Турнир кадджын спортсмен æмæ тренеры номыл

0
677
OLYMPUS DIGITAL CAMERA

 

Ивгъуыд сабаты, 30 июны, Дзæуджыхъæуы, Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»- ы армспортæй цыдысты ССР Цæдисы спорты сгуыхт мастер, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы номарæн Æппæтуæрæсеон турниры ерыстæ.

Зындгонд спортсмен æмæ тренер Еналдыты Аслæнбег арф фæд ныууагъта Ирыстоны уæззау атлетикæ æмæ армспорты историйы. 1970-æм азты Аслæнбег нымад уыд Советон Цæдис æмæ æгас дунейы тыхджындæр уæззæуттæ исджытæй иуыл. Уыди Советон Цæдис æмæ Европæйы чемпион æппæты уæззаудæр уæзы.

Фæстæдæр, 1990-æм азты нæ бæстæйы армæйхæсты спорт парахат кæнын куы райдыдта, уæд Аслæнбег дæр йе ‘ргом уыцы спорты хуызмæ аздæхта. Фыццаг ерысты архайдта, куыд спортсмен, уый фæстæ та райдыдта тренеры куыст кæнын æм ацы ран йæ къухы бафтыд стыр æнтыстдзинæдтæ.

Абон Ирыстоны армæйхæцджытæ Уæрæсейы, Европæйы æмæ дунейы бæрнондæр æмæ стырдæр ерысты цы хæрзиуджытæ рамбылдтой, уыдонæн сæ нымæц минæй фæфылдæр сты. Уыцы стыр æнтыстдзинæдты ирдæй зыны Аслæнбеджы зæрдиаг фыдæбон дæр. Еналдыйы-фырт бирæ рæстæг уыди нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер, РЦИ-Аланийы Армспорты федерацийы сæргълæууæг æмæ армспорты сæрмагонд скъолайы директор. Хъыгагæн, Аслæнбег цардæй ахицæн 2015 азы, фæлæ йын йæ ном, йæ лæггæдтæ нæ рох кæнынц, уал азы уæхски-уæхск кæимæ фæкуыста, уыцы æмкусджытæ æмæ йæ бирæ хъомылгæнинæгтæ.

Аслæнбеджы номарынæн Дзæуджыхъæуы ныр дыккаг хатт арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон турнир армспортæй.

Ирыстонмæ ацы ерыстæм ссыдысты: Цæгат Кавказы æппæт республикæты, Ростовы, Волгограды, Дæллаг Новгороды, Мæскуыйы, Орелы, Свердловскы, Ярославлы, Тюмены æмæ Белгороды облæстты, Пермы, Красноярскы, Ставрополы, Краснодары крайты, Мæскуы æмæ Севастополы спортсментæ.

Æдæппæт ерысты архайдтой 200 чызг æмæ лæппуйæ фылдæр.

Ерыстæ гом кæнгæйæ, Аслæнбеджы тыххæй сæ зæрдæбын мысинæгтæ загътой: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Уæрæсейы армспорты ассоциацийы президент Александр Филимонов, Аслæнбеджы кæстæр æфсымæр Еналдыты Хъазыбег.

Уыцы бон ма æрцыди иу зæрдылдарæн хабар. Еналдыты Аслæнбег цы хæдзары царди, Æрыдойнаг уынджы 212-æм хæдзары, уый къулыл æвæрд æрцыд Аслæнбеджы номарæн къæй. Йæ гом кæнгæйæ ам уыдысты: Олимпаг хъæзтыты æртæ хатты уæлахиздзау, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан, Уæрæсейы армспорты ассоциацийы президент Александр Филимонов, РЦИ-Аланийы хæсты æмæ æфсады ветеранты Советы сæрдар Къаболаты Солтан. Уыдон иууылдæр сæ раныхасы бахахх кодтой Аслæнбеджы стыр ахадындзинад фæсивæды хъомыладон куысты æмæ Ирыстоны армспорты скъолайы райрæзты хъуыддаджы.

Хиуæтты номæй æрбацæуджытæн æмæ номарæн къæй саразæг, скульптор Хайты Ибрагимæн зæрдиаг арфæ ракодта Гиоты Хасан.

Спортивон галуаны ерыстæ рауадысты цымыдисаг. Ноджы ма сæ райдайыны размæ Цæгат Ирыстоны адæмон зарджыты къорд, йæ разамонæг Дзанайты Ольгæимæ Еналдыты Аслæнбегыл конд зарæг куы ныццæлхъ кодта, уæд уый кæуылты рæсугъддзинад уыди! Тынг зæрдæмæдзæугæ рауад нæ республикæйы адæмон артист Карсанаты Мæхæмæт разамынд кæмæн дæтты, уыцы æвзонг гуымсæгæй цæгъдджыты ансамблы цагъд дæр.

Ерысты цы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ архайдтой, уыдон дихгонд уыдысты дыууæ къордыл. Иуы дзы сæ хъару æвзæрстой, хæдахуыр кæй хонынц, уыцы спортсментæ. Иннæйы та ерысы бацыдысты профессионалтæ.

Хæдахуырты ерысты сылгоймæгты ‘хсæн уæлахиздзаутæ дыууæ къухæй хæцгæйæ систы: 50 кг — Æлборты Аланæ, 70 кг — Кадзты Зитæ, +80 кг — Дзуццаты Елизаветæ. Нæлгоймæгты ерысты фыццаг бынæттæм рацыдысты: 50 кг — Альберт Физеляев (Мæскуы), 60 кг — Мухамат Кубанов (Хъæрæсе-Черкесты республикæ), 65 кг — Бестолты Сослан (РЦИА), 70 кг — Максим Зиновьев (Дæллаг Новгород), 75 кг — Михаил Рябоконь (Мæскуыйы облæст), 80 кг — Цæрикъаты Владислав (РЦИ-А), 85 кг — Хаути Карагулов (ХъæрæсеЧеркесты республикæ), 90 кг — Виктор Лапин (РЦИА), 100 кг — Евгений Сысоев (Волгограды облæст), 110 кг — Георгий Хаспеков (Ростовы облæст), +110 кг — Къораты Гоча (РЦИ-А).

Профессионалон спортсменты ерысты сылгоймæгты ‘хсæн фыццаг бынæттæ бацахстой: 65 кг — Моурауты Зæлинæ, +65 кг — Мæхъиты Иринæ.

Нæлгоймаг — профессионалтæ ерыс кодтой æртæ уæзы æмæ уæлахиздзаутæ систы: 70 кг — Хъазиты Олег, 90 кг — Уыртаты Ацæмæз, +90 кг — Мæхъиты Алан — се ‘ппæт дæр сты Ирыстонæй.

Ирыстоны уазджытæ иууылдæр тынг разыйæ баззадысты ерысты ацыдæй æмæ æмхъæлæсæй дзырдтой, зæгъгæ, иннæ аз дæр тынг æхсызгонæй кæй ссæудзысты ацы турнирмæ!

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here