Нæ барджытæ рамбылдтой æртæ хæрзиуæджы

0
456

 

Бæхылбадыны спорты æртæдывæр хуызæй (троеборье) Уæрæсейы чемпионат цыди горæт Химкийы.

Ирыстоны барджытæ чемпионаты архайдтой фондзæй æмæ сын бантыст дыууæ бронзæ майданы рамбулын. Нæ зындгонд барæг Андрей Митин ацы хатт кæд ерысты æнæ йæ фæлтæрдджын бæх Гюрзай архайдта, уæддæр схызт æртыккаг бынатмæ.

Æртыккаг бынат бацахста Байаты Зауыр дæр йæ бæх Лидеримæ. Зауыр йæ иннæ бæх Картелимæ дыууæ хуызы фæлтæрæнты фæстæ фыццаг бынаты бæргæ цыди, фæлæ цæлхдурты сæрты гæппгæнгæйæ, йæ бæхимæ рæдыд æруагътой æмæ æнæ хæрзиуæгæй баззадысты. Хъыгагæн, нæ иннæ фæлтæрдджын барæг Гатеты Аланæйæн йæ бæх фæцæф æмæ йын фадат нал фæци ерысты архайынæн. Нæ иннæ æрыгон барджытæ Бураты Альберт æмæ Тменаты Дианæ дæр кæд призон бынæттæ нæ бацахстой, уæддæр сæхи равдыстой хъомысджынæй. Нæ барджыты тренертæ сты Хъыбызты Фердинанд æмæ Сергей Гребнев. Уыцы бонты ма хорз хабар æрбайхъуыст Канадæйæ. Нæ зындгонд барæг Тугъанты Владимир цæлхдурты сæрты гæпп кæнынæй дунеон турниры бацахста дыккаг бынат æмæ ныр йæхи цæттæ кæны дунеон чемпионатмæ.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here