Сæ хуыздæртæй уыд Дзиойты Мухтар

0
677

1923 азы 14 мартъийы ирон газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр хъæутæм куы райстой, уæд ын бирæ рæтты куывдтæ кæй скодтой, уый абон дæр зындгонд у. Уæдæ дзы чи куыста, чи йæм фыста, уыдон дæр ирон адæмы цæсты кадджын уыдысты. Уымæн æмæ семæ ныхас кодтой сæ мадæлон æвзагыл. Уымæй дæр рæсугъд, нуарджын, фæлгонцджын ирон æвзагыл, зæрдæйыл чи æмбæлд, зонды чи агайдта, ахæмыл. Хаста сæм сæ царды ахсджиаг фарстатыл бæстон ныхас, се сгуыхтдзинæдтæ, бæстæйы æмæ дунейы хабæрттæ.

«Рæстдзинад»-ы кусджытæн уыцы хъуыддаджы се ‘нцой уыдысты, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсæнадон уацхæсджытæ. Уыдон æм сæ кæмтты, хъæуты сагъæстæ, хорз хабæрттæ фыстой Ирыстоны алы рæттæй. Уæлдай кадджындæр бынаты йын æвæрд уыдысты хъæууон уацхæсджытæ. Æз хорз хъуыды кæнын, ивгъуыд æнусы æвдайæм, æстайæм азты газет «Рæстдзинад»-ы уæды редактор Хъаныхъуаты Валодя æхсæнадон уацхæсджытыл куыд иузæрдион уыд, уый. Афæдз сæ разæнгарддæрты дыууææртæ хатты хуыдта редакцимæ. Æхсызгон фембæлд сын-иу уыд редакцийы кусджытимæ. Иумæиу æрдзырдтой цавæр темæтыл сын у фысгæ, цы ахсджиаг фарстатæ-иу хъуамæ систаиккой газеты фæрстыл. Стæй сæ-иу æнæрæвдыд æмæ æнæ сбуц кæнгæйæ нæ ауагъта редактор.

Иу ахæм фембæлды базонгæ дæн Заманхъулæй нæ æхсæнадон уацхæссæг Дзиойты Мухтаримæ. Фембæлды раздæр иумæйаг ныхас цыд редакторы кабинеты, стæй сæ хайæдты кусджытимæ куы зонгæ кодтой, уæд нын культурæйы хайады Цæгæраты Гигоимæ йемæ ныхас ацайдагъ. Йæ æргом æмæ хæлар уагæй нæ уайтагъд йæхимæ аздæхта. Æмæ ма нæм æгæр дæр афæстиат, агурæг дæр ма йæм æрбацыдысты.

Дзиойты Мухтар нын нæ зæрдæтæ балхæдта йæ æрдзон удыхъæд æмæ зондахастæй. Æрдз куыд хуымæтæг æмæ рæдау у, ахæм хуымæтæг æмæ рæдау зæрдæ у зæхкусæг дæр. Хæрам æмæ фæлитой митæ йæ фæсонæрхæджы дæр не сты.

Ахæмæй базыдтам Мухтары, æмæ нæм-иу арæх рауад йæ кой. Ноджы æввахсдæр та йæ нæ зæрдæтæм айстам, газетмæ ныффыссыны тыххæй йын цы хæстæ бакодтам, уыдон куы сæххæст кодта, уæд. Уæдæ уый куыд бирæ уарзта йæ хъæубæстæ, рæстаг адæмы æмæ фæллойгæнæджы. Иу фембæлдæй иннæ фембæлдмæ йыл-иу уыдыстæм ноджы иузæрдиондæр. Уымæн цы йæ фыстæй, цы йæ ныхасæй адæймагмæ цыд рæстæй цæрыны æнкъарæн, æнæ фыдæбонæй царды кæй ницы ис, æнæ уымæй кæй нæ фидауы, адæймаг æй кæй нæ æнкъары, уый.

Мухтар газет «Рæстдзинад»-æн уыд нæ редактор Хъаныхъуаты Валодя нæ арæх цы хъуыддагæй фæдзæхста, уый аккаг уæлдайджынтæй. Дзырдта-иу нын: кæсут æмæ архайут, газетмæ чи фыссы æмæ кæуыл фыссы, уыдон «Рæстдзинад»-ы аккаг сты се ‘гъдауæй, сæ архайдæй, адæм сын цы аргъ кæнынц, уымæй? Мухтар сæрæй къæхты бынмæ уыд рæстаг лæг, æгъдауджын. Уæдæ йæ куысты та чи æмбылдта. Хыгъдхæссæгæй колхозы сæрдары бынатмæ хуымæтæджы не схызт. Уый размæ та уал уыдис звенойы разамонæг, бригадир, бухгалтер, экономист, агроном, сæйраг агроном. Йæ царды уыцы хъазуатон азты ма газет «Рæстдзинад»-ы хуыздæр æхсæнадон уацхæсджытæй дæр иу. Фæндыд æй, йæ фарсмæ æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, йæ хидкалгæ чи кусы, царды сой кæй къухтæй тæдзы, уыдоны йæхæдæг куыд зоны æмæ сыл цин кæна, афтæ сæ куы зониккой æппæт ирон адæм дæр.

Дзиойты Мухтары хуызæн адæймаг, иннæ адæмы рисыл чи риссы, сæ цинæй йæ зæрдæ кæмæн райы, уыдон мыдадзын цырæгътæй уæлдай не сты. Судзынц, цард рухс кæнынц сæ уды хъомысæй æмæ сыгъд фæвæййынц. Мухтарæн дæр цалынмæ йæ зæрдæ рад йæ хъæубæсты, сæ колхозы æнтыстдзинæдтæй, уæдмæ йæ ныфс нæ саст æмæ нæ фæллад, нæ тыхст. Фæлæ ацы æнæхайы рацарæзт куы райдыдта, адæмы хорз хъуыддæгтæ — фидæнаразæн хъуыддæгтæ цъысымы куы бахаудтой, уæд уый дæр фæцудыдта. Ноджы йын уыцы азты Заманхъулы кæддæры нæргæ колхоз йæ бар бакодтой, æмæ ма йæ уыцы фыдуавæрты йæ къахыл слæууын кæнæн уыд!?

Уыцы азты дæр нæм иуахæмы «Рæстдзинад»-мæ æрбауад. Уæлæ санатори «Осетия»-йы вæййын, зæгъгæ, загъта, ме ‘нæниздзинад йæ уагыл нал у, æмæ мæ мæ бинонтæ тыхæй ардæм рарвыстой, дæ фæллад, дам, суадз, де ‘нæниздзинадмæ фæкæс, куыст никæдæм алидздзæн. Зæрдæбын ныхас нын ацайдагъ йемæ мæ кабинеты. Уæд редакторы хæдивæг уыдтæн, æмæ йæ тынг тыхсын кодта «Рæстдзинад»-ы уавæр дæр. Фæлæ фылдæр йæ сагъæстæ уыдысты сæ хъæуыл, сæ колхозыл, царды ног уавæртыл, лыггæнинаг ахсджиаг фарстатыл. Уæдæ уый куыд бирæ уарзта йæ райгуырæн хъæу Заманхъулы, йæ хъæубæстæ!

Раздæры царды, куысты уавæртæм-иу ныхас куы рахызт, уæд-иу йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, йæ цæсгом-иу ныррухс раздæрау. Æмæ-иу хъазæн ныхæстыл ахæцыд. Йæ заманхъуйлаг цыргъ æмæ хъæлдзæг хабæрттæн та æмбал нæ уыд. Уымæй сæ кодта бæлвырд адæймæгты номæй-номмæ дзургæйæ. Ахæм ныхæстæм æнæфæхудгæ чи фæлæууыдаид.

«Ацы адæймаджы царды ницавæр зын уавæртæ басæтдзысты», — ахæм фидар хъуыдыимæ нæ ацыд санатори «Осетия»-мæ. Цæмæй зыдтам йæ ныфс куыд фидар уыд, йе ‘нæниздзинад ахæм нæ уыд. Æмæ нæм цардæй йæ ацыды хабар куы сæхъуыст, уæд ыл тынг фæхъыг кодтам. Нæ хъыг, нæ зæрдæты ахаст æм, уый фæдыл фыст æрмæджы газеты равдыстам.

Цардбæллон уыд Дзиойты Мухтар, размæ тырнаг. Кæд цардæй æгæр раджы ахицæн, уæддæр ын æнтысгæ бирæ бакодта. Уал хъæбулы схъомыл кæн, царды раст фæндагмæ сæ ракæнын, æрмæст уый дæр стыр хъуыддаг у! Уыдон ын йæ ном зæды номау сæ зæрдыл дарынц, дæлæмæ йын нæ уадзынц йæ кад, йæ намыс. Æмæ сыл хæрзмæ аудæд.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here