Хæрзæгъдаудзинады бындуртæ фидар кæнын

0
419

Мæйы размæ, Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитрий МЕДВЕДЕВИМÆ фембæлды рæстæг, нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æрдзырдта, цавæр ахсджиаг фарстатыл архайы, уыдоныл, ног куысты бынæттæ саразыны æмæ республикæйы рæзты стратегийыл. Битарты Вячеслав экономикон ахъаззаг фарста лыг кæнынмæ æвæстиатæй кæй бавнæлдта, æнæрынцойæ сыл кæй кусы, уымæн æмхуызонæй стæм æвдисæнтæ. Фæлæ æнæбафиппайгæ нæй уымæн дæр, æмæ фæсивæды удварны хъомылады паддзахадон æмæ æхсæнадон институтты архайд у лæмæгъ, нæ ахады. Диссаг уый у, æмæ 2017 азы куыстæй хатдзæгтæ кæнгæйæ, æххæстгæнæг хицаудзинад æхсæнады хæрзæгъдаудзинады фарста иуварс фæуагъта.

Чи зоны, социологтæ æмæ журналисттæ афтæ æнæмæт уымæн сты, æмæ сæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ куыд уæрæсейæгтæ, афтæ цыдæриддæр нæ бæстæ зындзинæдтæ æййафы, уыдоны тымыгъы нын æнæацæугæ нæй. Ома, иу хъысмæт нын ис, æмæ сæ хъуамæ бавзарæм. Уыцы тæссаг зондахаст ныл гадзрахатæй рацæудзæн. Цалынмæ егъау Уæрæсемæ бахъара, раздахæн кæмæн нал ис, ахæм бæллæхтæ йыл кæй æрцыд, уый, уæдмæ махæн — скифтæ, сæрмæттæ, аланты фæдонтæн сæ кой фесæфдзæн. Нымæцæй чысыл уæвгæйæ ма нæм ис уæрæсейаг культурæйы æнцонæй атайыны æууæл дæр.

«2017 азы нæм 2016 азимæ абаргæйæ райгуырд 800 сывæллоны къаддæр. Сæ цард баиу кодтой 3505 къайы, 1819 та ахицæн сты сæ къайадæй. Фыдракæндты тыххæй кæй баурæдтой, уыдонæн сæ 51,1 проценты фыдракæнд скодтой фыццаг хатт. Тыхми бакæнын, кæнæ уыцы хъуыддаг чи сфæнд кодта, уыдоны нымæц, 2016 азимæ абаргæйæ, 5,3 хатты фæфылдæр», — ивгъуыд азы ацы бæрæггæнæнтæ хъуамæ æхсæнад батыхсын кодтаиккой, бадомдтаиккой æвæстиат мадзæлтты программæ саразын. Хъæппæрис та хъуамæ равдыстаид патриотизмæй æххæст ителлигенци, фæлæ йæхи æгæр уæзданæй равдыста. Æхсæнадмæ ацы уавæрмæ уазал цæстæнгас цæй тыххæй ис, уый мæ фæнды бамбарын. Ахæм зондахаст нæ цæмæ æрхондзæн?

Цыбыр рæстæгмæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн бантыст ахадгæ æмархайд сфидар кæнын федералон хицаудзинадимæ. Уый руаджы нæм арæзт æмæ цалцæггонд æрцыд дæсгай социалон, ахуырадон, культурон спортивон объекттæ. Дмитрий Медведевы размæ, республикæмæ инвестицитæ æрбаздахыны тыххæй цы нысан рахаста, уый дæр бирæ ирон амалджын адæймæгты не ‘ндавы. Афтæмæй та не ‘мбæстæгтæй цалдæр сты хъомысджындæр амалхъомты ‘хсæн, суанг ма Китайы егъау экономикæйы дæр ирон мыггæгтæхæссæг амалхъомтæ архайынц. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, ома, «искæй быдыры хорз цæвæг», афтæ. Сæ чысыл Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æвдисынц хиуæттæн зынаргъ «джип”- тæ балæвар кæнынæй. Фæндид мæ бафæрсын ме ‘мбæстæгты: «Уæхи Ирыстоны патриоттыл нымайут?

Ацы уæззау заман йæ цуры куы нæ балæууат, уæд цы бауыдзæн?»

Кæд нæ республикæйы Сæргълæууæг амалхъомады архайæг нæу, бонджындæр дæс ироны хыгъдмæ нæ хауы, уæддæр йæ фæрæзтæй æххуыс кæны, тыхстдзинæдтæ чи æййафы, уыдонæн. Уæвгæ, абон æхца, Намыс, Цæсгомы сыгъдæгдзинад бынтон æндæр барæнты ахæсты бахаудысты. Хи æфтиæгты декларацимæ гæсгæ 2016 азы нæ республикæйы Сæргълæууæг уæрæсейаг паддзахадон разамонджытæй хъæздыгдæр фæцис. Афтæ — сыхаг республикæты сæргълæуджытæй дæр. Диссæгтæ, æндæр цы?! Ацы уæззау рæстæг мæ адæмæн тæссагдзинад хæссынц цæстмæ митæ æмæ æдзæсгомдзинад. Æхсæнадон зондахасты хъуамæ æвæстиатæй сæ бынат ссарой Намыс, Сæрыстырдзинад æмæ Патриотизм. Уыдонæн та сæ райдайæн, сæ ратæдзæн Фæллой у. Æрмæстдæр Фæллойы фæрцы адæймаджы бон у йæ рæстдзинад æвдисын, кады аккаг кæй у, уый. Зæхх куыд уарзы, уымæй сбæрæг вæййы адæймаджы патриотизм. Фыдыбæстæ райдайы къонайæ, хæдзарæй, сыхбæстæй. Фæллой, Намыс, Сæрыстырдзинад æмæ Патриотизмыл дзургæйæ, мах хъуамæ акæсæм нæ хъæутæм. Цæрджытæй ма искуы иу йæ цæхæрадонмæ зилы, иннæтæн хæмпæлгæрдæджы бын фесты. Колхозты зæххытæй хæйттæ райсыныл карз тохы чи бацыд, уыдонæн сæ фылдæрæн сæ цæхæрадæттæ хъамылы бын фесты. Уымæй ирон хъæутæ мæгуырæй-мæгуырдæр кæнынц. Бонасадæнтæ йæ сæрмæ чи нæ хæссы, уыдон хуымæтæг æрмæджытæй хъармуаттæ аразынц æмæ халсарты куыст кæнынц. Сæхи дæр дарынц, базарад дæр продукцийæ æфсадынц.

Дыууæ мин азæй фылдæр рацыд, Пифагор зæххы куыст Хуыцауæн кад кæнынимæ куы абарста, уæдæй. Уый ма Хуыцауæн кад кæнынæй уæлдай у, Фыдыбæстæмæ, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад æвдисыны фадат. Китайæгтæ æмæ япойнæгтæм ахæм зæххы хæйттæ куы уаид, уæд сæ афæдзмæ халсартæ æмæ дыргътæ дыууæ-æртæ тыллæджы æмбырд кæниккой. Уæдæ, Израилы зæххытæ сты æнæдон, змисджын быдырты, фæлæ сыл кæй бафыдæбон кодтой, уымæ гæсгæ сæ бæстæ ссис хъомысджын хъæууонхæдзарадон. Нæ фарсмæ уыцы-иу æрдзон тыгъдады чи цæры — Мæхъæлы, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны æмæ Дагестаны республикæты фылдæр цæрджыты æфтиæгтæ баст сты зæххы куыстимæ. Мах та уыцы хъуыддагæй нæхи аздæхтам æмæ базары цавæрдæр æбæрæг хойраджы продукттæ æлхæнæм. Нæ сывæллæтты та æгуыстдзинадыл фæцалх кодтам. Зæххы куыстæй сæ кæй фæиппæрд кодтам, уымæй нæ æрыгæттæй рауайын кодтам æдзухъом æмæ хуыскъастæутæ. Уымæ гæсгæ сæ бон сæхицæн дæр, сæ хъарутæн дæр, алфамбылайы дунейæн дæр аккаг аргъ скæнын нæу.

Цытджын Александр Македонскийы хъуыдымæ гæсгæ, фæллойæ кадджындæр ницы ис, хъæздыгдзинад æмæ хи ирхæфсынмæ тырнындзинад та у цагъайраджы удысконд æвдисæг. Мах хъуамæ сывæллоны йæ райгуырдæй фæстæмæ фæллойыл бæттæм. Уыцы ахсджиаг хъуыддаджы та зæххы куыстæй хуыздæр ницы ис. Незаманты цæрæг адæмтæ зæххы куыст схуыдтой сæрмагонд культурæ, уым та æвæрд сты адæймаджы хъомылады бындуртæ. Нырыккон дуджы, наукæ размæ куы бырсы, уæд хъуамæ æрыгæттæн æмбарын кæнæм, сыгъдæг уæлдæфы фæллой кæнын адæймаджы æнæниздзинадæн стыр ахъаз кæй у, уый. Гаджеттæ, Интернет фæсивæды æппындæр змæлын нал уадзынц, уый та æвзæрæрдæм зыны се ‘нæниздзинадыл, æнæнхъæлæджы сæм фæзыны бирæ низтæ.

Уæлдæр цы хъуыдытæ æмæ хатдзæгтæ æрхастон, уыдон, чи зоны, æнаипп не сты, фæлæ ныхас йæхæдæг ахсджиаг у нæ республикæйы цæрджытæн. Нæ адæмы историйыл фæстаг дæсгай азты дæргъы æрцыд бирæ зиантæ, хæлд цæуы нæ этнокультурон цæджындз. Ирыстон-Аланийы удварн кæй фæцудыдта, уымæн æвдисæн у, нæ республикæйы цæхæрадæттæ æмæ дыргъдæттæ хъамылы бын кæй фесты, уый. Зæхмæ нæ ахаст куы аивæм, уæд уый, æнæмæнг, фæзындзæн адæмы удварны æнæниздзинадыл. Нæ хъæутæ афтæмæй ис аирвæзынгæнæн. Цæмæй Цæгат Ирыстон-Аланийы хæрзæгъдаудзинады бындуртæ фæфидардæр уой, уыцы ран хорз уаид, æмæ сæ чысыл Фыдыбæстæмæ уарзондзинад не ‘мбæстаг амалхъомтæ куы равдисиккой, уый.

ХÆТÆГТЫ Владимир, Нырыккон идеологийы рæзты кавказаг институты директор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here