Дзæуджыхъæуы 22-æм скъола бындурон цалцæджы фæстæ йæхи куыд равдисдзæн, уый сбæрæг проекты визуализацийы фæрцы. Дизайнерты фæндон хæстæг у классиконмæ, йæ фæлгонц аив, бирæ рухс дзы, рог конструкцитæй æххæст.
Бындурон цалцæджы управленийы кусæг Черчесты Алан куыд зæгъы, афтæмæй скъолайы ныртæккæ кæронмæ ахæццæ сты рагон арæзтытæ фехалыны куыстытæ. «Ныр бавнæлдтой цалцæг кæнынмæ, дуæртты ног блоктæ сæвæрдтой, æддаг æмæ мидæггаг къултæм базылдысты. Пъолтæ аразынц, царты каркастæ фидар кæнынц», — фæбæрæг кодта Черчесы-фырт.
Скъола сцæттæ уыдзæн иннæ аз. Дыууæ азмæ æппæт хъуыддæгтæ дæр срæвдз кæндзысты. Скъолатæ цалцæг кæнынц паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-мæ гæсгæ.
Гæлæуты Наталья