Цæгат Ирыстоны Национ наукон библиотекæмæ æрбамбырд сты чиныгуарзджытæ, ахуыргæндтæ, студенттæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Адæмы цурмæ рахастой дыууæ ногуагъд чиныджы: «Сто имен» æмæ «История становления и развития государственности Северной Осетии».
Сæ рауагъд баст у республикæйы автономийы 100 азимæ, хъуыддаг бафæдзæхста республикæйы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет. Комитеты разамонæджы хæдивæг Габалты Мæдинæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй рæгъмæ рахастой рæстæджы стыр хай. «Терскаг республикæйæ РЦИ-Аланийы онг рахизыны рæстæг регионы, йæ адæмы хъысмæты у тынг ахсджиаг. О, дунеон æмвæзады уый афтæ ахадгæ нæ зыны, фæлæ йæ нæхæдæг æнкъарæм», — загъта комитеты сæрдары хæдивæг.
Куыд ма радзырдта, афтæмæй ирд æмæ ахадгæ арæзтæдты, социалон-экономикон æмæ культурон размæдзыды, тыхст æмæ уæззау рæстæг адæмы иудзинады, хурыскасты æмæ фидæнмæ уæндонæй цæуыны цаутæй дзаг у республикæйы истори. Уыдæттæ бабæтгæ сты Уæрæсейы Федерацийы уæндон къахдзæфтимæ.
Габалты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, нæ бон бацис национ бакаст, æвзаг æмæ традицитæ, фыдæлты фæдзæхстытæ бахъахъхъæнын. «Æппæт уыдæттæ нывыл уагыл бамбырд кодтам, чингуытæм сæ бахастам. Ацы куыстытæй комитет æмæ рауагъдад «Ир» сæрыстыр у, кæй къухвæллойæ дзаг сты, уыдонæн бузныг зæгъын», — фæбæрæг кодта Габалты Мæдинæ.
Хозиты Дзерассæ