Цæгат Кавказы федералон зылды æппæт авд регионимæ дæр. Йæ балцытæ алкæд дæр уыдысты хъуыддаджы фæдыл, кусæг балцытæ. Йæ архайды ахсджиагдæрыл æдзухдæр нымадта æмгуыстдзинад, се ’ппæты хъарутæ баиугæнгæйæ дæр архайдта, æхсæнадæн йæ размæ цы фарстатæ æвæрд цыд, уыдон иугай лыг кæныныл, уæлдайдæр-иу, нацитæ æмæ конфесситы ’хсæн ахастдзинæдтыл ныхас кæм цыд, уыцы ран. Арæх-иу цыд аргъуантæ æмæ мæзджыттæм, ныхас кодта алыхуызон динтыл хæст адæмимæ.
«Нæ адæммæ цы удварны хуыздæр миниуджытæ ис, уыдон хъæуы бахъхахъхъæнын кæнæ та сæ сног кæнын. Алы гæнæнæй дæр мах хъуамæ спайда кæнæм, цæмæй Цæгат Кавказы цæрæг адæм уой иу удыхъæдæй дæр, æмæ зондæй дæр», — дзырдта Олег Белавенцев, Дæллаг Архыз куы бабæрæг кодта, уый фæстæ.
2017 азы стыр цау сбæрæг кодта Цæгат Кавказы федералон зылд Кæсæг-Балхъар Уæрæсеимæ куы баиу, ууыл сæххæст 460 азы. Уый фæдыл кадджын мадзæлттæ арцæуа, ууыл тынг бацархайдта Олег Белавенцев. «Истори рох кæнын нæ хъæуы, кæсын хъæуы размæ, хъæуы размæ цæуын, раздæры фæлтæртæ нын цы хорз бынтæ ныууагътой, уыдоныл æнцой кæнгæйæ», — дзырдта Олег Белавенцев.
Стыр æргом здæхта Цæгат Кавказы туристон комплекс райрæзын кæнынмæ. Цæгат Кавказы республикæтæм баулæфынмæ цы туристтæ цæуынц, уыдонæн сæ нымæц дыууæ азмæ дзæвгар фæфылдæр.
Алы субъекты разамонæгимæ дæр ын уыд æмхуызон нывыл ахастытæ, алкæмæн дæр кодта æмхуызон аргъ, фæлæ домгæ дæр алкæмæй дæр кодта æмхуызон.
Уæлдай æргом Олег Белавенцев здæхта УФ-йы Президенты Майы Указтæ æххæст кæнынмæ. Иудадзыг йæ цæст дардта, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивыны программæ, скъолатæ, культурон кусæндæттæ аразыны кæнæ сæ цалцæг кæныны программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Ахæм ахасты фæрцы зылды субъекттæ æххæст кодтой сæ размæ æвæрд хæстæ.
Олег Белавенцев Цæгат Кавказы федералон зылды цы рæстæг уыд, уыцы рæстæг фæфидар сты Кавказ æмæ Хъырымы ’хсæн æхсæнадон-политикон æмæ социалон-экономикон бастдзинæдтæ.
Куыд æфсæддон, афтæ уæлдай разæнгарддæрæй Олег Белавенцев архайдта фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады фарстатæ лыг кæныны хъуыддæгты.  Дзыллон хабархæссæг фæрæзты-иу йæ мыггаг арæх фенæн нæ уыд, фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ æхгæд адæймаг уыд. Советы æмбырдтæн сæ фылдæры, стæй Цæгат Кавказы федералон зылды цур Æхсæнадон советы æмбырдты-иу журналисттæ алкæддæр архайдтой.
«Мæнæн ис, мæ зæрдæ кæуыл никуы сивдзынæн, ахæм принциптæ, — дзырдта Олег Белавенцев. — Сæ иу у ахæм – раздæр уал хъуыды кæн дæ райгуырæн бæстæйыл, æмæ æрмæст уый фæстæ та — дæхиуыл».  Ацы принцип æххæст кæнгæйæ куыста Олег Белавенцев Цæгат Кавказы. Æркæсут-ма йын йæ биографимæ, цыбыр рæстæгмæ Цæгат Кавказы цы бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, æмæ йæ бамбардзыстут, афтæ кæй у, уый.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here