Номдзыд фыссæджы юбилеймæ

0
519

Ацы аз 200 азы æххæст кæны номдзыд уырыссаг фысссæг Иван Тургеневыл. Йæ ном дунеон литературæйы стъалыйау æрттивы амæй ай курдиатджындæр фысджыты æхсæн. Йæ уацмыстæ йын стыр æхсызгонæй кæсынц дзыллæтæ куыд Уæрæсейы, афтæ фæсарæнты дæр. Тургенев бахаста, аргъгæнæг аргъ кæмæн не скæндзæн, ахæм стыр æвæрæн дунейы дзырдаивады хæзнадонмæ. Номдзыд фыссæджы юбилеймæ арфæйаг куыст бакодта РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг, ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг, профессор ТЕДТОЙТЫ Зинаидæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ ирон фысджытæ, литературæйы зиууæттæ алы азты уырыссаг æвзагæй нæ мадæлон æвзагмæ тæлмац кодтой Тургеневы прозаикон уацмыстæ. Уыдон мыхуыры цыдысты куыд газетты, журналты, афтæ хицæн æмбырдгæндты. Ахуыргонд уыцы удвæллой æрæмбырд кодта, равæрдта сæ бæлвырд уагмæ гæсгæ æмæ сæ сарæзта аив чиныг: «Иван Тургенев. Равзаргæ уацмыстæ».

Чиныг æрæджы мыхуыры рацыд ЦИПУ-йы полиграфион центры. Чиныг райдайы Тургеневы тыххæй дунейы, Уæрæсейы, Ирыстоны номдзыд литератортæ — фысджытæ, поэттæ цы хъуыдытæ загътой уыдонæй. Уæдæ чи йæ кæса, уыдонмæ къаддæр цымыдисдзинад нæ сæвзæрын кæндзæн, йæ аразæг Тедтойты Зинæ йын цы мидисджын разныхас ныффыста, уый. Уым ахуыргонд бæлвырд иртасы, ирон æвзагмæ Тургеневы уацмыстæ тæлмацгонд кæй æрцыдысты, уый иумæйагæй ирон литературæйы рæзтыл куыд сахадыдта, уыцы фарстатæ. Алы азты Тургеневы уацмыстæй ирон æвзагмæ цы прозаикон сфæлдыстадон бынтæ тæлмацгонд æрцыд, уыдонæй чиныгаразæг æмбырдгондмæ бахаста: «Хорь æмæ Калиныч», «Ермолай æмæ куыройгæсы ус», «Иукæртджын Овсянников» (Дойаты Сергейы тæлмацтæ), «Бурмистр» (Беккуызарты Валентинæйы тæлмац), «Къантор», «Бирюк», «Дыууæ помещикы» (Саламты Алиханы тæлмацтæ), «Бежы уыгæрдæн» (Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац), «Æртæ фембæлды» (Богазты Умары тæлмац), прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ (Дзанайты Иваны тæлмац), «Ася» (Дзасохты Музаферы тæлмац), «Царды æгъдау», «Ду никкудтæ», «Уарзтмæ фæндаг», «Зæронд уосæ», «Куй», «Зæронд лæг», «Исон! Исон! Исон!» (Хохойты Энверы тæлмацтæ), «Уырыссаг æвзаг» (Гуытъиаты Хъазыбеджы тæлмац).

Чиныджы редактор æмæ корректор у Будайты Милуся. Йæ тираж 300 экземпляры. Хорз ахъаз у филологтæн, æвзагиртасджытæн, тæлмац кæныны фарстатæ цымыдис кæй кæнынц, æппæт уыдонæн, ахуыргæнджытæн, студенттæн æмæ скъоладзаутæн.

ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here