Сабитæ рæствæндаг уæнт!

0
603

 

Зæрдæвæрæны мæйы 30 бон Беслæны 4-æм рæвдауæндон «Къада»- йы уыд, ацы аз рæвдауæндонæй скъоламæ чи ацæудзæн, уыцы къорды сывæллæттæн кæронбæттæн бæрæгбон. Сæумæрайсомæй йæ кусджытæ ныййарджытимæ иумæ бацархайдтой сабиты кæрт уæлдæфон шартæй срæсугъд кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы рæвдауæндоны кæрт сæрдæй-зымæгæй у тынг аив. Ууыл архайынц кусджытæ иумæ æмæ кæртмæзилæг Галинæ НЕЗАМАЕВА. Йæ æдасдзинадæн та дзуапп дæтты ХЪУЫСАТЫ Ахболат.

Рæвдауæндон нымад у Рахизфарсы районы рагондæр рæвдауæндæттæй иуыл. Арæзт æрцыд ХХ æнусы райдайæны. Уымæ гæсгæ «Къада»-йы бахъомыл сабиты бирæ фæлтæртæ, абон дæр дзы хъуысы сæ цины кæл-кæл æмæ зарджыты зæлын.

Адæймаджы цард абарæн ис стыр цæугæдонимæ. Æвидигæ суадонау райгуыры йæ бинонты ‘хсæн, йæ туджы арф ахъары, бинонты ‘хсæн цы æгъдау уыны, уый. Дарддæр рæвдауæндоны базонгæ вæййы йе ‘мгæрттимæ, йæ фыццаг æмбæлттимæ. Сæ сабидуг куыд рæсугъд, æнгом æмæ аив уыдзæн, уыцы кары куыд сахуыр уыдзæн йæ алыварс адæмæн аргъ, хистæртæн кад кæныныл. Бинонтæй фæстæмæ уыцы бæрнон хæс æвæрд æрцæуы хъомылгæнджыты уæхсчытыл.

Фондз азы дæргъы нын рæвдауæндоны нæ хъæбулты сæхи кæстæртау цæстуарзонæй ахуыр æмæ хъомыл кодтой Тарханаты Ритæ, Тебиаты Мæдинæ, Уарзиаты Симæ æмæ Тагъзиаты Аленæ. Хъомыладон куыст стыр фыдæбойнаг у. Алчи нæ базонид æмæ нæ бафæразид йæ цард снывонд кæнын уыцы фæндагæн. Ацы хъомылгæнджытæ хайджын сты сабитæм уарзондзинадæй, фæразондзинадæй. Скъоламæ дæр сæ бацæттæ кодтой хорз æмæ сæ мах, сывæллæтты ныййарджытæ иууылдæр, стæм бузныг. Сæрмагонд арфæйы аккаг сты медицинон хо Узегаты Маринæ æмæ физкультурæйы ахуыргæнæг Саламаты Иринæ.

Сихорафон рæвдауæндоны кæртмæ куы бацæуай, уæд уайтагъддæр фындзыл цыбæлгæнæн тæф сæмбæлы. Уый хæринаггæнджытæ Тарханаты Райæ, Дзапарты Тайæ æмæ Хъæстуаты Людæ сывæллæттæн цæттæ кæнынц адджын æмæ хæрзад хæринæгтæ. Хуыздæр хойрæгтæ та афойнадыл æмбæлын кæны хæдзарадон кусæг Хуыбецты Людæ.

Уæлдай арфæйаг у, æвддæс æмæ ссæдз азæй фылдæр чи фæкуыста æмæ йæ хæлар зæрдæйæ рæзгæ фæлтæрты чи фæрæвдыдта, йæ удварны хъæздыгдзинад æнæвгъауæй чи уары адæмæн, рæдаудзинад арф уидæгтæ кæй зæрдæйы ауагъта, иу дзырдæй, стыр æвæрæн чи бахаста æрмæст рæвдауæндоны аивдзинадмæ нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны фидæны фарнмæ, уый — КуындыхатыЕдзиты Зойæ.

Ныййарджыты номæй ма мæ раарфæ кæнын фæнды Бадзиаты Аллæйæн. Нæ сабитæн нын базонын кодта мадæлон æвзаджы вазыгджын нысаниуæг, Райгуырæн бæстæйæн аргъ кæнын! Парсиаты Иринæйы руаджы нæ кæстæр фæлтæр бауарзтой ирон кафт, зарджытæ æмæ фæндыры зæлтæ. Бамбарын сын кодта, музыкæйæн царды цы стыр ахадындзинад ис, уый. Психолог Теттаты Валентинæйы урокты нæ сабитæ базыдтой хæлардзинады, æмгардзинады, æууæнк æмæ кæрæдзийæн хатыр кæныны æнкъарæнтæ.

Ранымад кусджытæн разамынд дæтты рæвдауæндоны сæргълæууæг Цæгæраты Бертæ. Сæ методист та у Берозты Тамарæ.

Рауагъдонты къорды æппæт ныййарджыты номæй се ‘ппæтæн дæр зæгъын бузныг! ÆМБАЛТЫ-КУЫНДЫХАТЫ Лерæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here