“Æрыгон фæлтæрæй алчидæр хъуамæ архайа фæллой кæныныл, зæххы æмæ фосы куыстыл”

0
449

 

Нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславимæ фембæлдмæ ЦИПУ-йы концертон залмæ æрбацыд æртæ сæдæ чызг æмæ лæппуйæ фылдæр. Уыдонæй уæлдай ма фембæлды архайдтой Хицауады, Парламенты, министрадты æмæ ведомствоты бæрнон кусджытæ.

Сæйрагдæр Битартфы Вячеславмæ фæсивæд цы фарстатæ лæвæрдтой, уыдон баст уыдысты, æрыгон фæлтæрæн куысты бынæттæ фаг кæй нæй республикæйы, уыимæ. Фæсивæдæн сæ фылдæры фæнды æнцон куыст кæнын, куысты мидæг тынг нæ фæллайын. Афтæмæй бирæ æхца исын. Фарста афтæ кæй æвæрынц не ‘рыгон фæлтæр, уый раст нæ фæкаст Битарты Вячеславмæ. Уымæ гæсгæ уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæсивæд хъуамæ куыстæй ма тæрсой, алы куыст дæр у сæрмæхæссинаг, рæстагæй кусæг адæмы фæллой давынæй фæстæмæ. Искæмæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ æрыгон фæлтæрæй алчидæр хъуамæ архайа фæллой кæныныл, зæххы æмæ фосы куыстыл æмæ æндæр пайдайаг куыстытыл.

Рæхджы РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты министрады цур арæзт æрцæудзæн райдайгæ амалхъомтæн æххуыс кæныны фонд. Чысыл амалхъомдзинады рæзтыл кусæг фæсивæдæн ныридæгæн республикæйы бюджетæй лæвæрд æрцыд 82 милуан сомы микрокредитты хуызы.

Мах æнæхъæн афæдз архайдтам, цæмæй ист æрцæуа закъон, кæцы бар дæтты спъирты хуыз биоэтанол уадзынæн. Уый та тынг хъæуы бæстæйы промышленнон куыстуæтты, — загъта Битары-фырт, — ныртæккæ республикæйы бирæ хъæуты æхгæдæй лæуынц спъирты заводтæ, биоэтанол уадзын дзы куы райдайæм, уæд фæсивæдæн фæзындзæн ног куысты бынæттæ дæр.

Фæсивæдæй хъæууон хæдзарадимæ, промышленносты рæзтимæ баст проектыл чи кусы, уыдонæн хъæуы баххуыс кæнын. Æмæ сын сæ проекттæ республикæйы рæзты программæмæ бахæссын. Афтæ куы бакæнæм, уæд фæсивæды фæндæттæ царды рауадзын дæр æнцондæр уыдзæн.

Битарты Вячеслав ма куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ республикæйы районты, хъæуты фæсивæд зæгъынц, куыст кæй нæй, уый тыххæй. Афтæмæй та хъæуты цæхæрадæттæм куы акæсæм, уæд сæ фылдæр фесты хæмпæлгæрдæджы бын. «Æрæджы æз уыдтæн Мæздæджы районы æмæ дзы бинонтæн ис чысыл зæххы гæбаз. Ис сæм хъæрмуат. Уым цы халсартæ зайын кæнынц, уыдонæй хæдзары хицау дары йæ бинонты, ис сæм, иу ныхасæй, фæрæзтæ цæрыны фаг. Афтæ нæ иннæ фæсивæд дæр куы кæниккой, уæд æгуыстæй ничи бадид. Æз уыдтæн бирæ бæстæты, — дзырдта дарддæр Битарты Вячеслав, — æмæ федтон, уым адæм куыд куыстахуыр сты, уый. Зæгъæн ис, æмæ кусынц суткæйы цыппар æмæ ссæдз сахаты дæргъы. Нæ фæсивæдæй бирæты та фæнды, куыстæй æвæллад уæвгæйæ, бирæ æхца исын. Афтæ нæ вæййы.

Республикæйы районтæй республикæйы Сæргълæууæгмæ фæсивæд цы фарстатæ лæвæрдтой, уыдон сæйрагдæр баст уыдысты социалон къабæзты рæзтимæ. Зæгъæм, Æрыдоны районы фæсивæд тыхсынц, районы спорты архайæг фæсивæдæн кæй ницы фадæттæ ис. уымæй. Дыгуры районы фæсивæд та республикæйы Сæргълæууæгмæ æрхатыдысты, цæмæй сæ поликлиникæйы фæзына томограф. Битары-фырт фæсивæдæн дзырд радта фарста цыбыр рæстæгмæ алыг кæнынæй.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм æрæджы УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ сфидар кодтой закъон, кæцы бар дæтты национ республикæтæн сæхи мадæлон æвзаг барвæндæй ахуыр кæнынæн. Депутаттæ сæ ацы закъон райстой, цæмæй бæстæйы сæйраг паддзахадон уырыссаг æвзаджы бартæ къахыргонд ма цæуой, уыцы нысанимæ. Ацы закъоны проекты фæдыл, Битарты Вячеславмæ фæсивæд цы фарстатæ радтой, уыдонæн республикæйы Сæргълæууæг афтæ банысан кодта: «Республикæйы Хицауад нæ бæстæйы Паддзахадон Думæйы депутаттæм арвыстой курдиат, уым æмбарын кæнынц сæ фæндон, цæмæй алы республикæйæн дæр бар радтой национ республикæты сæхи мадæлон æвзаг æнæмæнгæй ахуыр кæнынæн». Битары-фырт куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы алы ирон адæймаг дæр хъуамæ ахуыр кæна ирон æвзаг. Æмæ уыцы фарстайы фæдыл йæ зæрды ис сæрмагонд закъон сфидар кæнын.

Фембæлды архайдта Куырттаты комы цæрæг фæсивæды минæвар Бызыккаты Таймураз. Уый та Битарты Вячеславмæ радта фарст, цæмæй йæм республикæйы разамонæг фæкæса кувæндæттæм базилыны хъуыддаджы. Таймураз йе ‘мхъуыдыгæнджытимæ æрæджы сæрмагонд хæрзаудæн концерт сарæзта кувæндæттæ цалцæг кæныны тыххæй фæрæзтæ æрæмбырд кæныны нысанæн. Таймураз куыд загъта, афтæмæй цалдæр кувæндонмæ базылдысты. Таймураз ма республикæйы Сæргълæууæджы æргом аздæхта, иуæй-иу æрыгæттæ уынгты, æхсæнадон бынæтты сæхи æнæгъдауæй кæй дарынц, уымæ. Битарты Вячеслав бузныг загъта æрыгон лæппуйæн æмæ йе ‘мхъуыдыгæнджытæн, æрыгон фæлтæры æгъдау æмæ уагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц, уый тыххæй. Æмæ ракуырдта фæсивæдæй, цæмæй æвæстиатæй хъусын кæной барадхъахъхъæнæг æмæ æндæр закъонадон оргæнтæм æгъдау хæлдтыты тыххæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фæсивæдимæ фæныхас кодта æртæ сахатæй фылдæр. Æрыгон фæлтæр ма республикæйы Сæргълæууæджы æргом аздæхтой фæсивæдæн цæрæнуæттæ дæттыны, æрыгон райдайгæ авторты сфæлдыстадон куыстмæ разæнгард кæныны, ахуырады æмæ наукæйы, стæй æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм.

Фембæлд комкоммæ эфиры æвдыст цыд телеуынынад «ОсетияИрыстон»-æй.

ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here