Фæндагаразæг — йæ дæсныйад, йæ курдиат

0
445

 

Лæг йæ адæмы ‘хсæн цы фæд ныууадзы, уымæй бæрæг у йæ цард. Уæдæ Солиты Тазареты фырт Тариэль та аразы ног фæндæгтæ. Æрдзæй рахæсгæ зонд æмæ уæздандзинадæй хицæн кæны адæмы ‘хсæн. Æргом ныхас, хæларзæрдæ адæймаг, стæй арæхстджын разамонæг уæвгæйæ куысты мидæг Солийы-фырт нæ ауæрды йæ хъарутыл, йæ зонындзинæдтыл, йæ бирæ азты фæлтæрддзинадæй цæстуарзонæй хай кæны æрыгон кусджытæн. Уый тыххæй йын стыр кад ис коллективы ‘хсæн.

Абон нæ разамонæг, Тариэль бæрæг кæны йæ 50 азы юбилей.

Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдарæй нысангонд æрцыд 2016 азы. Уымæй размæ кадимæ бакуыста бирæ рæтты.

Тариэль каст фæцис Ростовы инженерон-арæзтадон институт, уый фæстæ ахуыр кодта Уæрæсейы Президенты цур паддзахадон службæйы академийы. «Севосетинавтодор»-ы хæрз æрыгонæй райдыдта йæ фæллойадон фæндаг, куыста Цыколайы, Алагиры фæндæгтæаразæн управлениты хицауæй æмæ æндæр бæрнон бынæтты.

Æхсызгонæй æрымысы, Мæскуыйы фæндæгтæаразæн управленитæй иуы сæйраг инженерæй, стæй та директорæй куы куыста, уыцы рæстæг. Йæ хорз куысты тыххæй йæм ис бирæ кады гæххæттытæ. Фæлæ йын æппæты зынаргъдæр у РЦИАланийы Транспорты æмæ фæндæгты хæдзарады сгуыхт кусæджы кадджын ном.

Бæрзонд бынат Солийы-фыртæй домы йæ æрвылбоны куыстмæ бæрнон ахастдзинад.

— Фæндагаразæг у мæ дæсныйад, стæй ма, æвæццæгæн, мæ курдиат дæр. Фæндæгты арæзтады рæдыд æруадзынæн бынат нæй, уымæн æмæ, лæгъз, æнцонвадат фæндæгтæ аразгæйæ, мах дзуапп дæттæм адæймаджы цардæн, — фæзæгъы Тариэль. Фæндæгты хæдзарады комитеты хæс у, кæм æмæ куыд арæзт цæуынц фæндæгтæ, уымæ цæст дарын. Солийы-фырт иудадзыг æнæзивæгæй цæуы объекттæм, йæ хъус дары алы лыстæг хъуыддагмæ дæр, проектæй йе сцæттæйы онг.

Тариэль, æцæг профессионал уæвгæйæ, йæ куыст зоны кæрæй-кæронмæ иттæг хорз. Хъуамæ Ирыстоны фæндæгтæ адæмæн удæнцой хæссой — ахæм стыр бæллиц æмæ хæс æвæры йæ размæ бæрнон разамонæг.

Фæндзай азы — æнусы æмбис!

Уый у адæймаджы царды ирддæр рæстæг. Рæстæг та у адæймаджы удыхъæд æвдисæг. Дæумæ ис хъару, тых, цардмæ тырнындзинад, фидар ныфс, æмдзу кæныс рæстæгимæ, кадимæ адæмы ‘хсæн цæрыс.

Мах, йе ‘мкусджытæ, стыр арфæ кæнæм Солиты Тариэлæн йæ юбилейы фæдыл! Фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстдзинæдтæ дæ хай!

Дæ уарзон бинонтæ æмæ дæ дзæбæх кæстæртимæ царды хорздзинæдтæй хайджын у! Лæгты дзуар — де ‘мбал!

РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты коллектив

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here