Цӕгатирыстойнаг уӕлдӕр скъолаты ахуыр кӕнынц дунейы алыхуызон бӕстӕтӕй нӕм ӕрбацӕуӕг 800 фӕсарӕйнаг студентӕй фылдӕр.
Ӕппӕтӕй фылдӕр — 450 адӕймаджы — фӕсарӕйнаг студенттӕ ис Хӕххон-металлургон институты. Ацы уӕлдӕр скъолайы ахуыр кӕнынц Туркӕй, Египет, Сири, Гвинея, Сенегал, Палестинӕ, Габон, Ирак, Иран, Инди, Ливан, Мексикӕ, Центрон-Африкӕйаг Республикӕ, Судан ӕмӕ Иорданийӕ ӕрбацӕуӕг студенттӕ.
Фӕсарӕйнӕгтӕ арӕхдӕр ахуыр кӕнынмӕ бацӕуынц архитектурон-арӕзтадон, электромеханикон, информацион технологиты, электронон техникӕйы, хӕххон-металлургон, юридикон ӕмӕ экономикон факультеттӕм.
Ныртӕккӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыр кӕнынц 230 фӕсарӕйнаг студенты. Ахуыргӕнӕндоны пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, коронавирусы рын кӕй ахӕлиу, уый аххосӕй ацы аз нӕ университетмӕ ахуыр кӕнынмӕ бацӕуӕг фӕсарӕйнаг студентты нымӕц фӕкъаддӕр. Ацы уӕлдӕр скъолайы ахуыр кӕнынмӕ студенттӕ ӕрбацӕуынц Камерунӕй, Кот-д’Ивуар ӕмӕ Эквадорӕй. Фӕсарӕйнӕгтӕм ӕппӕтӕй кадджындӕр сты ахуырады мӕнӕ ахӕм къабӕзтӕ: цӕттӕкӕнынады дыууӕ профилимӕ педагогон ахуырад, фармация, стоматологи, уырыссаг филологи, информатикӕ ӕмӕ экологи.
Ног ахуыры аз Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы дзӕбӕхгӕнӕн ӕмӕ стоматологон факультеттӕм ахуыр кӕнынмӕ райсынмӕ хъавынц 120 фӕсарӕйнаг студенты. Академийы ахуыр кӕндзысты дунейы 30 паддзахадӕй (Евроцӕдисмӕ хауӕг бӕстӕтӕ Герман, Греци ӕмӕ Израил дӕр нымайгӕйӕ) ӕрбацӕуӕг фӕсивӕд.
Ног ахуыры аз Хӕххон паддзахадон аграрон университеты ахуыр кӕндзысты Африкӕйӕ, Сомих, Абхаз, Гуырдзыстон ӕмӕ Узбекистанӕй ӕрбацӕуӕг 10 фӕсарӕйнаг студенты.
Юлия Лазовская