Æртиссæдз азы иумæ

0
630

Дон змисбын зæххы куыд тагъд ахъары, азтæ дæр афтæ азгъорынц. Майрæмыхъуаты Нинæ Хуымæллæджы Дзгойтæм моймæ æртиссæдз азы размæ æрцыд, фæлæ уыцы рæстæг зноны хуызæн хъуыды кæны. Уæды хуымæтæг царды нывтæ йæ цæстытыл ауайынц. Æппæтæн дæр æмхуызон сæ хæдзæрттæ. Мидæгæй-æддейæ чъырæй цагъд.

— Сыхы диссаджы зæронд устытæ æрбаййæфтон, — мысы уыцы бонтæ Нинæ, — Слонаты Серафин, Борыхъуаты Надя, Дауыраты Заретæ, Калоты Мисурхан, Дауыраты Лезæмир, Борыхъуаты Казикка, Бедойты Верæ æмæ Соня, Дзуттæгаты Верæ. Уæд адонæй алкæуыл дæр æртиссæдз азæй уæлæмæ цыд. Æфсармы стыр хос мын уыдысты.

Кæстæртимæ-иу сæ ныхас «дæ фæхъхъау фæуон», «дæ рынтæ дын ахæрон»-æй райдыдтой. Уазæгуаты цыдысты. Кæрæдзи хъуыдысты. Заретæ-иу сиры тæбæгъмæ сыхы сылгоймæгтæм бадзырдта. Ме ‘фсин Масирæт-иу фæразæй: «Махмæ уал сæ æрбахон. Нард фысы фыдыл иумæ абадæм». Уайтагъддæр та-иу æрбакъорд сты.

Масирæт хуындис Нинæйы цардæмбал Аслæнбеджы мад. Колхозонты Æппæтцæдисон съезды архайдта. Сталинимæ йæ къам дæр систа. Цытджын фæтæг кæуылты кадджын уыдис йæ цæсты. Æниу, куыстмæ куыд зæрдиагæй æвнæлдта, уый та! Стахановы фæдон-иу быдырмæ рувынмæ заргæйæ цыдис.

— Нæ сыхы сылгоймæгты бирæ цæмæйдæрты мæ зæрдыл тынг бадардтон, — дзуры дарддæр Нинæ, — зæгъæм, Слонаты Серафины. Йæхицæй æххæстдæр адæймаг нæ уыди. Ми кæнынмæ тынг арæхстис. Авдæны тъæпæнтæ уый хуызæн ничи бахуыдтаид. Иунæгæй царди, кæстæрæй фæкæсынхъуаг æййæфта. Мæ ног чындзæй йын уырдыг бирæ фæлæууыдтæн. Дауыраты Заретæ фарныхъæуккаг Мамсыраты чызг уыд. Йæ къæбæры конд æмбисондæн баззад. Æмæ фæндырæй куыд рæсугъд цагъта, уый та! Кафынмæ куыд сæрæн рахаста, судзинæй дæр арæхстис. Лыстæг сынкмæ — дæсны, Хуымæллæджы усгуртæн-иу дарæс уый хуыдта.

Хæсты фæстæ зын цæрæн уыд. Фæлæ адæм кæрæдзиимæ æнгом цардысты. Куы-иу кæй дуармæ амбырд сты, куы — кæй. Хъазт-иу сарæзтой. Фынгыл-иу кæрдзын, хъæдур, картæфтæ авæрдтой. Бирæ цыдæртæ сæм нæ уыд æмæ сæ уыцы сахатыл уæвгæ дæр нæ хъуыдысты. Хъæлдзæг ныхас хъуыддаджы тынгдæр цыд. Сыхбæсты хæлардзинадæн уый стыр хъомыс лæвæрдта.

— Алы бинонтæн сæ бæрæгбон кусарт акæныны фадат нæ уыд, — зæгъы Нинæ. — Нæ хæдзарвæндагæн цæрынæй-хæрынмæ Рекомы дзуар кадджын у. Йæ боны-иу хистæртæ куыддæр скуывтой, афтæ-иу сылгоймæгтæн ме ‘фсин хуын рарвыста. Иумæ-иу тынг дзæбæх абадтысты. Калотæ-иу ахæм æгъдау Æрвдзæфы бакодтой, Бедойтæ — Атынæджы æмæ афтæ дарддæр. Сæрд нæ бæрæгбæттæ сыхыл хæдзаргай «зылдысты». Аслæнбег æмæ Нинæйы сыхы ацæргæ æфсинтæ раздæрау бирæ нал сты. Нымадæй ма æрмæстдæр æртæ. Борыхъуаты Райсæ уынджы, Дзгойтæн сæ уæлейы цæры. Цæхгæрмæйы та — Уырысты Фузæ. Иумæ арæх абадынц. Сæ хуыздæр мысинæгтæ, уæлдæр цы сылгоймæгты ранымадтон, уыдонимæ баст вæййынц (рухсаг уæнт). Алкæмæ дæр дзы цыдæр хорздзинад уыдис æмæ сæ цæмæй æрымысой, уый ис.

Абон Нинæ, Райсæ æмæ Фузæйы цæстытæ фыццаджы хуызæн нал æрттивынц. Фæлæ кæд цæрынц, уæд сæ зæрдæты ныфс æмæ сæ зæнæджы æнцойæ. Сæ цоты, уыдоны цоты рухс цæсгæмттæ уынын сæ амонд хонынц. Сæ дуг сабыр куыд уа, сæ райсомы бон та — райдзаст, Хуыцауæй æппæт кæстæртæн уыцы хорздзинад курынц.

Хъæлдзæг хабар радзурынмæ Аслæнбеджы ничи æмбулы. Ныр дæр æм хъусыс, ус йæ лæджы фæрсы:

— Абон цы бон у, уый зоныс?

— Нæ зонын.

— Уæд та нæм дыууиссæдз азы размæ ацы бон цавæр цау æрцыд?

— Уый дæр нæ хъуыды кæнын.

— Гормон, уæд нæ чындзæхсæв уыди. Ацу, фыс ралас æмæ йæ аргæвд.

— Æмæ фыс цы аххосджын фæци. Мæнæн дæу чи банымыгъта, æргæвдинаг мын уый у.

Азтæ сыл нæ ауæрдынц. Аслæнбег æмæ Нинæ фæйнæ лæдзæджы райстой, фæлæ сæ сæ кæстæртæ фæцудын нæ уадзынц. Цоты хорз цæстæнгас дохтыры хосæй — тыхджындæр.

ДЗУЦЦАТЫ Къоста Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here